ХИПУ-йы уагъд цæуы Спартакиадæ волейболæй. Ерыстæ уагъд цæуынц Тыбылты Алыксандры номыл Паддзахадон университетыл 90 азы сæххæсты боны цытæн. Волейболæй дарддæр ма ам уагъд æрцæудзысты ерыстæ баскетбол, теннис, шахматтæ æмæ футболæй. Хайад дзы исдзысты алы хайадты студенттæ дæр.

Волейболы секцийы тренер Хуыбежты Ингæ куы радзырдта, афтæмæй ацы спартакиадæ сорганизаци кодта университеты физикон  цæттæдзинады кафедрæйы деканы хæдивæг Бестауты Светланæ æмæ ацы кафедрæйы сæргълæууæджы хæдивæг Джамалов Александр.

Спартакиадæ райдыдта 17-æм майы æмæ йæ байгом кодтой волейболы командæ. Сæ тренер ахадгæ куыст бакодта, цæмæй алы факультетты студенттæ дæр хайад райстаиккой ерысты. Студенттæй цы чызджыты командæтæ арæзт æрцыд, уыдон хъазыдысты кæрæдзиимæ. Финалмæ ахызтысты юридикон факультеты 2-аг курсы студенттæ, кæцытæ ахъазыдысты университетæн йæхи командæимæ. Хъыгагæн, дыккаг курсы студенттæ фæхæрд сты ацы командæйæн. Студенттæ сæ хайады командæты спортсментæн разæнгардгæнæг æмдзæвгæтæ æрымысыдысты æмæ сын уымæй сæ тыхтыл тыхтæ æфтыдтой. Хуыбежты Ингæ куыд зæгъы, афтæмæй фæстаг азты ахæм спартакиадæйы хайад исын кæй бафæнды, уыдоны нымæц бæрæг фæфылдæр. Фæуæлахизуæвджытæ дарддæр дæр хайад райсдзысты республикæйы ерысты.

Лæппуты ‘хсæн та уæлахиздзаутæ систы юридикон факультеты 2-аг курсы студенттæ æмæ дыккаг бынатыл та ацыдысты арæзтады факультеты 2-аг курсы студенттæ.

Спартакиадæ адарддæр кæндзысты баскетбол, стъолы теннис æмæ футболæй.

ДУДАЙТЫ Доннæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.