Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик кодта Цхинвалы скъола-интернатæн балæвар кодта ног микро-автобус.

«Ахуырадон уагдæтты фарстытæ, кæцытæ хауынц сывæллæтты цардархайды æдасдзинадмæ, сты республикæйы къухдариуæгады уæлдай контролы бон. Хицауад фадат ссардта ахуырадон уагдон ног, æмбæлгæ автотранспортæй сифтонг кæнынæн, цæмæй ахуырдзауты кæной æрмæст республикæйы арæнты нæ, фæлæ дарддæр маршруттæм», – банысан кодта Пухаты Эрик.

Ахуырадон уагдоны директор Тедеты Роланд бузныджы ныхæстæ загъта Хицауадæн, ацы фарст оперативонæй скъуыддзаг кæй æрцыд, уый тыххæй.

«Автотранспорты проблемæ махæн фæстаг рæстæджыты уыд актуалон, уымæн æмæ раздæры автомобиль, кæцы нын балæвар кодта Нефтеюганскы хæрзаудæн фонд «Созидание»,  нæ къух арæзта 10 азæй фылдæр æмæ уый нал бæззы. Бузныг уын, мæ куырдиатмæ мын кæй æркастыстут æмæ иумæйагæй скъола-интернаты фарстытæ æнæфæи-вгæйæ кæй сты республикæйы къухдариуæгады хъусдарды центры», – банысан кодта Тедеты Роланд.

Ныртæккæ скъола-интернаты ахуыр кæнынц 200 сывæллонæй фылдæр цæрджыты социалон æгъдауæй æххуысхъуаг бинонтæй: сидзæртæ, республикæйы дард хъæутæй сывæллæттæ, афтæ ма рынчын сывæллæттæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.