Ирыстоны хуссар хайы истори афтӕ хъӕздыг нӕу историон гоймӕгтӕй, адӕмон хъайтартӕй. Æви… хъӕздыг у, бирӕ дзы уыд, нӕ сӕр бӕрзӕндты кӕй кадӕй хъуамӕ хӕссӕм, ахӕмтӕ, фӕлӕ сӕ мах нӕ зонӕм? Афтӕ хъуыды кӕнын, фарст афтӕ сӕвӕрын растдӕр уаид, уымӕн ӕмӕ ныры размӕдзыд дуджы дӕр ӕмбӕлон аргъ цы хъайтартӕн нӕ кӕнӕм, уыцы хъайтартӕн чи кодтаид ӕмбӕлон аргъ, чи архайдтаид сӕ нӕмттӕ сын ӕнусон кӕныныл уыцы ӕвадат, Секъа саутар, саумылазон кӕй хъуыдта, уыцы дуджы? Мах никуы ахъуыды кодтам ууыл: кӕд Хуссар Ирыстоны ис «Ереды уынг», «Цӕхӕрадоны уынг», «1-майы уынг» ӕмӕ афтӕ дарддӕр, уӕд дзы бынат цӕмӕннӕ разынд нӕ диссаджы историон гоймӕгтӕн Коцты Бегайӕ райдайгӕйӕ?..
Æмӕ ма Коцты Бегайы тыххӕй уӕддӕр цыдӕр зонӕнтӕ ис нӕ къухы, рӕзгӕ фӕлтӕр ын йӕ кой арӕхдӕр хъусынц, фылдӕр информаци сӕм ис уый тыххӕй. Фӕлӕ ма нӕм уыд, йӕ ном нӕргӕ кӕмӕн кодта, йе знӕгтӕ арвы талынгты кӕмӕй лыгъдысты, ахӕм адӕ-мон хъайтар Томайты Мӕхӕмӕт дӕр, фӕлӕ нӕм уый тыххӕй рӕстмӕ информаци дӕр нӕй, йӕ номыл нӕм уынг уа, уый кой ма чи кӕны…
Томайты Мæхæмæт 1850-æм азы тох кодта гуырдзиаг феодалты, Мацабелты ныхмæ, стæй, гуырдзиаг къниæзты фарс рахӕцӕг Уæрæсейы империйы гарзджын тыхты ныхмӕ дæр. Уый йӕ рӕстӕджы адӕмы хсӕн зындгонд уыдис, куыд абырӕг, афтӕ, фӕлӕ йӕм ницы уыдис абырӕгдзинадӕй, кӕд-иу искӕй бафхӕрдта, искӕй фӕллой байста, уӕддӕр уый тыххӕй нӕ, цӕмӕй йӕм ис, фӕллой ӕрбафта, фӕлӕ рӕстдзинады сӕрыл. Ома, тых-иу бахаста ӕрмӕстдӕр ахӕмтӕм, мӕгуыр адӕмы чи ӕфхӕрдта, хӕрдмӕ скӕсын сӕ чи нӕ уагъта. Гъе, стӕй-иу ахӕмтӕй цы фӕллой байста, уыдон дӕр адӕмы уыдысты, куыд мӕгуырдӕрӕй-иу сыл сӕ байуӕрста.
1850 азы Рук ӕмӕ Урстуалты уыд бунт, адӕмон растад. Растадӕн уыдис классон-сӕрибаргӕнӕн змӕлды нысаниуӕг. Зӕххкусджытӕ ӕмӕ Томайтӕ (уыцы-иу рӕстӕджы Томайтӕн сӕ къухы бафтыд, цӕмӕй нымад ӕрцӕуой уӕздан мыггагыл) баиу сты, ӕмхуызонӕй кӕмӕ цымыдис кодтой, ахӕм хъуыддаджы фӕдыл: хъуамӕ сӕ къухы бафта хӕдбардзинад, хъуамӕ сӕм тых хӕссынхъом ма уой гуырдзиаг ӕлдӕрттӕ Мацабелтӕ. Растады ныхмӕ экспедицион корпусы сӕргъ слӕууыд ӕлдар Андронников. Кӕд растадонтӕ хъӕбатырӕй тох кодтой сӕ барты сӕрыл, уӕддӕр куыдфӕстагмӕ басастысты. Томайты Мӕхӕмӕт нымад ӕрцыд уыцы бунты сӕйраг аххосджыныл, змӕнтӕгыл ӕмӕ йын ӕфсӕддон тӕрхондоны къамисы уынаффӕмӕ гӕсгӕ рахастӕуыд каторгӕмӕ йӕ хасты арвитыны тӕрхон. Фӕлӕ йын паддзахы наместник Кавказы граф Воронцов фӕстӕдӕр аивта каторгӕмӕ йӕ ахӕссыны тӕрхон ӕмӕ ӕрвыст ӕрцыд Томскы губернимӕ. Томайты Мӕхӕмӕт йӕхӕдӕг йӕхи «аххосджыны» банымадта ӕмӕ басаст йӕ «фыдракӕндон архайдыл» ахӕм хуызы: «…уыцы фыдракӕндон хъуыддӕгтыл фӕцайдагъ дӕн, цӕмӕй сӕ хъахъхъӕдтаин, уый тыххӕй ӕппӕт ирӕтты куырдиатмӕ гӕсгӕ».
1850 азы фӕззӕджы Томайты мыггаджы раздзӕуджытӕ Мӕхӕмӕт, Тасолтан, Ибахъ ӕмӕ Цобыкъа ба-хатыдысты Воронцовмӕ «ныххатыр сын кӕныны» куыр-диатимӕ. Сӕ куырдиаты ӕмбарын кодтой, Мацабел ӕлдӕртты ныхмӕ гӕрзифтонг растад цы аххосагмӕ гӕсгӕ расидтысты, уый. Уӕздан мыггагыл нымад кӕй уыдысты, афтӕ ма Ирыстоны чырыстон дин парахат кӕныныл кӕй архайдтой, уыдӕттыл ӕнцой кӕнгӕйӕ, уыдон фидарӕй дзырдтой, сӕ рӕстӕджы алыварсонӕй дӕр «сӕхи бакодтой ӕрмӕстдӕр уырыссаг хицауиуӕгады дӕлбар».
«Уый ӕмрӕстӕджы, – фыстой сӕ хъасты, – мах нӕ зонӕм, цӕй тыххӕй нӕ райдыдтой Мацабелтӕ хъалон домын, кӕд ӕмӕ мах мыггаджы равзӕрд уыдоны мыггагӕй цауддӕр нӕу, уӕд, уымӕ гӕсгӕ сын не сразы стӕм хъалон фидыныл». Гуырдзиаг хъӕздгуыты феодалон домӕнтӕ Томайтӕ банымадтой ӕфхӕрдыл ӕмӕ расидтысты: «мах никуы сразы уыдзыстӕм уыдонӕн хъалон фидыныл, стӕй цӕй тыххӕй, нӕй ахӕм фӕтк…».
Ацы аргументы – «нӕй ахӕм фӕтк» – уӕлдай ирд-дӕрӕй разынд ирон феодалон ӕхсӕнадӕн Гуырдзыстоны ӕлдариуӕггӕнӕг социалон системӕ йӕ агрессивон тырнындзинадимӕ ӕцӕгӕлон кӕй уыд, уый. Растӕндӕр ардыгӕй гуыры дыууӕ хицӕн ӕхсӕнадон категори ӕмӕ гуырдзиаг феодализмы социалон ныхмӕвӕрддзинад. Фӕлӕ нӕ хъӕуы афтӕ нымайын, цыма ирон ӕхсӕнадтӕ зонгӕ нӕ уыдысты феодализмимӕ, кӕнӕ нӕ зыдтой, цы у ӕлдариуӕгад ӕмӕ дӕлбарады паддзахадон системӕ; гуырдзиаг историографийы уыцы стӕм цауты дӕр, автортӕ Ирыстоны историйы проблемӕты кой кӕнгӕйӕ, фыддӕрадӕн нысан кӕнынц ирӕтты ӕхсӕнадон ахастыты фӕстӕзаддзинад.
Уымӕ гӕсгӕ рӕгъмӕхӕссинаг сты Томайты мыггаджы куырдиаты домӕнтӕ, кӕцытӕн уыдис сӕхи сӕрмагонд хъуыдыкӕнынад абырӕгдзинады фӕдыл. Наместник Воронцовмӕ сидгӕйӕ, кӕцы ирон ӕхсӕнадтӕн тыхӕй хъардта, сӕхӕдӕг кӕуыл нӕ разы кодтой уыцы гуырдзиаг феодализмы ӕндӕвдад, Томайтӕ банысан кодтой: «кӕд бахъӕуа махыл уырыссаг паддзахиуӕгады уӕлбарад сӕвӕрын, уӕд мах цыфӕнды рӕстӕджы дӕр цӕттӕ стӕм уымӕ, ӕгӕрстӕмӕй фӕстаг туджы ӕртахы онг дӕр, ӕрмӕст Мацабелты мыггаджы ӕрдыгӕй – ницӕй тыххӕй». Ахӕм сидтытӕ фехъусӕн арӕх уыдис ӕрмӕст ирон уӕздӕттӕй нӕ, фӕлӕ зӕххкусджытӕй дӕр. Ручъы ӕфцӕгыл уӕвӕг Золотаревы уырыссаг къорды ӕф-сӕддон архайдтытӕн Томайтӕ кодтой сӕхирдыгон политикон аргъ. «Цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ ӕрбарвыстой хӕстон къорд, ӕмӕ мах, уый ӕмбаргӕйӕ, ахӕм къорд нӕм Мацабелты йедтӕмӕ кӕй ничи ӕрбарвыстаид, равдыстам ныфсхастдзинад ӕмӕ сӕ райдыдтам ӕхсын нӕхи баххахъхъӕныны охыл».
Уӕрӕсейаг хицӕуттӕм Томайты мыггаджы куырдиаты уыдис дыууӕ пункты – хатырдзинад ӕмӕ сын Хуссар Ирыстонӕй Цӕгат Ирыстонмӕ ацӕуын ӕмӕ Куырттаты комы ӕрцӕрыны бар раттын. Воронцов, Ручъы ӕфцӕгӕн ахӕм ахсджиаг нысаниуӕг ратгӕйӕ, нӕ уыд, Томайтӕ Куырттаты комы ӕрцардаиккой, уый ныхмӕ. Наместникӕй «хатырдзинад» райсынмӕ не ‘нхъӕлмӕ каст Томайты Мӕхӕмӕт, уымӕн ӕмӕ ӕгӕр легендарон ссис 1850 азы цауты фӕстӕ. Уымӕн, куыд уырыссаг ӕфсады прапорщикӕн, афтӕ тас уыд ӕфсӕддон трибуналӕй. Стӕй уый уыдис сӕрибаргӕнӕн змӕлды сӕргълӕууӕг, гуырдзиаг агресси ӕмӕ феодалон тыхтонайы ныхмӕ ӕнӕрлӕугӕ тохгӕнӕг.
1850 азы хӕстон архайдтытӕ цыдис практикон ӕгъдауӕй ӕнӕхъӕн Хуссары дӕр. Кавказы наместник Воронцов тынг хӕцыд гуырдзиӕгты ӕвварс ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ æвзæр ахаст дардта ирӕттӕм дӕр. Ныхмӕлӕууынады проблемӕ аскъуыддзаг кӕныны охыл хицӕуттӕ ӕрхъуыды кодтой «змӕнтджытӕй» ӕхсӕз лӕджы балхӕнын. Уыцы ӕхсӕз лӕджы аххосӕй ахст ӕрцыдысты 47 ироны, кӕцытӕ хъахъхъӕдтой сӕ зӕхх.
Мӕхӕмӕт службӕ кодта уырыссаг ӕфсады, фӕлӕ йын уыцы ӕфсады дӕлхӕйттӕ йӕ адӕмы ныхмӕ хӕцын куы райдыдтой, уӕд ахызт уырыссаг паддзахиуӕгадыл йӕ ӕнувыддзинады ардбахӕрды сӕрты, фактон ӕгъдауӕй йӕхи радта ӕфсӕддон трибуналмӕ ӕмӕ къахӕй балӕгӕрста йӕ карьерон рӕзты ӕппӕт фадӕттыл дӕр. Томайы-фырт уӕхски-уӕхск слӕууыд ирӕттимӕ, карз тохы бацыд, нымӕцмӕ гӕсгӕ сӕхицӕй авд хатты фылдӕр чи уыд, уыцы ӕфсадимӕ. О, Мӕхӕмӕт нӕ сарӕзта йӕ карьерӕ, фӕлӕ уый хыгъд ссис легендарон хъайтар. Абон дӕр ма Рукъы иу бынат, цыранӕй Мӕхӕмӕт ӕхста Золотаревы ӕфсӕдты ӕмӕ иу хатт дӕр нӕ фӕивгъуыдта, хонынц «Мӕхӕмӕты хӕцӕн».
Æппынфӕстаг Томайтӕн хатыргонд ӕрцыд сӕ растады тыххӕй. Алкӕмӕн дӕр – Мӕхӕмӕты йедтӕмӕ. Уый йӕхи айста Дыгургоммӕ, уырдыгӕй та – Цӕцӕнмӕ. Уым йӕ бон уыд баиу уыдаид Шамилимӕ, фӕлӕ не сразы пысылмон дин райсыныл. Йӕ фӕдыл бӕргӕ зылдысты, бӕргӕ йӕ агуырдтой ӕхсӕвӕй-бонӕй, фӕлӕ сӕ къухы не ‘фтыд. Стӕй, ӕвӕццӕгӕн, бафӕллад ахӕм хауӕггаг цардӕй цӕрын ӕмӕ йӕхи барвӕндонӕй радта хицӕутты къухмӕ. Стӕрхон ын кодтой нырма Тифлисы, стӕй та Дзӕуджыхъӕуы ӕмӕ йӕ ахастой Тамбовы губернимӕ.
Томайты Мӕхӕмӕты тыххӕй цы кадавар хабӕрттӕ зонӕм, уыдонӕй уӕлдай цымыдисондӕр у, 1868-æм азы Хетæгкаты Леуан (Къостайы фыд) уырыссаг къниазмӕ сæрмагонд фыстæг кӕй арвыста, æмæ дзы кӕй куырдта, цæмæй Мæхæмæты ахӕстонӕй суæгъд кæной. Чиновниктæ райдыдтой Мæхæмæты агурын, фæлæ сæ къухы нал бафтыд, фæстæдӕр куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй Мæхæмæт 1855-æм азы, хаст цы бынатмӕ ӕрцыд, уырдыгӕй алыгъд ӕбӕрӕг ранмӕ. Кӕдӕм, уый ничи базыдта. Йӕ рӕстӕджы йыл Ручъы фӕсивӕд кӕй скодтой, уыцы зарӕгмӕ гӕсгӕ Мӕхӕмӕт фӕмард туркаджы къухӕй, фӕлӕ кӕм, уый дӕр, худинаг нын у ууыл басӕттын, фӕлӕ бӕстон-бӕрӕг не ‘рцыд.

Томайты Мӕхӕмӕты зарӕг

Ой, хур, дам, скаст
Æмӕ Хъӕриуыл сӕмбӕлдис,
Ой, тох, туркаджы нӕмыг ратахт
Ӕмӕ мӕ риуыл сӕмбӕлдис!
Ой, тох!
Ой, Хуыбецоны цайдан куырдадзы баззадис,
Ой, ныр мӕ рӕсугъд ус куырдуаты баззадис.
Ой, уӕлӕ Ручъы фцӕгыл цӕугӕйӕ
Ныр сӕ худтӕ нал исынц.
Ой, ныр дӕлӕ сау Турчы цӕугӕйӕ
Ирон лӕппутӕ сӕ туг дӕр нал исынц.
Ой, тох!
Ой, Ручъы фӕндаг рухс Санатмӕ бахъуыди,
Ой, ныр ме дзард сонт уд рухс дзӕнӕтмӕ бахызти.
Ой, сау хохы сӕлабыр сӕгуытӕй баззади,
Ацы хъару мын мӕ фыд Сӕгойӕ баззади.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.