Не ʻвзагыл дзурын хъæуы, фидар кæнын æй хъæуы, бирæ чидæртæ йæ æрæмысы «Ирон æвзаджы бон» кæнæ Къостайы юбилейон бонты. Уæд ыл фæдзурæм зæрдæ «рисгæйæ», нæ риутæ хойæм, тымбыл къухтæ тилгæйæ. Уыцы бонты нæ газетты фæрстыл æндæр дзырд нал вæййы «не ʻвзаг, не ʻвзаг». Сабидæтты дугътæ уадзæм, домæм сабитæй, цæмæй хорз сахуыр кæной иу кæнæ иннæйы ам тъæпп уым тъæпп фыстытæ. Æмæ уыцы фыстытæ, тых тæлмац куыстыты ма æнцон æмбарæн куы уаиккой, уæд ма гъо, фæлæ…

Кокойты Таймураз мын айста мæ куыст «ирон адæмон медицинæйы терминологи», фæцис æм цыппар мæймæ æввахс, рафыста йæ сарæзта дзы йæхи номыл æнæхъæн куыст, райста дзы преми дæр æмæ дзы, ирон æвзаджы дæснытæ чи не сты, уыдон дзы æппæлынц, цыма ирон æвзагмæ бахаста 8 мин ног дзырды.

Кокойты Тему аст мин неологизмы куыд хъуамæ бахæсса, иронау фæрсын нæ зоны, йæ цæрæнбонты йæ хæдзары ирон газет, ирон чиныг нæ уыд, хæдзары иронау нæ дзуры. Неологизмтæ хæсгæ нæ кæнынц. Ног дзырд æвзаджы царды домындзинæдтæм гæсгæ фæзыны. Иугæр æй æвзаг нæ айста, уæд уый нысан кæны, кæй йæ нæ хъæуы, уый.

Ирон æвзаджы рæзтæн стыр ахъаз фæцис Багаты Никъала. Уый нын сарæзта ахуыргæнæн чингуытæ скъоладзаутæн дæр æмæ уæлдæр ахуыргæнæндæттæн дæр. Æмæ цы? Йæ удгасæй йæ фæцæйхордтой. Йæ зæрдæйыл-иу ныххæцыд æмæ-иу дзырдта: «Омæ сын цы кæнын, цы? Чи сæ нæ уадзы, кæд исты фыссынц, уæд?». Йæ сæр уынгæджы кæмæй уыд, уыдонæй йын чидæртæ йæ амæлæты фæстæ йæ куыстытæ рафыс-бафыс райдыдтой æмæ сæ раст рафыстаиккой, уый дæр сæ бон нæ уыд.

Советон дуджы ахуыргæнæн чингуытæ фыссын хæс кодтой цæттæ кадртæн куыд Харебаты Димитрæн, Мамиты Гигуцæн, Биазырты Александрæн, Коцты Петрæн æ.æнд. Уыдысты сын æмбæлон æмвæзадыл, æмбæрстой сæ скъолаты дæр æмæ сабидæтты дæр æмæ ныр та?! Ис нæм ахуыргæнджыты квалификаци бæрзонддæр гæнæн институт, методикон кабинеттæ адæмон ахуырады хайæдты. Æмæ цы?!

Скъолаты дæр æмæ сабидæтты дæр æрдиаг кæнынц… Нæ сын æмбарынц сæ фыстыты мидис, нæй сæ логикæ… Нæ зонынц тæлмац кæнын!!!

Ереды 24 мыггагæй 2 мыггагæй уыдысты гуырдзиæгтæ, уыдондæр дызæрдыггаг, Куртайы 27 мыггагæй 6 мыггаг гуырдзиæгтæ, Чъехы 9 мыггагæй – ирæттæ 6 мыггаджы, Ача-беты 8 мыггагæй 2 мыггаджы гуырдзиæгтæ æ.а.д. Дыггаг бæллæх ма та уый у æмæ сæрд нæ сывæллæттæ Цхинвалы асфальты уæлæ пысырайы æууæрцъы хуызæн ныввæй-йынц. Цы хъыгдардтой Тамарес (Тамарашен нæ), Хъемултайы скъола, Курта, Чъех, Куртайы (сидзæрдоны хæдзар) скъолаты агъуыстытæ, цæмæн сæ ныппырхчындæуыд? Кæй аххосæй? Æви сæ хъуыдысты сæ симкартæ æмæ сæ абон дæр уæй кæнынц. Цæттæ хæдзæрттæ! Цы ма уыд хуыздæр сывæллæттæн улæфынæн! Уый уæды бодзты лæвар. Куынæ-уал зæххы бын труба баззад! Адæмы сайын нæ хъæуы!

Сисæм ацы фыдбылызы демократты  рæстæджы цытæ ʻрцыд ирон адæмыл. Профессор Тогойты Георгий (Жора) сарæзта Хуссар Ирыстонæн æдде ирон адæмы сфыст Гуырдзыстоны (хайад дзы иста Сиукъаты Шалва дæр) æмæ йын рауадысты 1500000. Уыдонæй 700000 дзырдтой: «Æз гуырдзиаг дæн, фæлæ мæ фыдæлтæ ирæттæ уыдысты», 800000 дзы дзырдта сыгъдæг иронау шгæнæгыл кæнæ та цгæнæгыл. Уыдонæй советон дуджы официалон æгъдауæй æвдыстой 96000 кæнæ 100000.

Бынæттæм истой Гуырдзыстонæй алы рæттæй: ам сын сæрмагондæй кадрты гæстæ уыд, нæхи сыгъдæг зонды къуыбарджын лæппутæ та куыстагур цыдысты Советон Цæдисы алы къуымты. Уырысы профессоры онг чи схызт – уымæн ам рæнхъон кусæджы бынат дæр нæ уыд. Уыцы уæззау уавæры бахаудтам, нæ мæгуырдзинады тыххæй нын алæр-дыгæй æххуыс æрвыстой æмæ сæ давтой бæрæг адæймæгтæ, бæрнон кусджытæ, адæм та сыл æууæндгæ кодтой. Не знæгтæн не ʻххуысы продукттæ сусæгæй ластам гуырдзыйы хъæутæм! Кæмдæрты продукттæ схъуына сты, нæ адæмæн сæ кодтой æвгъау æмæ сæ лесокомбинатæй ластой Лиахвайы донбылмæ, вокзалы склæдтæй та Тулдзы къохмæ æмæ сæ уымыты калдтой. Уырдыгæй та сæ ластой лæгуæрдæттыл, фос чи дардта, уыдон. Уый та уын нæ адæммæ, не ʻвзагмæ нæ бодзты уарзондзинад.

Нæ областы фос йедтæмæ цы уыд æмæ сæ бахордтой уæды гæстæ. Стæй æлхæнын райдыдтой фос Хъалмыхъ æмæ æндæр рæттæй чысыл цыдæртæ, цымæ не сфæрæзтой мах климатон уавæртæ æмæ аскъуыдысты фос. Æмбисонд уыдысты нæ дыргъдæттæ. Афтæмæй ластой æндæр рæттæй талатæ æхца бахæрын æфсон. Уыдон дæр та ныссæрфтой, нæ климатон уавæрты, дам, не «сфæрæзтой» талатæ!

Нæ мæгуырдзинады тыххæй цас медтехникæ фæцыд æмæ сæ иу æдылы Гæбæраты Нугзар ныууæй кодта, нæхицæй йæхи хуызæттæ чи уыдысты, уыдонимæ!

Æдде нæ бодзтæ кæнынц министртæ, «цæттæ кадртæ», ныххафынц нæ, æмæ æлгъаг худтгæнгæ афардæг вæййынц. Хуссар Ирыстон сæндидзын кæныны тыххæй цас æхца æрцыд – гаффут сыл сæвæрдтой,  зæххытæ ныууæй кодтой. Гуырдзыйы агенттæ систы сæрибар хæсджытæ, Ирыстоны «æнувыд» хъæбултæ!!! Æппæлынц сæ массон информацийы. Хæстон лæппутæй бирæ фæаипджын æмæ… Уыдонæй бирæтæ сарæзтой магазинтæ, ресторантæ, заправочнитæ. Ис сæм æхца æмæ… хæстон лæг, патриот кæй хъæуы. Си-сæм 1937 аз, 1945 аз, кæрæдзи фæстæ фæлхатт цæуынц. Кæддæрты сын сæ ном æрымысынц æмæ сын уый у фаг. Хæстонæн зæхх нæ дæттынц, фыдгæнæгæн та алы хорздзинад дæр йæ разæй лидзы! Хорзæхтæ, хорз зæххытæ æмæ дзадджын бынæттæ!

Ахæм уавæрмæ кæсын кæй бон у, алкæйы дæр цæрын фæнды æмбæлон уавæрты æмæ æндæр рæттæм Ирыстонæй лидзынц. Уыдонæй йæ царды уавæртæ кæмæн фæхуыздæр сты, уый ардæм нал æрæздæхдзæн æмæ æндæр адæмтæ та ардæм цæуынц, фылдæрæй-фылдæр кæнынц, се ʻхсæн тайæм!!! Нæхион нæхицæй цæмæннæ хонæм. Афтæмæй тайынц æндæр адæмы ʻхсæн, сафынц се ʻвзаг, мæнæ рæстæгæй-рæстæгмæ цы ирон æвзаджы кой скæнæм, уый. Æвзаг сур, сайæн ныхæстæй нæ рæзы, практикон æгъдауæй йыл кусын хъæуы. Сисæм ма Турчы ирæтты: дыууæ æнусы æххæст нæ рацыд æмæ ма се ʻвзаг рæстмæ зонынц. Нæ йæ зонынц. Сæ мыггæгтæ сын аивтой?! Исчи нæм сæ куы ʻрцæуы æмæ ма цалдæр дзырды иронау куы фæзæгъы, уæд ыл ныццин кæнæм «иронау зоны»!. Тюмены 130 хæдзары ис ирæттæ. 3-4 фæлтæры фæстæ ма хъуыды кæндзысты кæстæртæ, зæгъгæ, ирæттæ уыдыстæм мах дæр. Гуырдзы сбирæ сты ирон адæмæй, зонынц иронау дæр, сæ бодзтæй дæр бирæ уыд ирæттæ, фæлæ цы?! Цæрæнбонты нæ цæгъдынц уыдон. Мæсыг хи дурæй сæтты! Сисæм ма се стыр ахуырты, фысджыты. Ирæттæй чи сгуырдзиæгтæ ис, бирæтæ дзы уыдонæй не сты, сæ бодз-ты фылдæр хай ирæттæ нæ уыдысты?!

Афтæ чи дзуры: «Иу ирон ма куы уа, уæддæр не ʻвзаг нæ фесæфдзæн!». Цымæ уыцы лозунг хæсджытæ нæ ахъуыды кæнынц, уыцы иу лæг иронау чемæ дзурдзæн – сырдтимæ, хъæдимæ æви кæрдæджытимæ! Ахæм «ахуыртæ» æмæ «патриоттæ», уæ сайæн, мæнгард ныхæстæ ма ныууадзут. Сымахæй бирæты аххосæй ирон æвзаджы размæ цыд зонадон æгъдауæй афтæ тынг бакъуылымпы æмæ йæ хæрæг уаргъæн нæ ахæсдзæн!!!

Гъе уый уын æвзаджы рæзты сæйраг къуылымпыдзинад!!! Адæмы æмбырд хъæуы, пырх сæ нæ хъæуы!!! Чи уæ нæу мемæ разы, табуафси!!! Не ʻвзаг, не ʻвзаг хъæр кæнын нæ хъæуы, йæ сæфыны уидæгтæ йын агурын хъæуы!!! Уæ сæртæ уæ уæцъæфты ма дарут!

Чи хæцыд, уыдон сæхицæй нæ феппæлынц, æппæлгæ фæкæнынц шпионтæ æмæ хъуызилтæ, феппæлынц сæ корреспонденттæ дæр!

Æрцæуæг хæддзутæ, хъуызилтæ æмæ шпионтæ патриотты уæле ма хъуамæ уой, уыдонмæ ма хъуамæ æнхъæлмæ кæсой сæ домындзинæдтæ аразынмæ. Уыдон чи æрæмбырд кæны къухдариуæгады бынатмæ, уый дæр хуыздæр, аккагдæр нæ вæййы, сæ коллегæ у. Сæ хъуыды у иугъуызон, цы адавой, куыд фылдæр ахæссой, ууыл!!! Ахæм архайд не ʻндавы æвзаджы размæ цыдыл?

Кӕд архайӕм не ‘взаг сфидарыл, уӕд ма йыл иумиагӕй ӕрдзурӕм иумӕ, цоппайгӕнджытимӕ нӕ, нӕдӕр хицӕутты рӕзты сыллынджытӕ, хи ӕвдисӕн митӕ чи кӕны, уыдонимӕ, фӕлӕ йыл чи кусы, йе срӕзтыл чи кусы, уыдонимӕ. Иу адӕймаг дыууӕ, ӕртӕ камисы куыд хъуамӕ бада?

Цӕмӕн нӕ бахъуыд ӕдзух дзурын «не ‘гъдӕуттӕ, не ‘гъдӕуттӕ». Адӕймаг мӕсты дӕр равӕййы, куы райдайынц: бӕрзӕй кӕд кӕм авӕрын хъӕуы, кӕцы хъус лыг кӕнын хъӕуы, цины фынгыл кӕнӕ хъыджыйы фынгыл, цы куывдтытӕ хъӕуы, кӕцы чъирийыл кӕцы ‘рдӕм ахӕцын хъӕуы ӕмӕ бирӕ ӕндӕртӕ. Уыдӕттӕн фӕсивӕды хъомылдзинадимӕ ӕппындӕр ницы иудзинад ис! Цы уыдтон мӕ сонты бонты Чеселты дины бӕрӕгбонты, куывдты. Мӕ фӕлтӕр дӕр цыд дзуары бонтӕм, хъӕуы мидӕг куывдтӕм, чындзӕхсӕвтӕм. Ӕмӕ сӕ абоны митӕм куы абарын, уӕд сты Кӕфтӕй Кӕсӕгмӕ, Хъазхъатарӕй Хъазхъуымыхъмӕ, Теркӕй Туркмӕ. Хистӕртӕ кӕстӕртӕн 10-12-аздзыдтӕн амыдтой зарын, кафын, фынгыл адӕмы ‘хсӕн хи куыд дарын хъӕуы. Хуыцау де уазӕг, ӕмӕ дӕ дзыхӕй исты ӕнӕуаг ныхас схауӕд. Расырдтой-иу ӕй фынгӕй, Хуыцау дӕ бахизӕт ӕмӕ фынгӕй сыстай цух-мухтӕгӕнгӕ. Адӕм-иу ыл ӕмхуызон сӕ цӕст ӕрӕвӕрдтой, ӕххы ту йыл кодтой. Кафын, зарын чи нӕ зыдта, уыдон та гочотӕ кӕнӕ сӕныччытӕ хуыдтой (лӕппутӕй).

Ныр та? Цалынмӕ бафсӕдынц, ныкъупритӕ вӕййынц, уӕдмӕ сӕ ничидӕр зарын фӕзоны, ничидӕр кафын, нал фӕзонынц фынгӕй уӕлӕмӕ стын. Дзуары бын та иууыл диссагдӕр. Кӕрӕдзийӕн ӕппӕлын куы райдайынц: «Фондзӕй 30 л. сӕн ныффу кодтам, иу чысыл фыркъа адастам». Зианы фынгыл ӕрма уӕле ничи фӕбады, стӕй чи ӕрбады, уымӕ та дӕле уӕлӕмӕ хъӕр райдайынц. Ӕрымысынц кӕйдӕрты мӕрдтӕ, цӕмӕй сын рухс зӕгъой ӕмӕ рухсы рӕгъытӕ азизынц 14-15. Хистӕр сыстад, уӕддӕр ма йӕ дӕле фӕбадынц.

Хистӕр ӕмӕ кӕстӕр бӕрӕг нал ис. Зианы ӕмӕ цинаджы фынгтӕй ницы хъауджыдӕр ис. Ӕрмӕст ма зианы фынгыл «Ӕйтты зарӕг» нӕ ныккӕнӕм! Хорз у ӕмӕ уыцы зарӕг нӕ зонынц!!!

Сӕр, бӕрзӕй, ӕртӕ фӕрсчы, ӕртӕ чъирийӕ кӕцы-йыл чердӕм ахӕцын хъӕуы, уый кӕй куыд фӕнды, афтӕ кӕнӕт. Уыдӕттӕ нырыккон хъомылдзинадӕн ӕппындӕр ницы пай да сты. Хъус ӕр дарын хъӕуы, зианы фынгӕй банкет кӕй саразӕм, уымӕ!!! Иуӕй-иутӕм ис ахӕм уырнындзинад, цыма йӕ хисты фынгтыл ӕлцы ӕвӕрд куынӕ уа, уӕд мӕртты бӕсты курӕг цӕудзӕн, уӕлӕуыл йӕ хис-ты дзаджын фынг кӕмӕн уыд, уыдонмӕ. Чи дзы уыд? Чи сӕ федта? Уыдӕттыл фыссыны бӕсты хъус ӕрдарын хъӕуы ахуыр-хъомыладон фарстытӕм. Уыцы фарстытыл фыссын хъӕуы. Нӕ йӕ хатут, цы цӕуы, уый? Уыдӕттӕ фыссыны бӕсты нӕ истори ныффыссӕм, нӕхи цӕстӕй цы федтам, уый. Цӕмӕй та йӕ мӕнӕ енырау 100 азы фӕстӕ суфа рауай-бауайтӕй ма агурӕм, ма та йӕ агурӕм амтъӕпп-уымтъӕппытӕй!.

Уый тыххӕй та ахуырадыл, патриотикон хъомыладыл схӕцын хъӕуы.

Ахъуыды ма кæнæм, нæ истори, нæ культурæ нын сæхи бакодтой нæ сыхæгтæ, махæй сбирæ сты. Мах, ирон адæм, кæрæдзи куы уарзиккам, уæд нын ахæм митæ нæ кæниккой нæ сыхæгтæ иуæрдыгæй дæр æмæ иннæрдыгæй дæр. Фæлæ уыдон зонынц, мах кæрæдзийыл нæ хæцæм, кæрæдзи хæрæм дæндагæй æнæхсæвæр бæхтау, архайæм, цæмæй иу иннæмæн сараза цы ʻвзæрдæргæнæн ис, ууыл, кæрæ-дзи ссæндæм, соцсеты кæрæдзи загъта-бухтайаг кæнæм, кæрæдзийыл цъыф калæм, уыдон та сты гуырдзыйы шпионтæ æмæ не знæгтæнта сæ зæрдæтæ хурварс абадынц, уыцы шпионты æлхæнынц. Пайда кæнынц нæ кæрæдзимæ æнæуынондзинадæй æмæ сабыргай алцы кæнынц сæхи, æмæ йæ сомбон æххæстæй сæхи бакæндзысты, цы нæм ис, уый. Афтæмæй нæ кæддæры æххуырстытæн мах суыдзыстæм цагъайрæгтæ. Æруарзæм, æруарзæм кæрæдзи, уаих фæуат! Не знæгты фæндиаг нæхи цы кæнæм!!! Нæ фыдзонд нæ кæрæдзи æнæуынондзинадæй æмæ фырзыды уагæй нæхи иппæрд кæнæм. Сæйраг хъæуæг фарстатæй!!! Нæ фыдæлтау алæрдæм ма рассæнд-бассæнд кæнæм, нæ фæстæгты ихы уæлæ ма ныууадзæм!!!

Ацы дамдумгæнджытæ та иваргонд куы цæуиккой, уæд сæ къудитæ сæ быны бакæниккой!

Цæмæй не ʻвзаг сфидар уа, рæза, уый тыххæй цы хъæуы?

  1. Ирон æвзаджы ахуыргæнæн чингуытæ æмæ дзырдуæттæ хъуамæ фыссой, скъолайы куысты фæлтæрддзинад кæмæ ис æмæ зонадон куыстмæ здæхт чи у, ахæмтæ. Тæрныхтæ æмæ мынчытæ нæ!
  2. Адæмы фæйнæрдæм пырх нæ хъæуы. Аразын сын хъæуы æмбæлон уавæрыл цæрыны фадæттæ алыхуызы дæр. Иу адæймаг 7-8-10 раны куыд хъуамæ куса, æмæ иннæ та иу ран дæр ма куса. Цы хъуамæ фæуа. Лæппутæ бинонтæ нæ кæнынц. Сæ ныхас у «Цæмæй йæ дарон, иу фæлыст ын дзаума ма балхæнон». Цот къаддæрæй-къаддæр кæны. Адæм нæ фылдæр кæнынц.
  3. Патриотты уæле ма хъуамæ уой, зын уавæры йæ адæмы чи ныууæй кодта, уыдон. Цæмæн хъуамæ уой 3-5 бынæтты!!! Патриотты моралон æгъдауæй марын нæ хъæуы. Къухдариуæггæнджыты бынæтты уыдон хъуамæ кусой. Шабашниктæм, хъуызилтæм приеммæ ма хъуамæ лæууой – иннæрдæм хъуамæ уа!!!
  4. Стыхджын хъæуы уарзондзинад фæсивæды æхсæн нæ зæхмæ, нæ культурæмæ, нæ адæммæ, нæ сыхæгтæ куыд кæнынц цæгатæрдыгæй дæр æмæ хуссарæрдыгæй дæр, афтæ! Хæст уыд, нæ уыд уый цæмæннæ зонынц? Чи хæцыд, цæуыл хæцыд, цæй тыххæй? Нæй патриотикон хъомылдзинад. Цæмæн нæ бахъуыд æмæ дзух азæн йæ райдианæй йæ кæронмæ фæлхатт кæнæм, адæмæн пайда цы не сты, ахæм мæнгуырнондзинадимæ баст уацтæ. Кæддæр уыцы бæрæгбонтæн уыд хъомылдзинады нысаниуæг, фæлæ ныр та? Бирæ бахæр, баназ æмæ хыл самай, æнæуаг дзыхæй дзур!

Цæмæй ацы фарстатæ раст скъуыддзаг æрцæуой, уый тыххæй хъæуы кæрæдзи æмбарын, æхсæнады рæстдзинад.

Гъе мардзæ исчи. Бынтон сæфт кæнæм!

20.8.2016 аз

ДЗАБИТЫ Зарбег, профессор.

(Бæрæг аххосæгтæм гæсгæ

мыхуыр цæуы фæцыбыргондæй,

фæлæ æнæредакцигондæй)

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.