КОКАЙТЫ ТОТРАДЗЫ РАЙГУЫРДЫЛ СÆХХÆСТ 75 АЗЫ

  Ирыстоны адæмон поэт, нывгæнæг, драматург, тæлмацгæнæг, Уæрæсейы Федерацийы Фысджыты цæдисы уæнг, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат, РЦИ æмæ РХИ-йы аивæдты сгуыхт архайæг, Хуссар Ирыстоны Паддзахады Гимны автор, æппынфæстаг, æцæг ирон уæздан, æгъдау æмæ кадылмард лæппу – адон, æмткæй райсгæйæ, сты кæй кой ракæнинаг дæн, ирон литературæйæн уæхскуæзæй чи фæлæггад кодта, журнал «Мах ду-джы» бæрнон секретарь уæвгæйæ, национ рауагъдад «Ир»-ы сæйраг редакторы куыст кæнгæйæ, ирон зарæг тæккæ бæрзонддæр уæлвæзадмæ чи систа, уыцы куырыхон сахъ лæг Кокайты Тотрадз Аврамы фырты биографийы æвдисæнтæ.

Абон, йæ 75 азы сæрты афæлгæсгæйæ, фæсмонгонд нæу нæ поэт: хъæздыг бынтæ самадта литературæйы къæбицы. Йе сфæлдыстад арвы хъугæй бæрæгдæр дары ирон поэзийы. Йе ‘мдзæвгæтæ, йæ поэмæтæ, йæ дæсны армæй цы æвиллон тæлмацтæ рацыд, уыдон сæ хæрзхъæддзинадæй, сæ уырыссаг оригиналтимæ сæ æрæмных кæнгæйæ, сæ  иухуызондзинадæй, кæмдæр та ноджы арæхстджындæрæй, адæймаджы сæ уацары райсынц æмæ йæ ахæссынц рагзамантæм уæртæ поэзийы дæснытæ Уильям Шекспир æмæ Микеланджело Буонароти кæм сфæлдыстой се ‘нæмæлгæ уацмыстæ, уыцы дунемæ. Уыцы æвæджиауы тæлмацтæй, зынаргъ газеткæсæджы размæ хæссын, мæ зæрдæмæ дзы арфдæр кæй айстон, уый – Шекспиры 82-æм сонет.

Мæ Музæ дын нæ басгуыхт никуы уарзон,

Уыди дæ тæрхон алы хатт дæр карз.

Лæвæрттæ дын æндæр поэттæ хастой

Æмæ дыл хъардтой адæргæй сæ уарзт.

Æгæр-мæгуыр, мæ сонеты нæ разынд

Дæ фидар зонд, дæ конд æмæ дæ уынд,

Æндæр фыстытæ базыдтай ды уарзын

Уым агурыс дæ хуыздæр фæлгонц ды.

Дæ уарзæттæн сæ фæндтæ уæнт сæхи бар,

Фæлæ рæхджы куы нал хъуыса сæ хъæр, –

Æмбардзынæ мæ зарæджы сæрибар, –

Кæй уыд фæлмæндæр, адджындæр, хуыздæр.

Хъæуы мæнгуды ахорæнты тых,

Дæ туг та у æнæ уымæй дæр сырх.

Уæлдæр загътон, Тотрадзы тæлмацтæй кæцыдæртæ сæ уырыссаг варианттæй бæлвырддæр, аивдæр сты, зæгъгæ. Мæ ныхас мæ фæнды бафидар кæнын иу дæнцæгæй. Абарæм ацы сонеты фыццаг строфатæ:

Не обручен ты с Музою моей,

И часто снисходителен твой суд.

Когда тебе поэты наших дней

Красноречиво посвящают труд.

Критик нæ дæн, фæлæ мæм цыдæр зонæнтæ фæхæццæ мæ даргърæстæг куысты ирон литературæйы уæрæх къабæзты.

Мæнмæ гæсгæ дыккаг æмæ цыппæрæм стихты рифмæтæ тыхконд æмæ æцæгæлон сты: суд/труд. Æркæсæм Тотрадзы тæлмацмæ:

Уыди дæ тæрхон алыхатт дæр карз.

Лæвæрттæ дын æндæр поэттæ хастой

………………………………………….

Æмæ дыл хъардтой адæргæ сæ уарзт.

Лæг хъуамæ раст зæгъа: ам Кокайты-фырт дæсныдæр разынд йæ уырыссаг æмсис талмацгæнæгæй. Мæнæ куыд зæгъы Тотрадз йæ сонетты чиныджы бацæуæн ныхасы: «Æцæг аивадæн ис райдайæн, фæлæ йын нæй кæрон. Уымæн æвидигæ сты, Шекспиры, Микеланджелойы сисы бынæй цы цыкурайы фæрдгуытæ-сонеттæ рацыд, уыдон.

Азтæ азты фæдыл тæхынц, æнус æнусы ивы, æрмæст нæ ивы адæймаджы удыконд: уый уарзы, хъыг кæны, кæуы йæ сæфт амондыл, æууæнды рухс фидæныл». Уымæн æвдисæн сты, Тотрадз цы лирикон æмдзæвгæтæ, сонеттæ снывæста, уыдон. Иу удæй йæ æз нымайын нырыккон поэзийы тæккæ курдиатджындæр поэтыл, лирикыл – иронау зæгъгæйæ та, зæрдæйы хатт æргомгæнæг поэтыл. Афтæ дæсны афтæ аив, уырзæй сгаргæ, ризгæ агайы зæрдæйы тæгтæ, æмæ сæм «æнæ фæкæугæ, æнæ фæхудгæ» ничи фæлæудзæн.

Нæ дын кувын бæрзондылбадæг зæд,

Дæхицæн уадз дæ ном, дæ цыт, дæ намыс.

Лæджы зæрдæ æнæуынгæ рæвдауыс,

Уæддæр дыл æз нæ хъардзынæн мæ фæнд.

……………………………………………………….

Фæлæ ды – зæд, зæххыл цæрæг дæн æз.

Æмвæндаг не стæм, не стæм мах æмсæртæ,

Уæдæ ма уæд цы ныккарзы мæ зæрдæ?

Кæд рагбонты цъæх аргъауы æрвгъуыз

Æнæбæрæгæй цæстытыл фæуайы

Æмæ та мæ мæ ивгъуыд бонтæм сайы?..

Кокайты-фырты лирикон уацмыстæй дæлдæр нæ лæууы йæ патриотон поэзи. Зæххыæнкъуыстау æм фæкаст Горбачевы рацарæзты дуг, адæмтæ кæрæдзимæ топпы кæсæнтæй кæй акастысты, уый. Дыууæ Ирыстоны æвирхъау цаутæ йын нырризын кодтой йæ зæрдæ, æмæ йæ маст, йæ хъыг урс сыфтыл сау дамгъæтæй анхъæвзта.

Цхинвал. 08.2008

Хæсты сау цалх тулы Иры зæххыл абон,

Иры зæххыл абон бабын ис нæ амонд.

Бабын ис нæ амонд –

                   Зымæг нæ æрсырдта,

Зымæг нæ æрсырдта, –

                   Марынц нæ лæгсырдтæ,

Марынц нæ лæгсырдтæ –

                   Туджы зæйтæ уадзынц,

Туджы зæйтæ уадзынц –

                   Дойныйæн сæ нуазынц…

Иры зæххыл абон хæсты сау цалх тулы,

Хæсты сау цалх тулы –

                   Сау калм нæм лæбуры

Сау калм нæм лæбуры –

                   Сау фæндтæ нын уафы,

Сау фæндтæ нын уафы –

                   Марынмæ нæ хъавы,

Марынмæ нæ хъавы

                   Судзы нын нæ хæдзар,

Судзы нын нæ хæдзар –

                   Не ‘вварс чи фæхæца?!

Ир! Мæ Ир, ныдздзыназ!

                   Дзыхъхъы лæуд кæд уыдтæ?

Дзыхъхъы лæуд кæд уыдтæ! –

                   Ахъæр кæн дæ фырттæм,

Ахъæр кæн дæ фырттæм –

                   Базоной сæ марæг,

Базоной сæ марæг –

                   Сисой тохы зарæг! –

Уадз фыдгул æмбара: Райгуырæны номыл

Иры ‘хсарæй хаст гуырд амæлын дæр зоны…

Ацы жанры уацмысты ‘хсæн тæккæ кадджындæр, Тотрадзы сфæлдыстады ахсджиагдæр у, Республикæ Хуссар Ирыстонæн цы Гимн ныффыста, уый. Цæвиттон хъуыддаг рауади афтæ. Президент Галазы-фырты уынаффæйæ Ирыстоны хицауад снысан кодта къамис, цæмæй республикæйы Гимн æрхъуыды кæнынмæ конкурс сараза. Конкурсы архайдтой Иры зынгæдæр, курдиатджындæр поэттæ æмæ композитортæ Джыккайты Шамил, Ходы Камал, Кокайты Тотрадз, Махъоты Ацæмæз, Æлборты Феликс æмæ иннæтæ. Къамис хуыздæрыл банымадта Ходы Камалы ныхæстæ æмæ Махъойы-фырты мелодии, æмæ, абон æрвылрайсом цы Кады зарæг – Гимн хъусæм, уый фидаргонд æрцыд.

Уый хæдфæстæ Хуссар Иры дæр бафæндыд сæхи Гимн саразын (мæ хъуыдымæ гæсгæ, уый тынг раст уынаффæ уыд, абоны политикон уавæры цы ивддзинæдтæ æрцыд, Хуссар Ирыстон хæдбар паддзахад Алани куы сси, уый хынцгæйæ Хуссары хицауады зæрдæмæ тынг бацыд Тотрадз æмæ Феликсы уацмыс æмæ йæ ныффидар кодтой куыд сæ паддзахады сæйраг символ. Уый нæ фæлæ авторты схорзæхджын кодтой паддзахадон хæрзиуджытæй: Кокайы-фыртæн лæвæрд æрцыд Александр Невскийы зæрдылдарæн майдан (Фыдыбæстæ хъахъхъæнæг, зæгъгæ), фæстæдæр та Намысы орден.

ХУССАР ИРЫСТОНЫ ГИМН

Уарзон Ирыстон! Дæ номы кадæн

Лæууæм цырагъау мах уырдыг,

Ды дæ нæ уарзты æнусон авдæн,

Ды – нæ цин æмæ хъыг!

Фæхæрæм мах дæ зæххæй ард,

Дæ ном дын исæм бæрзонд,

Удуæлдай дын кæнæм лæггад,

Дæуæн у нæ цард нывонд!

Уæ, Стыр Хуыцау! Дæ хорзæх, Дæ арфæ –

Иры Уæзæгæн Ды цардамонд ратт!

Уæззау уыд дæ ивгъуыд Иры бæстæ

Зылди дæ фæдыл сау фыдох

Фæлæ-иу уæддæр дæ фарны растæй

Кодтой дæ зынтæ рох.

Царды рухсмæ æдзух цыдтæ

Фыдбонты нæ саст дæ ныфс.

Сæрибарзонд алкæддæр уыдтæ

Æргомæй размæ цæуыс!

Уæ, Уастырджи! Дæ хорзæх, Дæ арфæ –

Иры дзыллæйæн фæндагамонд ратт!

Фыдæлты æрдзæрæн Иры уæзæг

Зæрдæйы тæгтæ дæ нывæст.

Ацы дунейы нын масты уæзæй

Ма у дих æмæ уæрст.

Дугæй дугмæ нæрæд дæ ном,

Бæрзонддæр кæнæд дæ кад

Дæ ныфсæй мах цæрæм æнгом

Дæ фæрцы рухс у нæ цард!

Уæ, бæсты фарн! Дæ хорзæх, Дæ арфæ

Нæ уарзон Ирæн ды-иу амонд ратт!

Ном æмæ йын кад!

Зæгъинæгтæ бирæ поэты цард æмæ сфæлдыстадыл фæлгæсгæйæ, фæлæ уавæр – амонæг. Стæй йæ уæлдæр куы загътон литературæ иртасынмæ уа дæсны нæ дæн. Фæлæ, Кокайы-фырты хуызæн курдиатджын, «аив дзырды бардуаджы» тыххæй мæ хъуыды зæгъон, уый мæ фæндыд æмæ уымæн бацыдтæн ацы ныхасы. Уæлдайдæр та ахæм юбилейы фæдыл. Æнусмæ дæ бирæ нал хъæуы Тотрадз æмæ дын мæ зæрдæ зæгъы, цæмæй уыцы уаз хохы цъуппæй сæрæгасæй ракæсай. Адæмы уарзон поэт дæ æвæджиауы зарджыты автор басгуыхтæ, æмæ дын æнхъæлмæ кæсæм дæ ног æмæ ног уацмыстæм. Фыдæлтæ дзырдтой, зæгъгæ, дам, Хуыцауы хорзæх æмæ адæмы хорзæхæй уæлдай нæй, æмæ дæ сæ дыууæты хорзæх дæр уæд.

Литературæйы абон дæр сæвджын къахдзæфтæ кæныс æмæ

«Цыма та æрыхъал дæ рагбонты фын»,

Уыйау «паэзийы ронгæй» у æфсæст, дæ къухы æфтæд ноджы стырдæр уæлахизтæ.

Цæрæкты Аллæ,

«Иры»-ы редактор

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.