Мæ уацы  мæ зæгъын фæнды, нæ горæты царды бынат кæмæн ис, ахæм цалдæр ахъуыдыкæнинаг фарсты тыххæй. Фæстаг рæстæджы дзæвгар фæфылдæр сты, куыд хисæрмагонд машинæтæ, афтæ уæзтæласæн хъомысджын машинæтæ æмæ æндæр техникæ. Уый мæгуырау нæу, фæлæ сæ сæ хицæуттæ цæрæн хæдзæртты кæртыты æмæ кæйдæр  рудзгуыты бынмæ кæй фæуромынц, уый раст нæу. Райсом, стæй изæр дæр сæ хъæлæбайæ фæтыхсын кæнынц цæрджыты, сæ фæздæгæй байдзаг вæййынц фатерты хатæнтæ. Бæргæ алчи дæр æнæниз æмæ фæразон, быхсаг куы уаид, фæлæ ис рынчынтæ, фæздæгмæ йæ бон кæмæн нæу æмæ фæтыхсынц сæ хъæлæба, сæ фæздæгæй.

Цæрджытæ кæрæдзийæн фæхъаст кæнынц, зæгъгæ, цæмæннæ ис гæнæн æмæ уæззау уæзтæласæн машинæтæ æмæ æн-дæр ахæм техникæйæн горæтгæрон рахицæнгонд æрцæуа сæр-магонд бынат, цыран сæ фæскуыст æмæ улæфты бонты уромой.

Æрæджы нæ горæты уынгты арæзт æрцыдысты транспортмæ æнхъæлмæкæсæн бынæттæ. Уыдон алкæйы зæрдæмæ дæр фæцыдысты, фæлæ сæм хъус ничи дары.  Сабитæ сыл фæфыссынц сæ нæмттæ, æндæр дзырдтæ, фæкæнынц сыл алыгъуызон нывтæ. Иуæй-иу æмбæстæгтæ та сыл сæ уæййæгтæ æмæ æлхæнинæгты тыххæй фæныхасынц хъусинæгтæ. Æвæццæгæн, хъæуы, уыдонмæ хъус чи дара, ахæм кусæг. Нæ Парламентмæ фæстаг æвзæрстытæй кæд рацыд дзæвгар рæстæг, уæддæр ма абон дæр горæты бирæ бынæтты скъуыдтæ æмæ зæбултæй зынынц, уæд цы рекламон гæххæттытæ æмæ нывтæ бакодтой, уыдон. Нырæй фæстæмæ дæр уадздзыстæм æвзæрстытæ æмæ хорз уаид, уыцы æвзæрстыты фæстæ-иу уынгты æмбæлон уагмæ куы æркæниккой. Бирæ фæсарæйнаг бæстæты æвзæрстыты рæстæджыты уынгты телхъæдтыл бакæнынц сæрмагонд фæлгæтты сæ агитацион æрмæджыты. Уый æрмæст хъуыддагæн нæу ахъаз, фæлæ ма горæты рæсугъд, сыгъдæг æмæ аивдзинадæн дæр. Мах дæр хъæуы хорз цæвиттон райсын.                                                                                        

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.