Нæ горæты дзæвгар ис, карз низты аххосæй сынтæгмæ баст чи у æмæ бирæ азты дæргъы хæдзарæй рахизын йæ бон кæмæн нæу, ахæмтæ. Фæстаг цалдæр азы нæ республикæйы Президент Бибылты Анатоли бындур цы хæрзаудæн фонд «Аланийы иудзинад»-æн æрæвæрдта, уый фæрцы ахæм инвалидтæн бирæ коляскæтæ балæвар æрцыд. Уыдоны нымæцы ис нæ горæты Гафезы уынджы 6-æм хæдзары бирæуæладзыгон хæдзары цæрæг Уалыты Зоя дæр. Уымæн аст азы дæргъы хæдзарæй рахизын йæ бон нæ уыд, фæлæ ныр кæртмæ рахызт, йæ фатермæ пандус арæзт куы æрцыд, уæд.

Æрæджы ма куыд фыстам, афтæмæй нæ горæты Белинскийы уынджыл арæзт цæуы инвалид адæймæгтæн центр «Точка опоры», зæгъгæ. Проекты автор у Хъæцмæзты Лео. Уый йæхи сæрмагонд фæрæзтæй йæ сæрмагонд хæдзары цæттæ кæны коляскæтыл цы инвалидтæ бады, уыдонæн хæрзаудæн центр. О, фæлæ цæмæй инвалид йæхи æхсæнадæй иппæрд ма хата, уый тыххæй æрмæст коляскæ фаг нæу. Бирæуæладзыгон фатерты цæрæг инвалидты уавæр бынтон æвзæр уыд. Хъыгагæн, раздæр цымуниципалон хæдзæрттæ арæзт æрцыд, уыдон мидæг пандустæ нæй. Фатерты мидæг цы дуæрттæ ис, уыдон дæр дзуапп нæ дæттынц коляскаджын рынчынтæн змæллынæн. Æппæт ацы проблемæтимæ æввахс зонгæ у нæ бæстæйы сæргълæууæг. Æрæджы уый фæдзырдта Хъæцмæзты Леомæ æмæ æруынаффæ кодтой, инвалидтæ цы бирæуæладзыгон хæдзæртты цæры, уырдæм пандустæ саразыны проектыл. Хъæцмæзты Лео куыд зæгъы, афтæмæй «уый у фыццаг фæзынд Хуссар Ирыстоны æхсæнады, хицауад æргомæй йæ хъусдард низæфхæрд адæмы проблемæтæм куы аздæхта, уыдон удæнцойæн конкретон къахдзæфтæ куы аразы. Ацы аз æз президенты хæслæвæрдмæ гæсгæ хъуамæ саразон авд пандус. Йæ хæрзаудæн фонды фæрæзтæй амал æрцæудзысты пандустæ аразынæн цы æрмæджытæ хъæуы, уыдон æмæ сæ мæхæдæг та монтаж скæндзынæн».

Инвалидтæй  фыццаг ацы хæрзиуæг сæмбæлд, уæлдæр куыд загътам, афтæмæй Уалыты Зояйыл.

Сылгомаджы йæ уæззау хъысмæт æркодта инвалидон коляскæмæ. Йæ дыууæ фырты мæлæт, уый фæстæ 2008 азы 8 августы хæсты рæстæджы хæдзары ныккæнды цалдæр суткæ куы баззад, уæд йæ къæхтæ æндзыг кæнынрайдыдтой. Къæхты æнгуылдзтæй та хæф райдыдта цæуын. Уавæр цъус куы фæсабыр, уæд зæрдæйы операци æмæ йын гангренæ кæй райдыдта, уый тыххæй та йын йæ къах ралыг кодтой. Ныр сылгоймагæн бирæ азты йæ уæззау низтимæ тох кæныны æххуыс кæны йæ чызг Лиа.

«Мæ мадæн иунæгæй ныууадзæн нæй. Уымæ гæсгæ никуы кусын. Æгæрыстæмæй мын цæхæрадонмæ ахизыны фадат дæр нæй. Нырмæ пенси дæр истам, йæ фæдыл азилыны уавæр мын кæй нæ уыд, уый аххосæй. Иу рæстæджы рахуаты аззадыстæм алкæмæй дæр, хатт-иу нæм хостæ, æгæрыстæмæй, бинт дæр цæмæй балхæдтаин, уый фаг æхца дæр нæ уыд. Æрæджы нæм æрбацыд Президенты уынаффæгæнæг Гæззаты Давид. Фæрафæрс-бафæрс нæ кодта. Йæхæдæг нын æрæмбырд кодта инвалиды пенсийæн цы гæххæттытæ хъæуы, уыдон. Балæвæрдта сæ пенсион фондмæ, ныр мах æнхъæлмæ кæсæм пенси райсынмæ. Æрæджы та мæ мад йæхи тынг æвзæр хатыд, хъуыд æй Цæгат Ирыстонмæ, Беслæны цы бирæпрофилон хосгæнæндон ис, уырдæм аласын. Уыцы хъуыддаджы нæ фарсмæ æрбалæууыд Æнæниздзинады æмæ социалон райрæзты министр. Мæ мадыæфсымæр æмæ мын сыхæгтæ дæр арæх баххуыс кæнынц, сæ бон цæмæй вæййы, уымæй», – зæгъы рынчын сылгоймаджы чызг Беруашвили Лиа.

Уалыты Зоя та йæхæдæг куыд загъта, афтæмæй йæ дыууæ фырты мæлæты, сæкæрниз, зæрдæйы операцийы, стæй гангренæйы фæстиуæгæн ын йæ къах кæй ралыг кодтой æмæ йын хæдзарæй æддæмæ рахизæн кæй нал уыд, уый тыххӕй æппынæдзух бæллыд мæлæтмæ. Рудзынгæй кæсгæйæ бæллыд искуы йын фадат куы фæуаид æмæ уынгмæ куы ахизид, уымæ. Æмæ йын ныр уыцы бæллиц сæххæст Хъæцмæзты Леойы фæрцы. «Бибылты Анатолийы хæслæвæрдмæ гæсгæ мын мæ фатермæ сарæзта пандус. Ныр та мын мæ фатеры цы рацаразинæгтæ уыд, цæмæй дзы коляскæ азмæла сæрибарæй, уыдæттыл архайы. Хъæцмæзты Леойы фæрцы феуæгъд дæн, зæгъæн ис, уацарæй. Æрæджы Парламентмæ взæрстыты хъæлæс кодтон 16-æм фадыджы. Хорз бахъуыды кодтон кæцы номырæй схъæлæс кодтон, уый дæр  – 251. Афтæ мæм фæкаст, цыма дыккагæй райгуырдтæн. Æвзарæн фадыгмæ мидæмæ нæ бахызтæн – бæстыхай сахъат адæмы уавæртæн арæзт нæу, фæлæ мæм къамисы чызджытæ æддæмæ рахызтысты. Уæддæр иумæйаг уавæрты хъæлæс кæй радтон, уый тыххæй цинæй мардтæн. Уый размæ та-иу мæм ме ‘мбæстаг хæс бафидыны тыххæй сæхæдæг цыдысты хæдзармæ», – цингæнгæ дзырдта сылгоймаг.

Хъæцмæзты Леойы руаджы ацы проект дарддæр цæуы.

Лео куыд зæгъы, афтæмæй тагъд арæзт фæуыдзæн центр «Точка опоры» дæр æмæ уæд коляскæджын инвалидтæн  фадат уыдзæн уырдæм æрбацæуынæн. Уым канд улæфыны фадæттæ нæ уыдзæн, фæлæ ма уыдзысты куыстыл лæуд дæр.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.