Мæ хо Настяйæн, йæ 87 азы йæхирдыгæй фесты. У куысты ветеран. Цæры Цхинвалы Революцийы уынджы 46-æм хисæрмагонд хæдзары. Йæ цардæмбал, дзæнæттаг Давитян Валодяимæ цы дыууæуæладзыгон хæдзар сарæзтой, уым цардысты фæрнæй. Фæлæ домбай Советон Цæдис куы ныппырх, уæд рæстæг сызмæст, цард схæццæ. Дыууын азы бæрц хæстон уавæрты цæргæйæ, цы хъизæмæрттæ бавзæрстам, уыдон нæ никуы ферох уыдзысты, уæлдайдæр та – 2008 азы хæсты бонтæ.

Уыцы тугкалæн хæсты Настя, сыхæгтæ, зæрæдтæ æмæ сывæллæттимæ ныккæнды дзынæзтой. Нæмгуыты, снарядты гуыппытæй, зæхх æнкъуыст, хæдзар рызт. Хæдзары рудзгуытæ нызгъæлæнтæ сты, йе ‘мбæрзт ныссыхырна ис. Къæвда рæстæджыты, тастæ, ведратæ, уæлхæдзармæ хæссынæй рафтыдис сылгоймаг.

«Кæдæм нал бахъаст кодтон, мæ тыхст уавæры тыххæй куырдиат кæдæм нал балæвæрдтон, уæлдæрлæууæг органтæм, иу ахæм инстанци нал баззад. Къамис-иу бæргæ æрбарвыстой, фæлæ-иу ныфсæвæрæн сур ныхæстæ æмæ дзуаппытæй дарддæр хъуыддаг не ‘нкъуыст йæ бынатæй. Мæнæн та маст æмæ мæтæй, мæ зæрдæйы рыст тынгæй-тынгдæр кодта. Цы мæ бон уыд, мæ пенсийæ цы хъуамæ сарæзтаин», – æрымысы йæ ивгъуыд хабæрттæ Настя.

Куы фехъуыста, Президенты хъæппæрисæй парти Иууон Ирыстоны æххуысы фæрцы аразынц пырх хæдзæртты æмбæрзтытæ, уæд æм Настя куырдиат балæвæрдта. Æмæ ног азы хæдразмæ йæ зæрдæ барухс, йæ хъизæмæрттæн кæрон æрцыд. Цыбыр рæстæгмæ Гæззаты Олегы бригад хæдзары агъуыст профнастилæй бамбæрзтой.

Рынчын, кардзыд сылгоймагмæ, цал хатты бацæуын, уал хатты мын зæгъы, ацы хæрзиуæгон хъуыддаг мын кæй фæрцы сырæзт, уый нæ Президент Бибылты Анатоли у, æмæ мæ фæнды раарфæ йын кæнон. Мæ зæрдæ мын кæй барухс кодта, мæ мæтæй мæ кæй фервæзын кодта, фæкæсынхъуаг адæмæн кæй æххуыс кæны, уый тыххæй.

Æнæниз, амондджынæй бирæ фæцæрæт. Бæрнон бынаты кусгæйæ йын ноджыдæр бантысæт адæмы хæрзиуæгæн бирæ хорз хъуыддæгтæ саразын! Уыдон сты Настяйы арфæтæ æмæ йыл дывæрæй æрцæуæт!

Чехойты Вася

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.