Зынаргъ редакци, зонын æй, ацы проблемæйыл уæхæдæг дæр бирæ хæттыты фыстат æмæ мæ цæсгом нæ хъæцы радон хатт ма йыл æз дæр ныффыссон, фæлæ проблемæ скъуыддзаг куынæ æрцæуы, уæд ыл фыссын нæ, фæлæ фæдисы дзæнгæрджытæ цæгъдын хъæуы, уæлдайдæр та æз цы проблемæйы кой ракæнынмæ хъавын, уый.

Нæ горæты уынгтæ хæрзарæзт кæй цæуынц, уый алчи дæр уыны æмæ йыл цин кæны. Уынгты светофортæ æвæрд кæй æрцыд æмæ сæ цурты та фистæгæй цæуджытæн ахизынæн фæндагыл «зебра»-тæ нывгонд кæй æрцыдысты, уый дæр кæуылты хорз хъуыддаг у. О, фæлæ… Стыр хъыгагæн, нæ шофыртæ афтæ тынг фæтагъд кæнынц, æмæ «зебра»-йы раз нæ, фæлæ светофорæй дæр ахизынц, ахæццæ вæййынц фæндаджы æмбис-мæ, цалдæр метр фæстæдæр æруромын дæр тынг зын хъуыддагыл нымайынц.

Æрæджы райсомæй куыстмæ фæцæйцыдтæн. Фæндагмæ куы фæцæйхæццæ кодтон, уæд мæ иу ас сылгоймаг æрбаййæфта æмæ мын афтæ зæгъы:

— Амæйразмæ дзулфыцæн комбинаты раз автоаварийы дыууæ сылгоймаджы куы бабын сты, уæдæй фæстæмæ нал уæндын иунæгæй фæндагыл ахизын. Банхъæлмæ кæсын æмæ исчи куы фæзыны, уæд уыимæ ацæуын. Æниу тæрсгæ дæр цæмæй кæнын, мæрдтæм фæн-даг æз нæ айгæрддзынæн, фæлæ мæн тыххæй шофыр дæр фыдбылызы куы бахауа, ууыл тынгдæр тыхсын. Мæхæдæг та рæстмæ нæ уынын æмæ уый фæстиуæгæн светофоры хуызтæ нæ февзарын.

Светофоры цурмæ куы бахæццæ стæм, уæд нын ахизæн нæ уыд, уымæн æмæ машинæты цæуыны рад уыд, стæй уыдонæн сырх рухс куы ссыгъд, уæддæр шофыртæ сæ машинæты афтæ æрурæдтой, æмæ та нын уæддæр ахизæн нал уыд. Æнхъæлмæ кастыстæм, цалынмæ машинæтæн цъæх рухс ссудза, махæн та — сырх, уæдмæ. Афтæмæй куыддæрты рахызтыстæм фæндаджы иннæ фарсмæ, фæндагыл цæуыны фæтк фехалгæйæ. Æниу — цæй фæтк æмæ цæй цыдæр. Æвæццæгæн, фæндæгтыл машинæ скъæрыны фæтк фыст æрмæстдæр машинæты тыххæй у, фистæгæй цæуджытыл хъуыды дæр ничи акæны, афтæмæй хæлд цæуынц сæ бартæ, æндæра ма цас ахорæн бахардз уыдаид, «зебра»-йы раз цæхгæрмæ иу хахх куы ачындæуыдаид, уæд, цæмæй машинæтæн светофоры сырх рухс куы ссудзы, уæд уыцы хаххæй раздæр ма хизой. Уымæй фæндагыл цæуыны фæтк дæр æмæ фистæгæй цæуджыты бартæ нæ цæуиккой хæлд æмæ автоавариты нымæц дæр къаддæр уаид. Æниу шофыртæ «зебра» кæм нæ уынынц, уым ма сын уыцы хахх дæр цы ныхдур уыдзæн, фæлæ йæ саразын хъæуы, уымæн æмæ уыцы хахх дæр æнæмæнгхъæуæг у. Æмбæлон рæстæджы уыцы хаххæй цы машинæ рахиза, уый та хъæуы ивар кæнын. Æниу сæ ивар дæр чи хъуамæ фæкæна, кæд æмæ фенæн вæййы, «пъагонджын шофыртæ» дæр фæндагыл цæуыны фæтк куыд халынц, уымæн. Ацы проблемæ та у актуалон æмæ йæ хъæуы æнæмæнг æрбæстон кæнын.

Ныфс мæ ис, ацы уац бакæсдзысты автоинспекцийы кусджытæ æмæ дзы хатдзæгтæ сараздзысты.

Тедеты И.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.