Чи уыдис Тлаттаты Чермен – адæмон сфæлдыстады хъайтар, æрымысгæ литературон фæлгонц æви реалон адæймаг? Бирæ быцæуаг хъуыдытæ сæвзæрд ацы цымыдисон фæлгонцы алыварс, фæлæ уыцы быцæуаг фарстаты уæддæр æмæ уæддæр уæлахиз кæны, реалон адæймаг кæй уыд, уыцы позици. Цæвиттон, нæ номдзыд артист Тæбæхсæуты Бало йæ мысинæгты куыд зæгъы, афтæмæй æртынæм азты зындгонд режиссер Фотиевимæ цалдæр хатты уыдысты Хъобаны, цæмæй фембæлой, Чермены ма удæгасæй чи æрæййæфта, чи ма йæ хъуыды кодта, уыцы зæронд лæгтæй алкæимæ дæр, йæ царды хабæрттæ йын бæстондæр сахуыр кæныны сæраппонд. Уыцы кусæгон балцы рæстæджы æрцыдысты фыст мæнæ ацы хабæрттæ дæр Чермены тыххæй йæ æмдугонты ныхæстæм (ныхасыуаг æмæ стил æнæфæивгæйæ) гæсгæ:

 

Чермен уыди хъӕбатыр лӕг, ӕнтысти йын хъӕбатырдзинадæй ӕппӕт дӕр, уымæ гӕсгӕ йӕ алы ранмӕ дӕр хуыдтой хъӕбатырдзинадмӕ. Ныронджы рӕстӕджы-иу Калакмӕ дӕр цыдысты. Уыцы рӕстӕджы Калачы хъӕбысӕйхӕцджытӕ дӕр уыд. Калачы уынджы лӕууыдысты, кæсынц ӕмӕ иу хъӕбысӕйхӕцӕг сцӕйцыдис. Черменӕн йе ‘мбӕлттӕ дӕр ӕмӕ дзы ӕндӕр адӕм дӕр фӕйнӕрдӕм лыгъдысты. Чермен дзы нӕ лыгъди. Загъта йын хъӕбысӕйхӕцӕг:

– Цавӕр дӕ, ды цӕуылнӕ алыгътӕ? – ӕмӕ йын йӕ цонгыл ныххӕцыди, алырдӕм ӕнкъуыста Чермены ӕмӕ йын ничердӕм куымдта. Чермен ын загъта:

– Ды мӕм тӕлмац ракӕн, де ‘взагӕй нӕ зонын.

Уый адзырдта уыцы сахатыл ӕмӕ йӕм ӕрбацыд сомихаг тӕлмац. Цавӕр дӕ, зӕгъгӕ, йын загъта хъӕбысӕйхӕцӕг. Ирон лӕг дӕн, зӕгъгӕ, йын загъта.

– Хъӕбысӕй хӕцынмӕ искуы уыдтӕ?

– Нӕ уыдтӕн, – зӕгъгӕ йын загъта.

– Цӕй, уӕдӕ хӕцӕм.

Сразы и Чермен дӕр хӕцыныл, адзырдта йе ‘мбӕлттӕм:

– Æрцӕут-ма, цӕмӕй тӕрсут?

Хъӕбысӕй хӕцыдысты, иудзӕвгар фӕтухӕн кодтой, стӕй Чермен загъта:

– Цы уӕ фӕнды, ме ‘мбӕлттӕ?

Уыдон ын загътой:

– Ма нӕ фахудинаг кӕн, кӕд дӕ бон у, уӕд.

Уӕд уыцы гуырдзиаг хъӕбысӕйхӕцӕджы йӕ сӕрмӕ систа Чермен ӕмӕ йӕ зӕххыл ныццӕлхъ ласта, хъама йӕм фелвӕста ӕмӕ йӕ ӕргӕвдгӕ кодта. Гуырдзы йыл бакалдысты ӕмӕ йӕ байстой, ма аргӕвд, ирон, зӕгъгӕ. Гуырдзиаг хъӕбысӕйхӕцӕг ацыд ӕмӕ топп ӕрхаста, ӕхсӕм, ирон, зӕгъгӕ. Уӕд Чермен загъта:

– Йеныр мын Беслӕны топп рахӕссут.

Радтой йын Беслӕны топп. Фӕткъуы хъилыл бакодтой, гуырдзиаг ӕй фехста ‘мӕ йӕ адавта. Дыккаг бакодтой, ӕмӕ йӕ Чермен фехста ӕмӕ йӕ уый дӕр адавта. Ноджыдӕр та гуырдзиагӕн бакодтой фӕткъуы ӕмӕ йӕ гуырдзиаг фехста ӕмӕ йӕ адавта. Черменӕн дӕр та бакодтой ӕмӕ йӕ уый дӕр адавта. Ноджыдӕр та гуырдзиагӕн бакодтой фӕткъуы ӕмӕ йӕ… Чермен та йӕ фехста ӕмӕ йӕ адавта. Ацыди та гуырдзиаг ӕмӕ бӕх ӕрласта. Уӕд Чермен загъта:

– Мӕхи уӕззау бӕх мын раласут – ацы бӕх мӕн нӕ бауромдзӕн.

Æрбаластой йын йӕхи бӕх, кӕлмӕрзӕн сын ӕрӕ-вӕрдтой зӕххыл. Кӕлмӕрзӕнмӕ ӕвналгӕйӕ гуыр-дзиаг ахауд ӕмӕ йӕ мӕкъуыстӕг асаст. Чермен уæлбæхæй кӕлмӕрзӕны иу-ӕртӕ исты скодта, ӕндӕр ӕй йе ‘мбӕлттӕ нал бауагътой. Уыцы хъӕбысӕй-хӕцӕгыл чи хӕцыди (чи йӕ дардта йӕхицӕн, уыцы хъӕздыг лӕг), уый сӕ бахуыдта йӕхимӕ ӕмӕ сӕ хорз федта; ӕхцайӕ дӕр сӕ сбуц кодта цасдӕр. Черменӕй куырдта:

– Ам лӕу, зиан не скӕндзынӕ.

Чермен нӕ ныллӕууыди: йӕ сӕрмӕ йӕ не ‘рхаста. Рацыдысты уырдыгӕй.

Уыцы рӕстӕджы-иу арӕх цыдысты лӕбурынмӕ ирон адӕм. Лӕбурынмӕ чи цыд, уыдон-иу агуырдтой Чермены. Чермен уыди кӕвдӕсард лӕг, хъыг касти йе лдӕрттӕм, тынгдӕр кæй нымадтой Чермены адӕм, уый сын тынг хъыг уыди. Уый фыддӕрадӕн, Чермен уым нӕ уыди, афтӕмӕй байуӕрстой ӕрнӕджытӕ ӕмӕ сæрвæттæ. Черменӕн хай нӕ бакодтой. Чермен хӕтынмӕ уыди (хӕтынмӕ — ома, лӕбурынмӕ, фос ракӕнынмӕ). Æрцыди, ӕмӕ бады йӕ мад ӕнкъардӕй. Араст и. Лӕдзӕг йӕ къухы ахаста, бацыди Алыккаты Беслӕнмӕ.

– Беслӕн, ӕрнӕджытӕ байуӕрстат? – фарста йӕ Чермен.

– Байуӕрстам.

– Мӕ хай та чердыгӕй и?

– Ау, ӕмӕ дӕ хуызӕттӕн хай кӕнӕм! Уӕд нын ахӕмтӕ (кӕвдӕсӕрдтӕ)  бирӕ куы и.

Йӕ къухы уыди фатхъӕд, зӕххыл ӕй ныццӕлхъ ласта ӕмӕ кӕрӕдзийы мидӕг ныууади. Æмӕ загъта Беслӕнӕн:

– Гъеныр дӕ дондзау донмӕ рарвит, дӕ куыройдзау куыроймӕ рарвит.

Стыхсын сӕ кодта иу-дыууӕ къуырийы. Аргӕвста сын сӕ галтӕ ӕмӕ сӕ ӕддзармӕй ныкъуыхтӕ кодта ӕмӕ сӕ байуӕрста мӕгуыртӕн. Иу-дыууӕ къуырийы сӕ стыхсын кодта, кусынмӕ дӕр дзы нал уӕндыдысты. Стӕй ӕрхъуыды кодтой: «Цӕй, хай йын бакӕнӕм» ӕмӕ уый агъоммӕ сфӕнд кодтой марынмӕ, йе ‘лдӕрттӕй хъаруджындӕр ӕмӕ йӕ адӕм фылдӕр кӕй нымадтой, уымӕ гӕсгӕ: «Хай йын бакӕнӕм, уӕддӕр ӕй амардзыстӕм ӕмӕ йӕ хай нӕхи нӕ уыдзӕн». Хай йын бакодтой. Хуыздӕр дӕр ма йын бахай кодтой, цӕмӕй сыл баууӕндыдаид, уый тыххӕй. ӕрӕууӕндыди сыл, ӕмӕ та царди, ӕрхъуыды кодтой, цы хин ын скӕнӕм, цӕмӕй йӕ амарӕм. Кӕсӕгмӕ цом лӕбурынмӕ,  зӕгъгӕ йын загътой. Ракодтой йӕ, уӕртӕ Пхӕсы рагъмӕ (ӕрджынарӕг, фаллаг фарс) схӕццӕ сты. Æрӕнцадысты уым ӕмӕ йын загътой: «Бӕласы сӕрмӕ ма схиз ӕмӕ ахъахъхъӕ – ӕппын никуы ницы фенай. Бӕласы сӕрмӕ схызти Чермен. Уӕд сӕ кӕрӕдзийӕн загътой: «Йеныр ӕй йӕ раны ссардтам». Бӕласы сӕрмӕ йӕ фехстой сеппӕт дӕр йе ‘мбӕлттӕ. Бӕласы  сӕрӕй рахауд ӕмӕ амард. Сӕ сӕрмӕ не ‘рхастой уый, нӕхуыддӕг ӕй амардтам, зӕгъгӕ, ӕмӕ йын йӕ мард бахастой Хъобанмӕ. Уӕддӕр ӕй адӕм бамбӕрстой, сӕхуыддӕг ӕй кӕй амардтой, уый. Уымӕн ӕмӕ бынӕй хӕрдмӕ цӕфтӕ уыди. Уый агъоммӕ дӕр бирӕ лӕбурдтыты фӕци Чермен, бирӕ схауӕн ранты.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.