Ирон æвзаг, нæ фыдæлты хæзна, у тынг рагон æмæ хъæздыг. Æнусæй æнусмæ алы рæтты цæугæйæ ирон адæмæн уыди бирæ алыхуызон сыхæгтæ. Уымæ гæсгæ не ’взаг у бирæвæрсыг, къабазджын. Ирон æвзаг у, зæххы къорийыл рагондæр цы фондз æвзаджы ис, уыдонæй иу.

Æвзаг у адæмы хъуыдыйы хотых, мадзал, культурæйы хæзнаты цыртдзæвæн. Æвзаг цас хъæздыгдæр уа, цас хуыздæр таса адæймаджы домæнтæм гæсгæ, цас тынгдæр иу кæна адæмы, уыйас хуыздæр æххæст кæны йæ социалон хæстæ.

Не сгуыхт ахуыргонд Абайты Васо, ирон æвзаджы хъысмæты тыххæй афтæ дзырдта: «…бинонтæ сæ мидастæу иронау куы дзурой, уæд ын фесæфынæй тас нæу. Ныууадзæм уырыссагау, гуырдзиагау æрдæгдзæфтæ кæнын, ссыгъдæг кæнæм, æппæт дунейы дæр абон се ’ргом кæмæ раздæхтой, Францы, Германы æмæ иннæ бæстæты дæр лæмбынæг кæй ахуыр кæнынц, дунейы бирæ сусæгдзинæдтæ раргом кæнынмæ дæгъæл чи у, уыцы диссаджы ирон æвзаг — не стырдæр хæзна!»

Францаг стыр ахуыргонд Жорж Дюмезиль цард 1898-1987 азты. Ирыстоны зæххыл никуы æрлæууыд, фæлæ бындуронæй сахуыр кодта кавказаг адæмты филологи, уыдонимæ туркаг ирæтты æвзаг, истори æмæ адæмон сфæлдыстад, уæлдайдæр та — Нарты кадджытæ. Нарты кадджытæ кæд ахуыргæндты иу къорд нымайынц Кавказы адæмты иумæйаг сфæлдыстадыл, уæд Жорж Дюмезиль фидарæй загъта: «Уыцы диссаг дзырддаг нæу, уымæн нæу, æмæ æвзаг æмæ фольклорæй ирæттæ разындысты æппæтæй хæдзардзиндæр индоевропæйаг адæмты традицитæ бахъахъхъæнынмæ».

Ирон удыхъæдæй ифтонг, уынгæг хæхты цъæстæй бирæ дарддæрмæ чи касти æмæ нæ фидæн чи уыдта, ахæм куырыхонтæ уыдысты Æгъуызаты Иуане, Хъаныхъуаты Инал, Хетæгкаты Къоста, Гæдиаты Секъа, Дзасохты Гиго, Гæдиаты Цомахъ, Нигер æмæ бирæ æндæртæ.

Мах абон ныллæг кувæм нæ сæртæй, не ’взаг абон кæй руаджы зæлы, нæ уыцы разагъды лæгтæн.

Фæлæ, хъыгагæн, бирæтæ ирон æвзаг сæ сæрмæ нал хæссынц. Ахæм адæймаг у æнæфенд, цыбыр зонды хицау. Йе ’взагыл былысчъил, уæлæхох чи кæны, уымæй хорз адæймаг никуы рауайдзæн, уымæ хорз фидæн не ’нхъæлмæ кæсы, мæнæ, бæласыл бадгæйæ, къалиу йæ быны чи лыг кæны, уый хуызæн.

Адæймаг цал æвзаджы зона, уал лæджы у. Фæлæ цас-фæнды æвзæгтæ ма базо-нæм, уæддæр сæ бындурон хъомыс вæййы мадæлон æвзаг.

ДРИАТЫ Лейла

ИРОН ÆВЗАГ

Цы у æнæ дæу цард. Ирон æвзаг, нæ зонын,
Фæнды мæ, цæмæй тынг размæдзыд уай!
Цæмæй хызт уай фыддуг æмæ фыдбонæй!
Нæртон æвзаг æнусты, уадз, цæра.

Ирыстон та цы у æнæ дæу, не ’взаг?
Сæдæ азы дæ сæрыл кæнæм тох!
Ды дæ нæ фидæнмæ фæндаг, нæ хæзна,
Нæ фæдонтæй уый никуы уыдзæн рох.

Иронау дзур, мæ хæлар, зон, ирон дæ,
Дæ миддуне — ирон фарнæй æххæст.
Нæ абоны куынæ дзурæм иронау, –
Нæртон æвзаг уыдзæн æнустæм сæфт!

Цгъойты Аринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.