“Уыцы рæстæджы не ‘фсæдтæн сæ бон уыд Гуырдзыстоны паддзахаддзинад скуынæг кæнын, сæ хицауады сын раивын. Саакашвилийы æрцахсын,” – загъта уæрæсейаг сенатор Франц Клинцевич. Уый ахæм аргъ скодта, “эмоцитæ æвзæрынгæнæг” Уæрæсейы Федерацийы сæргълæууæджы хъусынгæнинагæн хиуылхæцгæ дзуапп радтыны тыххæй Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министры æрсидтæн.

«Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путин æрæджы гуырдзиæгты зæрдыл æрлæууын кодта Абхазы оккупаци æмæ 90-æм азы ирæтты геноциды факттæ.

Владимир Путины уыцы ны-хæстæн дзуаппæн Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министр Леван Изория æрсидт йæ адæммæ, цæмæй уæрæсейаг фарсы «эмоцитæ æвзарынгæнæг» æрсидтытæн дзуапп лæвæрд æрцæуа бæстæйы (ома, Гуырдзыстоны) стратегион курс адарддæр кæнынæй, кæцымæ хаст сты 27 июлæй 9 августмæ НАТО-йы эгидæйы бын æнæпрецедентон æфсæд-дон ахуыртæ ауадзын, цыран хайад райсдзысты НАТО-йы бæс-тæтæй цыппæрдæс æмæ Цæгататлантикон паддзахадты бæс-тæты æртæ минæй фылдæр хæстоны.

Кæд Гуырдзыстон Путины ны-хæстæн дзуаппæн йæхи территорийыл тынг активонæй алыгъуызон хæстон ахуыртæ уадзы НАТО-йы бæстæты хайадистæй, уæд ма йæ цæмæн хъæуы истерион хъусынгæнинæгтæ аразын.

Уæдæ цæмæй сты раст æмæ ныфсæвæрæн Изорияйы ныхæстæ? Хæстон архайдтытæм йæхи кæй цæттæ кæны, уымæй?

 «Кæд уæрæсейаг фарсы уыцы хъусынгæнинаг «эмоцитæ сæвзæрын кодта» Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министр Леван Изориямæ, уæд йæ дзуапп уыд раст æмæ ныфсдæттæг», – загъта Уæрæсейы Федерацийы Федералон Æмбырды Федерацийы Советы Хъахъхъæнынад æмæ æдасдзинады фæдыл комитеты сæр-дары хæдивæг Франц Клинцевич.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, ахæм тоналондзинад æвдисæн у, 2008 азы урокæй гуырдзиаг æхсæнад хатдзæгтæ кæй сарæзта, уымæн. «Æниу, кæй зæгъын æй хъæуы, чифæнды цыфæндыдæр ма дзура, уæддæр абон реваншистон æрсидтытæ тынг арæх хъуысынц гуырдзиаг хæстонты ‘хсæн», – банысан кодта уæрæсейаг политик.

«Зæрдыл æрлæууынæн æз зæгъдзынæн уый, æмæ Хуссар Ирыстон æмæ Абхаз историон æгъдауæй никуы уыдысты Гуырдзыстоны сконды, уыдон уырдæм батардтой, Советон Цæдис куы арæзтой, уыцы рæстæджы, раст зæгъгæйæ та сæ бацæуын кодтой. Сæ рæстæджы  Советон Цæдис куы рæзт, уый размæ уыдон уыдысты æххæстбарджын республикæтæ, куыд Белорус æмæ Украинæ, афтæ, фæлæ «нациты фыдты» руаджы цы ‘рцыд, уый æрцыд»,  – бахахх кодта Клинцевич.

Сенатор куыд загъта, афтæмæй «Советон Цæдисы ныппырхы фæстæ Уæрæсе куынæ уыдаид, уæд уыцы республикæты арæзт æрцыдаид геноцид». Фактон æгъдауæй та уым геноцид райдыдта 90-æм азты райдианы, фæмард сты æмæ æфхæрд баййæфтой мингай ирæттæ, абхазæгтæ æмæ æндæр нациты минæвæрттæ.

Уæд Гуырдзыстоны президент уыд Звиад Гам-сахурдия, шовинист æмæ нацист, кæцыйæн æхсæнадон-политикон архайды æппындæр ницы фæлтæрддзинад  уыд. Клинцевичы ныхæстæм гæсгæ, сыхаг адæмты адресыл Гамсахурдияйы радикалон ныхæстæн, æртхъирæнтæн абарæн нæй Гуыр-дзыстоны хъахъхъæнынады ныры министры æрсидтытимæ.

Уæрæсейаг политикы хъуыдымæ гæсгæ, «кризисы уавæрты хицауиуæгады сæргъ популист куы уа, уæд уымæй тæссагдæр ницы ис. Сенатор афтæ æнхъæлы, ома, абон Гуырдзыстоны къухдариуæгады фар-сæрдыгæй сидтытæ хиуылхæцгæ сты, фæлæ сæм æрвылаз дæр цалдæргай хæттыты уæрæхмасштабон хæстон ахуыртæ кæй уагъдæуы НАТО-йы æфсады хайадистæй, уый, мæнмæ гæсгæ, хиуылхæст нал у.   

Сенатор æрымысыд 2008 азы августы Хуссар Ирыстонмæ Гуырдзыстоны æрбабырст. Йæ ныхæстæм гæсгæ, 2008 азы нысанмæздæхтæй куынæг æрцыдысты уæрæсейаг хæстонтæ-фидауынгæнджытæ. Уый фæстиуæгæн Уæрæсейы бахъуыд Гуырдзыстоны тыхæй сабырадмæ æркæнын. Афтæмæй фыццаг хатт фæзынд термин «тыхæй сабырадмæ æркæнын», кæцы уæды онг нæ уыд æрмæст Уæрæсейы нæ, фæлæ æппæт дунейы дæр. Ныр уыцы термины нысаниуæг ахуыр кæнынц дунейы æппæт академиты.

«Истори нæ зоны хæстон архайдтыты ахæм хуыз. Уый сарæзтой æмæ дзы спайда кодтой нæ гарзджын тыхтæ, кæцытæ нæ бауагътой геноцид саразын.  Уыцы рæстæджы не ‘фсадæн сæ бон уыд Гуырдзыстоны паддзахаддзинад скуынæг кæнын, хицауиуæгад раивын, кæнæ та Саакашвилийы æрцахсын æмæ йæ ахæстоны сбадын кæнын. Дарддæр цы аразын хъуыд, уый та сарæзтаиккой Гуырдзыстоны ног хицауиуæгад сæхæдæг», –  банысан  кодта  Франц  Клинцевич.

Фæлæ уæд Уæрæсе равдыста толерантондзинад, политикон æгъдауæй хиуылхæцындзинад, фагыл банымадта фондзбонон хæсты фæуæлахиз, Хуссар Ирыстоны адæмы скуынæг кæнынæй аивæрзын кæнын æмæ нæ регионы сабырад æрбиноныг кæнын.

Клинцевичы ныхæстæм гæсгæ, Гуырдзыстоны хъæхъхъæнынады министры ныхæстæ хиуылхæцгæ æмæ зондзонæн сты, фæлæ хиуылхæцгæ у Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путин. Уый сабырæй, æнæ эмоцитæй банысан кæны, зæгъын æй цы фæнды, уый, уымæй равдисы йæ куырыхондзинад æмæ фидар удыхъæд.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.