Ирон æвзаг æмæ литературæйы бонæй ныр кæд къуырийы бæрц рацыд, уæддæр нырма нæ республикæйы ахуырадон уагдæтты уагъд цæуынц бæрæгбонон мадзалтæ мадæлон æвзажы цытæн. Фæстаг азты ирон æвзаг уæззау уавæры кæй бахауд, уый хынцгæйæ, 2003 азы Цæгат Ирыстон-Аланийы раздæры Сæргълæууæг Дзасохты Александры Барамындæй 15 май расидт æрцыд ирон æвзаг æмæ литературæйы бонæй.  Ирон æвзаджы бон кæд нырма æвзонг бæрæгбон у,  уæддæр йæ нысаниуæг тынг стыр у, уымæн æмæ йæ дыууæ Ирыстоны дæр банысан кæнынц уæрæхæй æмæ афтæмæй æвзонг фæлтæр цайдагъ кæнынц мадæлон æвзаг уарзыныл æмæ йын кад кæныныл.

18-æм майы ирон дзырд,  ирон зарæг уæлдай рæсугъддæрæй хъуыст нæ горæты 6-æм астæуккаг скъолайæ. Мадæлон æвзаджы цытæн ахуырадон уагдоны уагъд æрцыд цымыдисон мадзал 6-æм «а» æмæ 6-æм «б» кълæсты ахуыргæнинæгты хайадистæй. Бæрæгбонон мадзал бацæттæ кодтой ацы скъолайы ирон  æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæ  – «РХИ-йы сгуыхт ахуыргæнæг Дыгъуызты Лианæ æмæ Уалыты Ольга. Мадзал уагъд æрцыд скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы кабинеты. Уырдæм æрбацыдысты ацы скъолайы ахуыргæнджытæ, сывæллæтты ныййарджытæ.

Æрæмбырдуæвджыты размæ рахызтысты мадзаламонджытæ Тасойты Анастасия æмæ Коцты Инал: «Мадæлон æвзаг! Ацы дзырдтæй æхсызгондæр цымæ зæххыл исты ис? Ирон дзырдтæ фехъусын мын мады рæвдыдау у. Махæн алы бон дæр хъуамæ уа мадæлон æвзаджы бон. Йæ мадæлон æвзаг чи нæ уарзы, чи йæ нæ ахуыр кæны, уый сæфты къахыл лæууы. Æгад у иннæ адæмты цæсты, хорзæй йæм мацæмæ æнхъæлмæ кæс» – загътой мадзаламонджытæ.

Уый фæстæ айхъуыстысты ирон зарæджы æхцон зæлтæ.  Зарджытæ «Уарзон Ирыстон», «Мæ нæртон Ир» сæххæст  кодта ахуыргæнинæгты къорд ацы скъолайы музыкæйы ахуыргæнæг, РХИ-йы Культурæйы сгуыхт архайæг Козаты Маринæйы къухдариуæгадæй. Концертмейстер – Медойты Аллæ, хореограф – Мæлдзыгаты Фатимæ. 10-æм къласы ахуыргæнинаг Наниты Дианæ дæр сæххæст кодта рæсугъд ирон зарæг.

Цымыдисон рауадысты ахуыргæнинæгтæ сæ ахуыргæнджыты къухдариуæгадæй цы сценкæтæ бацæттæ кодтой, уыдон дæр. Цæвиттон, сценæмæ рахызтысты дыууæйæ – Кокойты Роберт æмæ Джиоты Марат. Иу дзы у оптимист, иннæ  пессимист. Оптимист дзуры, зæгъгæ, мадæлон æвзаг йемæ хæссы хæрзæгъдаудзинад, рæстдзинад. Пессимист ын дзуапп кæны, зæгъгæ, æз дын амæлон, цыма æппæт дуне ууыл лæууы, цыма дуне уый фыдæй кæуы, афтæ дæм кæсы? Оптимист амæсты æмæ йын загъта: Дæуæн та мæ фæндæй, алцы дæ размæ тæбæгъы æвæрдæй куы хæссиккой, уый дæ фæфæнды… Пессимист фæфæлмæндæр æмæ йын сдзуапп кодта: «Кæм ма ис ирон æвзаг? Уæртæ Цæгат Ирыстоны схæццæ уырыссаг æвзагимæ, ам, Хуссары та – гуырдзиаг æвзагимæ». Ацы ныхæсты фæстæ сывæллæттæ равдыстой сценкæ, цыран дыууæ нæлгоймаджы Гæбиса æмæ Сули фембæлдысты уынджы дæргъвæтин рæстæджы фæстæ æмæ кæрæдзийыл цинтæ кæнынц. Фæлæ ныхас кæнгæйæ, уыдон ирон дзырд схæццæ кодтой уырыссаг æмæ гуырдзиаг ныхæстимæ.

Оптимист та пессимистæн бауайдзæф кодта: «Дыууæ адæймаджы тыххæй ирон æвзаг никæйы уал хъæуы, ничиуал æй зоны, афтæ зæгъæн нæй. Фæлтау ма байхъус, Цæрукъаты Алыксандр мадæлон æвзаджы тыххæй цы загъта, уымæ. Ирон зылланг ныхас, дæу айс мæнæй, Уæд баззаин къуырма æмæ куырмæй. Нæ арв, нæ зæххæн нал уынин сæ хуызтæ, æнæ дæу мын мæ къæхтыл ацæуæн дæр нæй».

Цымыдисон уыд ахæм сценкæ дæр. Æвзонг лæппу бады, йæ хъусты наушниктæ. Йæ цурмæ æрбацыд зæронд ус йæ къухы гæххæтты гæбаз, афтæмæй. «Мæ лæппу æрбарынчын æмæ йын хъуамæ хостæ балхæнон. Кæм ис афтек, уый мын куы ацамонис». Лæппу йын сдзуапп кодта, зæгъгæ, æз иронау нæ зонын æмæ  не ‘мбарын цы дзурыс, уый. Уæдмæ сæ цурмæ æрбацыд лæппуйы мад æмæ йын зæронд ус куы бауайдзæф кодта йæ лæппу иронау кæй нæ зоны, уый тыххæй, уæд ын уый сдзуапп кодта: «Махæн Вовычкæ иронау иу ныхас дæр нæ зоны. Нæ бинонтæй иронау ничи дзуры. Цы  хъавæм ирон æвзагæй, ардыгæй Елхотмæ, стæй ма кæм хъæуы?». Зæронд ус амæсты: «Ирыстоны хор æмæ донæй схъомыл у æмæ йын йæ адæмы хъæр ма бамбар. Уæдæ дæ фыртæн дæр дæхæдæг куы сæнад кодтай йæ мадæлон æвзаг!».  Сценкæтæ сæххæст кодтой Елбачиты Дмитри, Джиоты Дианæ æмæ Коцты Кристинæ. Сывæллæттæ сæххæст кодтой ноджы цалдæр сценкæйы. Уыдонæй алкæцыйы дæр равдыстой, мадæлон æвзагыл дзурын кæй хъæуы, уый. Сæххæст кодтой ирон кæфтытæ.

Мадзалы кæрон Дыгъуызты Лианæ загъта: «Мах ацы мадзал дыууæ къласы ахуырдзауты хайадистæй уымæн бацæттæ кодтам, цæмæй уыдон кæрæдзиимæ æнгомдæр кæной. Махæй алчидæр хъуамæ архайа, цæмæй йæ сывæллон мадæлон æвзаг уарза. Кæй зæгъын æй хъæуы, мадæлон æвзаджы бон стыр стимул у ирон æвзаг бахъахъхъæнын æмæ рæзты хъуыддаджы, фæлæ, хъыгагæн, ацы бæрæгбон афæдзы мидæг вæййы æрмæстдæр иу хатт æмæ махæй алчидæр куынæ аргъ кæна мадæлон æвзагæн, куынæ йыл дзурæм æрвылбон дæр, куыд нæ хæдзæртты, афтæ уагдæтты, куыстуæтты, скъолаты, уæлдæр ахуыргæнæндæтты, уæд æрмæст иу бонæй цы хъуамæ рацæуа. Ныййарджытæ алыхатт дæр цæвиттон хъуамæ уой сæ кæстæртæн мадæлон æвзагæн кад кæнынæй». Ныхасы рацыд ацы скъолайы ирон æвзаджы ахуыргæнæг Цхуырбаты Луизæ: «Ирон æвзаджы бон банысан кæнынц дыууæ Ирыстоны дæр. Æгас ирон адæм цинимæ сæмбæлынц ацы боныл. Уый афтæ дæр хъуамæ уа, уымæн æмæ 1989 азæй райдайгæйæ суанг 2008 азмæ тох кодтам нæ ирон æвзаг бахъахъхъæныныл. Мах, 6-æм скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæ цæсгомджынæй  кусæм мадæлон æвзаг рæзгæ фæлтæрæн амоныны хъуыддаджы».

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ мадæлон æвзаджы цытæн мадзалы сæ мадæлон æвзагыл æмдзæвгæтæ кæй бакастысты дыууæ къласы ахуырдзаутæ иууылдæр.  Бузныг зæгъын æмбæлы йæ организатортæн, уымæн æмæ ахæм мадзæлтты руаджы сывæллæттæн рæзын кæнынц сæ национ идея.

Джиоты Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.