Бирӕ рацӕрын ӕмӕ йӕ фыдыбӕстӕйӕн зӕрдӕйы фӕндиаг балӕггад кӕнын нӕ бантыст Тӕболты Солтанбегӕн, фӕлӕ йӕ цыбыр царды цӕуыл аххӕссыд, уыдон дӕр ӕвӕджиауы хӕрзиуджытӕ сты, абон дӕр ӕмӕ фидӕны дӕр Ирыстоны истори кӕй ӕндава, уыдонӕн. Ацы уац-фыстæг ныффыста венгриаг ясмæ, ирон-венгриаг дзырдуат саразӕг, Къостайы æмдзæвгæтæ ратӕлмац кӕнӕг Матиасмӕ, нæ иумæйаг фыдæлты историйы тыххæй йӕм цы цымыдисаг зонӕнтӕ уыдис, уыдоны йемӕ адих кӕныны охыл.

Историмӕ куы бавналай, уæд дзы бирæ алыгъуызон хабæрттæ райхъуысдзӕн. Алчи дӕр ӕппӕлы йӕ фыдæлтæ æмæ йæ историйæ. Уый  раст у. Уымæн æмæ адæймаг йæ фыдæлты цас уæлдæр нымайа, уыйбæрц йæхицæн дæр царды мидæг уæлдæр хæстæ æвæры æмæ йын фылдæр бантысы. Уымæ гæсгæ адæймаг хъуамæ зона, кæцæй æмæ кæмæй рацыд.

Мах скъолайы нæ фыдæлты истори нæ ахуыр кодтам, уымæн æмæ хауæм Уæрæсемæ æмæ ахуыр кодтам уырыссаг истори. Фæстæдæр, институы куы ахуыр кодтон, уæд мæхæдæг иугыццыл цыдæртæ кæсын байдыдтон, æмæ уыдысты аргъæутты хуызæн, уæвæн кæмæн нæй, ахæм хабæрттæ. Æгæр диссаг уыдис нæ фыдæлты истори. Рæстдзинад бамбарыны тыххæй кæсын байдыдтон зонадон чингуытæ. Уыимæ, цæмæй гуырысхойаг ма уа, уый тыххӕй фылдӕр кастæн, сæ автортæ ирон кæмæн не сты, ахӕм зындгонд ахуыргæндты чингуытæ.

Мæнæ ныр дæр хъавын дӕу ахæм чингуытæй иуы мидисимæ цыбырæй базонгæ кæнын. Ныффыстой йæ норвегиаг ахуыргонд, зындгонд лæг Тур Хейердал æмæ исландиаг ахуыргонд Пер Лиллиестрйом. Сæ дыууæ дæр сты викингты фæдонтæ. Викингты хабæрттæ дунейæн зындгод сты, ныфсджын æмæ тыхджын адæм уыдысты. Фæлæ кæцæй равзæрдысты, уый сын сæ фæдонтæ ныры онг дæр нæ зонынц, кæд сæ сæрыстыр сты, уæддæр. Æмæ мæнæ ацы дыууæ лæджы сфæнд кодтой сæ рагфыдæлты истори базонын. Уæлдайдæр та сын цæмæй райдайой, уый уыдис: æртындæсæм æнусы Снорри Стурлусон уыцы историйы хабæрттæ лæмбынæг фæфыста. Снорри Стурлусон уыдис йæ рæстæджы Исландийы æппæты ахуыргонддæр лæгтæй иу. Уыимæ ма уыдис æппæты хъæздыгдæр лæгтæй дæр иу. Уымæ гæсгæ йæ бон бацис йæ алыварс ахуыргонд адæм æрӕмбырд кæнын дæр æмæ чингуытæ ныффыссын дæр. Фысгæ та уыцы заманы кодтой уæрыччы цæрмттыл, æмæ чиныг ныффыссын тынг зынаргъ лӕууыд. Афтæмæй Тур Хейердал æмæ Пер Лиллиестрйом сæ фыдæлты хабæрттæн цы ба-зыдтой, ууыл ныффыстой дыууæ чиныджы. Сæ дыккаг чиныг хуыйны «Одины фæдыл» æмæ ныр уый кой кæнын. Афтæ рауад, æмæ сæ фыдæлтæ мах фыдæлтимæ æнгом баст разындысты.

Куыд загътон, афтæмæй æртындæсæм æнусы Исландийы цардис поэт æмæ фыссæг, зындгонд лæг Снорри Стурлусон. Уый йæ чингуытæй иуы, «Зæххы къори» чи хуыйны, уым ныффыста, цæгатаг бæстæтæн сæ паддзахтæ кæцæй равзæрдысты, уыцы истори. Алцы дæр дзы бæлвырдæй фыст уыдис, чи, кæд æмæ кæцæй рацæугæ у, уыцы хабæрттæ.  Уæды заманты Европӕйы чырыстон дин тыхджын уыдис æмæ йын йæ историмæ сæ хъус тынг нæ дардтой. Æнудæсæм æнусы та йын чырыстон ахуыргæндтæ йæ истори аргъæуттæ рахуыдтой. Абоны онг дæр сæм ахæм цæстæй кæсынц. Тур Хейердал та сфæнд кодта, уыцы чиныджы цы цаутæ фыст ис, уыдон басгарын, зӕгъгӕ, кӕд дзы исты археологион æрмæг разынид…

Афтæмæй исландиаг историон ахуыргонд Пер Лиллиестрйомимæ сарæзта экспедици Уæрæсемæ, Доны был горæт Азовмæ.

Уыцы хабар куы айхъуыст, уæд ыл Норвегийы ахуыргæндтæ зæрдиагæй фæхудтысты, Тур Хейердал, дам, зæрырдæм сӕрра, суанг ма сæ газетты дæр рауагътой уыцы хабæрттæ. Фæлæ экспедици тынг бирæ археологон æрмæг æрӕмбырд код-та, сæхæдæг дæр æнхъæл цы нæ уыдысты, уый бæрц. Афтæмæй Снорри Стурлусон рæстытæ кæй фыста, уый сбæлвырд кодтой. Æрмæст ма йæ хъуыди равзарын, кæй тыххæй фыста Снорри, уыдон чи уыдысты, уый. Снорри уыцы адæмы хоны астæ, фæлæ хъуыддаг уый мидæг уыдис, æмæ кæд астæ цæгатаг бæстæты историйы зынгæ бынат ахсынц, уæддæр сын сæ ахуыргæндтæ ницы зонынц. Уыдон сын абон дæр æнхъæл сты мифологон адæм, æцæг чи нæ уыд, ахæм. Уымæ гæсгæ Хейердал дæр фыццаг не ‘мбæрста, чи уыдысты астæ ӕмӕ алырдæмты хъуыды кодта. Хорз æмæ йын уырыссаг ахуыргæндтæ, Азовы йемæ чи куыста, уыдон, бамбарын кодтой, уыцы адæм бæлвырдгонд раджы кæй æрцыдысты, уый, Ас-тæй уæлдай ма сæ алы адæмтæ кæй хуыдтой, уый дӕр – Йас-тæ, Аз-тæ, Ос-тæ, Алантæ.

Снорримæ гæсгæ та, цыбырæй йæ куы фыссон, уæд хабæрттæ афтæ уыдысты: Бердзентæ (еллинтæ) Тройы куы басастой, уæд йæ цæрджытæй чи фервæзт, уыдон дыууæ дихы фесты æмæ фæйнæрдæм ацыдысты: сæ иу хай сæ паддзах Енейимæ ацыдысты хурныгуылæнырдæм æмæ æрбынат кодтой Италийы æмæ дзы сарæзтой ног горæт Ром. Иннæтæ – 12 мин адæймаджы – наутыл ацыдысты хурыскæсæнырдæм æмæ æрбынат кодтой ныры Азовы горæты бынаты æмæ дзы сарæзтой горæт Асгард, уый уыдис Асаланды, кæнæ та йæ хуыдтой Асахейм, бæстӕйы сæйраг горæт. Уым уыдис ахæм æгъдау, æмæ-иу сын уыдис дыууадæс Хуыцауы лæгтæ. Уыдон-иу Хуыцауæн кусарттæ акодтой, стæй адæмæн дæр тæрхон кодтой. Адæм та сæм хъуыстой æмæ сын кад æмæ æгъдау кодтой.

Уым Фрилавæн уыд фырт Воден, цæгаты Один кæй хонынц, уый.

Одины фыдæлты номхыгъд: Тройы иу паддзахæн йæ ном уыд Мунон кæнæ Меннон. Йæ ус уыд сæйраг паддзахы чызг, йæ ном Троан. Уыдис сын фырт Трор, мах æй хонæм Тор. Уымæй рацыдысты: Лориди – Ейнриди – Вингетор – Вингенер – Моди – Маги – Сескив – Бедвиг – Атри (Аннан) – Итрманн – Херемод – Скйалдун (Скйолд) – Бйав (Бйар) – Йат – Гудолв – Финн – Фриалав (Фриадлейв) – Воден (Один).

Один уыдис тынг бакастджын æмæ зондджын. Йæ ус хуындис Фригида, цæгатæгтæ та йæ хуыдтой Фригг. Дыууæйæ дæр уыдысты дæснытæ, сæ бон уыдис, цы уыдзæн, уый фæрсын. Æмæ базыдтой, сæ сомбон цæгатаг бæстæтимæ баст кæй у, уым сын стыр кад кæй скæндзысты сæхицæн дæр æмæ сæ цотæн дæр.

Один уыдис хъæбатыр хæстон. Ахæм хæст нæ уыд, кæм-иу нæ фæуæлахиз. Йемæ балцы кæдфæндыдæр цыдысты адæм, уымæн æмæ уæлахизыл гуырысхо нæ кодтой. Афтæмæй Один уыдис Асгарды сæргълæууæг.

Ромаг æфсæдтæ Асаландмæ хæстæг кæнын куы байдыдтой, уæд Один Асгарды сæргъы ныууагъта йæ дыууæ æфсымæры, Ве æмæ Вилийы, йæхæдæг йæ адæмæй дзæвгар ракодта æмæ рабалц кодта. Фыццаг ацыд хурныгуылæнырдæм, стæй хуссарырдæм, саксыты бæстæм. Уым бирæ зæххытæ йæ дæлбар бакодта æмæ дзы йе ‘ртæ фырты паддзахтæй сæ-вæрдта. Цæгат Германы цы æртæ фырты ныууагъта, уыдонæн сæ нæмттæ уыдысты Вегдег, Балдег æмæ Сиги. Сноррийы заман уыцы бæстæтæ хуындысты Хурыскæсæн Саксланд, Вестфалли æмæ франкты бæстæ.

Один йæхæдæг ацыд дарддæр цæгатырдæм æмæ схæццæ, Рейдготланд чи хуынди, уыцы бæстæм. Йæ дæлбар æй бакодта æмæ дзы паддзахæй сӕвæрдта йæ фырт Скйолды. Скйолды фырт та хуындис Фридлейв. Уымæй рацыдысты Скйолдунгы мыггаг. Уыдон сты Данийы паддзахтæ. Йæхæдæг та ацыд дарддæр цæгатмæ, ныр Швеци чи хуыйны, уыцы бæстæм.  Бацæуыны размæ уыцы бæстæм барвыста хабæрттæ басгарынмæ йæ зонаг адæмæй иу сылгоймаджы, йæ ном – Гевйон.

Уымы паддзах хуынди Гйулви. Уый куы базыдта, астæ (алантӕ) йæм æрбацæуынц, уæд сæ размæ рацыд, æмæ загъта Одинæн, йæ бæстæйы йæ бон паддзахиуӕг кæнын кӕй у, цас æй бафæнда, уый бæрц. Уымæн æмæ зыдта, Один-иу цы бæсты уыд, уым-иу бæркад æмæ сабырдзинады рæстæг ныллæууыд Одины фæндонæй.

Одинæн уыцы ран йæ зæрдæмæ фæцыд, æмæ дзы сарæзта горæт, ныр Сигтуна чи хуыйны, уый. Æмæ дзы, Тройы цы ‘гъдау уыдис, афтæ дыууадæс лæджы йæ сæргъы сæвæрдта. Йæхæдæг та ацыд дарддæр, цæгатмæ, цалынмæ денджызмæ нæ бахæццæ. Уыцы паддзахадæн, ныр Норвеги чи хуыйны – паддзахæй сӕвæрдта йæ фырт Семингы. Уымæй рацыд Норвегийы паддзахты мыггаг, стæй иннæ сæрдартæ æмæ уæздæттæ, Халейгты номхыгъды куыд фыст ис, афтæмæй.

Астæ ногӕй кæмыты æрцардысты, уым сæхицæн устытæ æрхастой, чи та йæ фыртæн бинонтæ скодта, æмæ сæ цот уыйбæрц бабирæ сты, æмæ æнæхъæн цæгатаг бæстæтыл ахæлиу сты. Се ‘взаг та æгас цæгатаг бæстæты æвзаг баци.

Фæстæдæр, 494 азы, Кердик æмæ йæ фырт Кинрик (Одины фæдонтæ) фондз науыл рахызтысты Британи-сакъадахыл, Кердикесоры былыл. Æхсæз азы фæстæ Кердик æмæ Кинрик бацахстой хурныгуылæн саксыты паддзахад. Уыдон уыдысты фыццаг сæргълæуджытæ – бриттытæй хурныгуылæн саксыты зæххытæ чи байста.

Дарддæр цæгатгермайнаг англ-саксытæ бритайнаг сакъадах бацахстой æмæ уым дæр Одины фæдонтæ спаддзах сты. Уыцы хабæрттæ ссарæн ис англисаг паддзахты номхыгъды. Винчестераг къухфыст Сноррийы фыстытимæ куы абарай, уæд сæ иухуызондзинадыл гуырысхо кӕнӕн нæй.

Æгас Европæйы дæр уыд ахæм æгъдау, æмæ цæмæй бæстæйы уа сабырдзинад, бæркад, уый тыххæй дзы паддзахæй хъуамæ уа Одины фæдонтæй исчи.

Фæстæдæр, викингтæ куы стыхджын сты, уæд сæ наутыл цыдысты дард балцыты, бирæ зæххытæ бацахстой æнæхъæн Цæгат Европæйы дæр, Уæрæсейы дæр паддзæхтæ систы, Британимæ дæр цыдысты (æмæ ам иннæ Одины фæдонтимæ сӕмбæлдысты) æмæ Британийæн йе ‘мбис байстой. Фæлæ уыцы хабæрттæ рагӕй бæрæг сты, æмæ уыдон кой нæ кæнын.

Ацы чиныджы ма бирæ хабæрттæ фыст ис, фæлæ сын сæ фылдæр мæ бон ахæм цыбыр фыстæджы ныффыссын нæу. Фӕлӕ бацархайдтон сæйраг мидис ныффыссын, мӕ рагфыдӕлты историйы сусӕгдзинӕдтӕй чысыл истытӕ раиртасын…

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.