Къостайыхъæуы хъæууон администрацимæ хауынц Къостайыхъæу, Ход, Тыбылтæ, Къроз, Дурджын, Багатæ, Цъæриттæ æмæ Медойты хъæутæ. Цæрджыты иумиаг нымæц 1108 адæймаджы. Кæд сæ нымæц афтæ бирæ нæу, уæддæр зæрдæйæн æхсызгон у, ноггуырдты нымæц азæй азмæ кæй фылдæр кæны. Ацæугæ азы ноггуырды фæзындыл бацин кодтой 8 бинонтæ.

Администрацийы ног сæргълæууæгæй ныр дыккаг аз кусы бынæттон нæлгоймаг Бигъуылаты Олег. Ацы бынатмæ кандидаттæй уыдысты цалдæр адæймаджы, уыдæнæй фылдæр хъæлæстæ чи æрæмбырд  кодта, уый разынд Бигъуылайы фырт. Кæй зæгъын æй хъæуы, иугæр дыл адæм баууæндыдысты, се ууæнк дыл бафтыдтой, уæд хъуамæ банкъарай фылдæр бæрндзинад æмæ гæнæн æмæ амал уæвгæйæ, архайай сæ фарстатæм сын лæмбынæг хъусдард здахын æмæ сæ скъуыддзаг кæнынмæ.Раст у, администраци æрмæст иунæгæй ницы бакæндзæн, кæддæриддæр дæ фарсмæ хъуамæ уой цæрджытæ сæхæдæг дæр. Уый та къухты бафтдзæн иумиаг æвзаг ссарыны фæрцы.

Уый уал фæбæрæг йæ куысты фыццаг бонты. Цæрджытæн æнцойад нæ лæвæрдта, хъæуы уæлмæрд æнæркаст кæй уыд уый æмæ уæд ног разамонæджы хъæппæрисы фарс рахæцыдысты адæм, уæлдайдæр та – фæсивæд. Уыдон цалдæр хатты рацыдысты зиумæ æмæ йæ æркодтой фæткмæ, ралыг  кодтой, цы уæлдай бæлæстæ æмæ къу-тæртæ дзы уыд, уыдон. Уый фæстæ та батыхст,  цæрджытæ рагæй фæстæмæ нуазыны доны тыххæй цы зындзинæдтæ æвзæрстой, уый аскъуыддзаг кæныныл дæр. Бынæттон цæрæгæй хуыздæр чи хъуамæ зона фарст æрбæстон кæныны амæлттæ, бабæрæг кодта доны гуырæн æмæ йæ фæндон бамбарын кодта районы цæрæнуатон коммуналон хæдзарады разамонæгæн. Хæдзарады кусджытæ æрбацыдысты бынатмæ, федтой доны гуырæн æмæ йыл райдыдтой кусын йæ рауадзыныл. Цыбыр рæстæгмæ Тихреуæй æрбауагътой нуазыны дон хъæуы иумиаг резервуармæ æмæ уырдыгæй та радгай фæцæуы хъæуы хицæн уынгтæм. Ахæм хорз хъæппæрис равдисын коммуналон хæдзарады æнæзæрдæхудт куысты фæрцы цæрджытæн фæрогдæр доны фарста. Фæлæ æрмæст ууыл не ‘рлæу-дзысты уæлдæр ранымадгонд кусдытæ, сæ зæрды ис, Тулдзы къохæй доны æндæр хахх дæр æрбауадзын.Ноджы ма: цæрджытæн фыдæлтæй фæстæмæ йæ лæггады хай кæны, йæ гъæдмæ гæсгæ иттæг хорз чи у, уыцы суадон. Уымæ рагæй нал ис æмбæлон æркаст. Уый дæр æнæхъусдардæй нæ ныууадздзæн бынæттон администраци æмæ ацы аз хъуамæ æрцæуа бындурон цалцæг. Нæ республикæйы фыццаг Президент Цыбырты Людвигы фæндонмæ гæсгæ хъæуы уынгтæн лæвæрд æрцыд, ирон аивадон литературæ, Стыр Фыдыбæстæйон хæст æмæ хъæууон хæдзарады раз йæ радтæг адæмæн кад æмæ ном чи скодта, уыцы номдзыд адæймæгты нæмттæ. Фæлæ рæстæджы цыдимæ хæдзæрттыл цы трафареттæ конд уыд, уыдон базæронд сты, иутæн та сæ фыстытæ зынгæ дæр нал кæнынц. Ацы фарстамæ дæр æркастæуыдзæн æмæ уыдон сног кæныныл дæр бакуыстæуыдзæн.

Цалдæр азы размæ дæр ма уынгты æхсæвыгон талынджы адæм тыхстысты. Уавæр бахынцыд æрцыд æмæ цалдæр уынджы æхсæвыгон судзынц рухсытæ. Фæлæ алы уынджы уавæр афтæ нæу, администраци бацархайдзæн рухсы плафонтæ баивыныл. Зæгъын хъæуы, ахæм плафонтæ уал фæйнæ дыууæ сæвæрдтой Ход æмæ Тыбылтыхъæуы.

Администрацийы хъæуты ис  40 мыггагæй фылдæр æмæ цæрынц хъæрмуд æмæ кæрæдзи уарзгæйæ. Абоны зын уавæрты кæд сæ царды уавæртæ æрбакъуындæг сты, уæддæр сæ фылдæр хай кæнынц фосдард æмæ зæххы куыст, иутæ та архайынц фермерон хæдзарадты. Ахæмты нымæцмæ хауынц Хъабанты Хъазбег, Мæлдзыгаты Ирбег, Хуыбиаты Гамлет, Батрадз, Джиоты Ацæмæз, Цхуырбаты Лев æмæ æндæртæ.

Зæгъын æмбæлы культурон-рухсадон куысты тыххæй дæр. Къостайыхъæуы астæуккаг скъола ифтонг у, йæ хъуыддаг хорз чи зоны, сæ зонындзинæдтæ рæзгæ фæлтæрæн цæстуарзонæй чи хæлар кæны, ахæм цæттæ кадртæй. Ам ахуыр-хъомыладон куыстæй нæй рахъастгæнæн. Уымæй дарддæр дзы ис сывæллæтты рæвдауæндон, скъоладзаутæ æрвылбон дæр бахæрынц хъарм æмæ хæрзгъæд хæринаг. Хорз æххæст кæны йæ куыст хъæууон амбулатори. Дохтыр Майсурадзе Мананæ у йæ хъуыддаджы дæсны, кæддæриддæр æххуысмæ фæзыны йæ бæрны уæвæг рынчынтæм. Ахæм цæсгомджын куыст кæнынц медицинон хотæ дæр. Бынæттон Культурæйы хæдзары (йæ директор Мамиты Дзерассæ) архайынц кафджытæ æмæ зарæггæнджыты къордтæ. Йæ куыстыл иузæрдион у Лолоты Дуня æмæ цæрджытæн концерттæ равдисынц бæрæгбонты рæстæджы.

Ахæм у цыбыртæй Къостайыхъæууон администрацийы куыст æмæ архайд, ис зæрдæдарæн, дарддæр йæ къухты ноджы хуыздæр æнтыстытæ кæй бафтдзæн.

                               ХУЫБИАТЫ Никъала 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.