Арæнгонд бæрндзинады æхсæнад арæзтадон компани «СТМ-Юг» Цхинвалы скъола-интернатæн балæвар кодта ног электрогенератор.

Ахуырадон уагдоны йæ сæр кæй хъуыд, уый хицауады зыдтой æмæ план кодтой йæ балхæнын. «СТМ-Юг»-ы къхудариуæггæнæг Коцты Олег уый базонгæйæ, æвæстиатæй аскъуыддзаг кодта проблемæ.

«Нæ компанийы специалисттæ къухдариуæггæнджы бахæсмæ гæсгæ, развæлгъау басгæрстой бæстыхайы æмæ сбæрæг кодтой, электроэнергийæ сæ домæнтæ цас сты, уый. Аппарат равзарынмæ дæр равдыстой бæрнон ахаст, хынцыд æрцыдысты хъуыддагмæ лæмбынæг æркастысты, ахæм критеритæ куыд, йемæ æнцонæй архайын, куыстхъомдзинад, мобилондзинад æмæ экономондзинад. Афтæмæй æлхæд æрцыд, йæ хъомысад 8 кВт кæмæн у, ахæм генератор, кæцы æмбæрзы ахуырадон уагдоны æппæт хъуагдзинæдтæ. Сæйраг уый у, æмæ скъола ныр ифтонг кæй у йæхи электорэнергийæ электрохызæгты авариты рæстæджы. Æхсызгон нын у сывæллæттæн бахуысс кæнын», – загъта «СТМ-Юг»-ы сæйраг инженер Таймураз Кантеев.

Арæзтадон компанийы саразгæ хорз хъуыддагыл дзургæйæ, Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик банысан кодта, зæгъгæ, социалон хæстæ сæхимæ чи исынц, уыцы амалиуæггæнджытæн, хъæуы кад кæнын æмæ бузныг дзурын.

«СТМ-Юг» куыд арæзтадон организаци, афтæ йæхи равдыста хорз, æххæст гуырахстæй æххæст кæны йæ разылæууæг хæстæ. Скъола-интернатæн хорз хъуыддаг саразгæйæ, уый йæ репутаци ноджы фæбæрзондæр кодта. Амалиуæггæнджытæ, кæцытæ тырнынц æрмæст æфтиаг райсынмæ нæ, фæлæ æхсæнадæн социалон фарстытæ скъуыддзаг кæныны бахуысс кæнынмæ, аккаг сты, цæмæй сын мах дзурæм бузныджы ныхæстæ», – загъта Хицауады Сæрдар.

РХИ-йы Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.