Лæджы хуызæн лæг  нæм – стæм…

Къоста раджы ныссагъæс кодта ууыл, фæлæ… Цымæ абон та цы зæгъид?.. Хуыцауы бафæндæд, афтæ йæм цы нал фæкæса, фæлæ ма нæм цы лæджы хуызæн лæгтæ ис, уыдонæн дæр аргъ кæнынхъом кæй нал стæм, уый тыххæй мæрдты дыккаг мард акæнид…

Мемæ чи нæ сразы уа, уыдонæн фæбæлвырддæр кæндзынæн мæ хъуыды: ирон адæмæн Ирыстоны хуссар хай паддзахад цы уынаффæмæ гæсгæ фæзынд, уыцы историон уынаффæйыл ис Зассеты Феликсы къухфыст.  Йæ къух ыл цы бон æрфыста, уæдæй абоны онг лæггад кæны уыцы паддзахадæн; йæ къазна-иу ын куы сафтид кодтой, уæд-иу  æй алы хатт дæр Зассеты Феликс бацæрдгъуыз кодта. Бацæрдгъуыз нæ – йæ бындуртæ дæр-иу кæмæн бахсыдтой, уыцы бангы-иу цыбыр рæстæгмæ уд бауагъта, йæ къахыл-иу слæууын кодта республикæйы раууатмæ æрцæуæг финансон системæ!.. Уæдæ ахæм лæджы разæй кæй хъуамæ бахæссæм, чи сыстæм, уыцы лæджы хуызæн лæгты номхыгъдмæ?..

 Фæлæ нæ!..  Нæ ис, нæ бис кæй хъуырты аирвæзт, адæмы удыбæсты тыххæй æххуыс дæр милиардтæй чи аныхъуырдта, уыдон нын сæхæдæг сты абон лæджы хуызæн лæгты номхыгъды, уыдонæн нывонд кæнынц сæ удтæ нæ сылгоймæгтæ, уыдоны къамтæ ауындзынц сæ хъуыртыл дæр. Уымæн æмæ уыдон, сæ риутæ хойгæ, адæм-адæм хъæр кæнынц æмæ махмæ та сæйраг уый у – ахæмты уарзынц, ахæмтæ нæм сты хъайтартæ, национ геройтæ!

 Нæ бæрзæйæ гуырдзиаг æфсондз куы аппæрстам æмæ нæхицæн республикæ, хæдбар паддзахад саразыны фæнд куы скодтам, уæд æй бирæтæ бамбæрстой, нæ цыфыддæр знæгтæ нын æнæ стыр тугныккалд ахæм фадат кæй нæ ратдзысты. Æмæ сæхи айстой Ирыстонæй. Куы цыдысты, уæд афтæ чи дзырдта, иу кæрдзыны къæбæр мæ хъæуы æмæ йæ кæмфæндыддæр бахæрдзынæн, æрмæст æнæмаст, æнæфыдбылыз уон, зæгъгæ, уыдон ныр нæ паддзахады бындурæвæрджытæ фестадысты! Чи дзы уырыссаг танкты фæдыл тæргæ бæхыл æрмидæг, чи та дзы нырма дæр Мæскуыйы фæлмæн диваны ныгъуылдæй амоны зонд Ирыстон æмæ ирон адæмæн. Республикæ кæй къухфыстæй райгуырди æмæ уыцы республикæмæ йæ равзæрдæй фæстæмæ быцæутæ чи æвæры, уыцы фарны лæг – Зассеты уæздан æмæ зæды хуызæн лæг Феликс афтæ дæр никуы загъта: «мæнмæ дæр ма ракæсут æмæ байхъусут, æз дæр ам куы дæн…» Никуы загъта афтæ, уымæн æмæ уый, бонæй-бон стæмдæр чи кæны, уыцы лæджы хуызæн лæгтæм хауы. Уый йæ фыдыбæстæ æмæ йæ адæмæн уый тыххæй нæ лæггад кодта æмæ кæны, цæмæй уымæн дæр чъребайаг сылгоймæгтæ фейсбуччы йæ къам схъил кæной æмæ йын йæ бынмæ «националон хъайтар» ныффыссой…

Уый нæ, фæлæ йыл цъыфкалæн æмæ даутæ чи кодта, уыдонæй искуы искæй ных бакъуырдтаид, уый бар дæр никуы радта йæхицæн. Парламенты-иу Националон бангы афæдзы бакæнгæ куысты тыххæй хыгъд куы лæвæрдта, уæд-иу  æм чидæртæ, ирон æфсарм æмæ уаг æцæгæлон кæмæн сты, хистæр-кæстæры æмбарынадыл йæ къух раджы чи систа, ахæм чидæртæ нынныхмæ сты. Æмæ-иу дисæй мардтæн… Зассеты Феликсыл. Уымæн æмæ зыдтон: Феликсы-иу хъуыд æрмæстдæр дыууæ ныхасы зæгъын йæ ныхмæ дзурджытæн, æмæ æд бинонтæ лидзинаг фæуыдаиккой Хуссар Ирыстонæй… Уымæн æмæ алкæй хъулæттæ æмæ сау хъуыддæгтæ дæр зыдта. Фæлæ никуы радта йæхицæн уый бар дæр, бæлвырддæр зæгъгæйæ, йæ удыхъæды æфсæрмдзæстыг æмæ йын йæ ирон уæздандзинад никуы радтой ахæм бар…

Фæлæ райдайæм сæрысуангæй… Уыцы хъысмæтæвзарæн историон бон – 1990 азы 20 сентябры Хуссар Ирыстоны Адæмон депутатты областон Совет уæлдæрзагъдгонд уынаффæ куы цæттæ кодта, уæд бирæтæ, рухс кæм ахуыссын кодтой, уыцы залмæ парафин цырæгътæ æрбахæссыны æфсон сæхи æфснайынмæ фесты, Советы сæрдар  Зассеты Феликс та гумбаридзетæ, нишановтæ æмæ æндæртимæ сæрмагонд бастдзинады фæрцы тох кодта, уырнын  сын кодта, Хуссар Ирыстоны адæмæн æндæр гæнæн кæй нал ис, Гуырдзыстон æмæ сæ гуырдзиаг адæм сæхæдæг кæй æркодтой сæхицæн хæдбардзинад расидыны фæндагыл ныллæууынмæ. Стæй рæстæг рацыд, æмæ уæд сæхи æфснайынмæ чи фесты, уыдон иууылдæр патриоттæ фестадысты.

Хорз ма хъуыды кæнын, Зассеты Феликсы Хицауады Сæрдарæй (уæды Министрты Совет) кæм снысан кодтой, уыцы сесси. Хуыцау уæлейæ, зæхх – бынæй, Феликсы бынтондæр нæ фæндыд уыцы бæрнон бынатмæ, фæлæ сразы æрмæстдæр уый тыххæй, цæмæй йын искуы йæ цæстмæ ма бадардтаиккой, дæхимæ бæрндзинад райсынæй фæтарстæ, зæгъгæ… Хъуыды кæнын уыдæттæ дæр, уæд Зассейы фырты уыцы бæрнон бынатмæ снысан кæныны тыххæй йæ рихитæ дæр чи тыдта, уыдонæй чидæртæ куыд тагъд рацыдысты йæ ныхмæ æмæ йын йæ размæ цæлхдуртæ тулын куыд райдыдтой. Цæмæн? Уымæн æмæ афтæ æнхъæл уыдысты: иугæр йе вварс хæцыдыстæм, уæд нын нæ дзыппытæ байдзаг кæндзæн, нæ разы нын æвæлмон цард сыгъзæрин тæбæгъы æрывæрдзæн…

Фæлæ Зассейы фырт алкæмæн дæр сæрысуангæй бамбарын кодта, хæстарыд æмæ цардихсыд республикæйы хæринаг кæй ницы ис, исты дзы куы уа, уæд та адæмæн иумæ хæргæйæ хъуамæ уа…

Цæмæн ацыд уыцы бынатæй, цæмæн ныууагъта йæ куыст? Никуы нæм уыд ныхас уый тыххæй, никуы йæ бафарстон. Фæлæ мæ бон у дзуапп радтон йæхи бæсты дæр: уымæн æмæ уæззау блокадæ æмæ хæсты цæхæры æхсидгæ республикæ нырма йæ фыццаг къахдзæфтæ кодта, йæ къахыл слæууын кæнын æй хъуыди. Фæлæ лæг кард лæджы хурхмæ кæм дардта, уыцы дуджы зын уыд кусын Зассеты Феликсы хуызæн уæздан æмæ хиуылхæцгæ лæгæн. Уымæн æмæ йын æххуысгæнджытæ нæ уыд, йæхицæн дзы чи домдта, ахæмтæ та – цин дын фенон!..  Æмæ афтæмæй та кусæн, паддзахад аразæн нæй.

Августы хæст Феликсы æрæййæфта æфснайæн бангы сæрдары бынаты кусгæйæ. Æмæ та ам дæр афтæ… уæззау танкты бын чи хъæрзыдта, уыцы зæхх йæ ризынæй нæма банцад, афтæ та Зассейы фырт йæ дыстæ басчъил кодта æмæ æрывнæлдта куыстмæ. Цард алыварсонæй кæй сфæлтæрдта, уыцы куырыхон лæг æмбæрста, Ирыстоны бынтон скуынæгæй чи фервæзын кодта, уыцы Стыр Уæрæсе нæ цагъдуæлдай адæ-мы æнæ финансон-материалон æххуыс кæй нæ ныууаддзæн. Æмæ уый тыххæй та хъæуы финансон системæ æвæстиатæй йæ къахыл слæууын кæнын, цæмæй хæстарыд адæмæн компенсаци райсынæн уа æмбæлон уавæртæ.

Стæй та ногæй Националон бангы правленийы сæрдары бынат. Иуварсæй бакæсгæйæ афтæ зæгъæн уыд, ныр ын æнцондæр уыдзæн кусын, уымæн æмæ змæст, цардихсыд нæуæдзæм азтæ фæстейæ раджы баззадысты…

 Куыднæ стæй!..

Национ банг та разынд кæуинаг финансон уавæры… Абон чъребайаг сылгоймæгтæ националон хъайтартæ кæмæй аразынц, уыдон сын сæ Националон бангыл дæр æмæ сын стыр Уæрæсе йæ удыбæсты тыххæй цы стыр æххуысы фæрæзтæ æрæрвыста, уыдоныл дæр ахæм быныстъæрд сæвæрдтой, ахæм, æмæ Зассеты Феликсы ацы хатт æрмæст йæ дыстæ басчъил кæныны сæр нæ бахъуыд, фæлæ йæ къухтæм æмхасæнтæ кæныны сæр! Бангы раздæры къухдариуæгад кредитты хуызы фæйнæрдæм цы сæдæгай милуантæ фæлæвæрдта, уыдонæй афæдзгæйтты фæстæмæ здахæг нал уыд. Афтæмæй та куыд æмæ цæмæй хъуамæ кусай. Фæлæ та скуыста. Цыбыр рæстæгмæ та Зассейы фырт бангон системæ ахæм уагыл сæвæрдта æмæ Националон банг æрмæст йæхи дарынхъом не ссис, фæлæ йæхæдæг райдыдта æххуыс кæнын… Паддзахадæн, сфæлдыстадон куыстгæнджытæн, уæззау рынчынтæн, тыхст адæмæн…

Æмæ, кæд гæнæн ис, уæд иу-дыууæ ныхасы уыцы æххуысы тыххæй дæр:

Махæй алчи дæр йæхи мæгуыр æмæ æвæрæз хоны. Æгæрстæмæй æртæ-цыппар фæсарæйнаг машинæ кæй дуар-мæ урæд ис, уыдон дæр. Фæлæ не хсæн ис ахæмтæ, æддæмæ кæй тæригъæд нæ зыны æмæ нæ хъуысы. Парламенты ма куы куыстон, уæд ахæмтæй бирæты тыххæй бахатыдтæн, уыдонæн баххуыс кæнын кæй комкоммæ хæс уыд, ахæмтæм. Фæлæ… Æмæ та-иу, кæйдæрты дурзæрдæ æмæ уазал ахастæй фæрисгæйæ мæхи бакъул кодтон… Зассеты Феликсмæ. Мæ цæсгом та-иу æм куы батардтон, æмæ-иу ын куы райдыдтон дзурын, баххуыс кæнын кæмæн хъæуы, уый кæнæ уыдон чи сты, кæмæй сты, уæд-иу мæ алы хатт дæр фæурæдта:

– Мæнæн уæлдай нæу, чи у, кæй тыххæй мæм хатыс уый – мацы хæстæг мын уæд, хион мын ма разынæд, уый йедтæмæ чифæнды уæд. Ды мын æрмæстдæр зæгъ, цæуыл тыхсы æмæ йын мæ бон цæмæй у баххуыс кæнын…

Æмæ уын ард хæрын мæ мад æмæ мæ фыды ингæны сыджытæй: Зассеты Феликс-иу мæ куырдиатмæ гæсгæ кæмæн баххуыс кодта, уыдонæн-иу уæды онг сæ кой дæр никуы фехъуыста, йæ цæсты кæронæй дæр сæ никуы федта…

Исчи йын сæ хион, исты хæстæг разындаид, уымæй та æнæхъуаджы нæ тарст. Мах ахæм адæм стæм: исчи искæмæн баххуыс кæнæд, уыйедтæмæ йæм, бузныг ын зæгъыны бæсты хъуамæ райдайæм къухбакæнæнтæ агурын – цæмæн, цы йын бавæййы, цы æнхъæл дзы у…

Ахæм зыгъуыммæзæндтæ нын марынц, гъе, нæ сомбоныл æууæндыны ныфс… Алчи дæр ма бары æрмæстдæр йæхи барæнтæй. Кæмæй ницы æнхъæл уа, ахæм адæймагмæ æххуысы къух чи нæ фæдаргъ кæндзæн, уыдон сæхи хуызæн æнхъæлынц алкæй дæр. Мах абон кæй кой кæнæм, уыцы фарны лæг Зассеты Феликс та æндæр зондылхæст адæймаг у, уымæн æндæргъуызон Хуыцауæй лæвæрд сты йæ уды рæвдыд дæр, йæ ирон уæздандзинад дæр æмæ йæ ахаст дæр – цардмæ, адæммæ, алфæмблай дунемæ… Йæ къухы сындз кæмæн фæныхсы, уыдонæй дæр бирæтæм сдзырд нал вæййы, сæхицæн уæлдай буц митæ, уæлдай хатыртæ фæдомынц æмæ фæкурынц. Ацы зæдæмсæр лæг та хъысмæтæй цы уæззау цæф бавзæрста, уымæн арс дæр нæ бафæрæзтаид, уый та адæмы хатырæй æвдисы ахæм хуыз, цыма йæ сфæрæзта æмæ фæразы, уымæн æмæ йæ цæст нæ уарзы йæ рыстæй искæй фæриссын кæнын…

Йæ удыскондæн æцæгæлон сты тæппуд æмæ æдых лæджы миниуджытæ. Нæ уарзы, йæ сæрмæ нæ хæссы йæхи стауын дæр æмæ йын исчи уæлдай буц митæ кæна, уыдæттæ дæр. Уæлдай æнæуынон ын сты ахæм адæм, принциптæ æмæ позицитæй чи базар кæны, хурмæзилæгау хуры фæстæ чи зилы… Уый та бæрæг вæййы алы æвзæрстыты рæстæджы дæр – армыдзаг Ирыстоны дзыхъ зæрдæхудтæй куы байдзаг вæййы, зноны знæгтæ кæйдæр фыдæнæн иу бонмæ æфсымæртæ куы фестынц, дыккаг бон та сæхи удты пайдайæн кæрæдзийы хурхы сæртæм куы бавналынц… Ахæм рæстæджытæ нæм арæх вæййы, фæлæ ахæм зæрдæхудт цыдæртæ кæмæй никуы райхъуыст, уый у нæ юбиляр Зассеты Феликс. Уымæн æмæ лæгæй æрмæстдæр лæджы хъæр хъуысы!

Ацы зæгъинæгтæ, кæд Зассеты Феликсы аккаг не сты, уæддæр мæ удæй цалдæр мæйы размæ хъуамæ рантыстаиккой, уымæн æмæ йыл 75 азы уартæ зымæджы кæрон сæххæст, ныр та сæрды æмбисæй ахызт. Уæд, йæ юбилейон бон сæ хъуамæ загътаин, фæлæ йæ æмбæрстон, чъребайаг зыгъуыммæзонд та кæй скуыстаид: бангы хистæр у æмæ йыл фыссынц… Афтæмæй та фидарæй зонын, газет куы райса æмæ мын мæ уац куы бакæса, уæд мæм кæй фæдзурдзæн æмæ мын кæй бауайдзæф кæндзæн, цæмæн хъуыд, зæгъгæ… Хуымæтæджы бузныг ын зæгъай, уый дæр æнæхъуаджы мийыл нымайы. Йæ царды принципиалон позици ахæм у: мæнæн мæ фыд хæрынæн нæ бæззы, æз райгуырдтæн адæймагæй æмæ мæ фарсмæ исчи куы тыхса, уæд æм  куыдфæндыйы цæстæй куыд хъуамæ кæсон…

Ахæм у йæ царды нысан. Уымæн æмæ йын сæйраг бынаты адæймаджы миниуджытæ сты. Зæххон дунейы адæймаджы роль стыр æмæ пайдайы бынæтты нæ уыны – цыфæнды бынаты дæр лæгдзинад æвæры иууыл бæрзонддæр. Хуыцауы бын ын лæгдзинад æмæ адæймагдзинадæй зынаргъдæр ницы ис. Уымæн дзы никуы ничи фехъуыста хъæргæнаг лозунгтæ, уымæн никуы хъæр кодта «адæм, адæм»… Уымæн æмæ йæ не вдæлд хъæр кæнынмæ.  Уый лæггад кодта уыцы адæмæн. Мадзурайæ, æнæ хистаугæйæ.

Феликс Михайлович, зоныс, куыд тынг æмæ зæрдиагæй мæ фæнды, цæмæй æнæниз æмæ æнæмастæй бирæ, бирæ фæцæрай?.. Æмæ зоныс, цæмæн? Цæмæй мæ кæстæртæ уыной, цæвиттон кæмæй исой, ахæм фæрнджын хистæр, сæрыстыр кæмæй уой, ахæм ирон лæг!..

———————————————————

Райгуырд 1945 азы Къуыдаргомы, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизы аз. Каст фæцис Къуайсайы астæуккаг скъола. 1964 азы кусынмæ ацыд горæт Барнаулмæ. Куыста заводы. Уым фæцис каст финансон-экономикон институт. Алтайы крайы фæцис дæс азы, стæй æрыздæхт йæ райгуырæн Ирыстонмæ. Ам йæ дæсныйадыл куысты бынат агургæйæ афтæ сфæлмæцыд, æмæ æрыгон специалист сфæнд кодта фæстæмæ аздæхын дæр, фæлæ йæм амонд æнæнхъæлæджы йæ мидбылты бахудт. Партийы Цхинвалы горкомы уæды фыццаг секретарь Санахъоты Уырызмæджы фæрцы Феликс кусын райдыдта завод «Эмальпровод»-ы хайады хистæрæй. Уæдæй фæстæмæ хызт иу бынатæй иннæмæ: уыд горкомы инструктор, Хуссар Ирыстоны Совпрофы хайады сæргълæууæг, Облæххæсткомы сæрдары æххуысгæнæг, Статистикон управленийы сæргълæууæг, Облæххæсткомы финансон хайады хистæр. 1990 азы та æвзæрст æрцыд Облæххæсткомы сæрдарæй.

Ног дуджы, ома хæдбар Хуссар Ирыстоны дæр ахсджиаг æмæ бæрнон бынæтты кусгæйæ фæлæггад кодта йæ раттæг адæмæн: республикæйы Фидтонты инспекцийы  хистæр, Республикæ Хуссар Ирыстоны Министрты Советы Сæрдар.

ГÆБÆРАТЫ Юри

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.