Нæ областы фæллойгæнджытæн стыр цау уыд 1932 азы сæрды мæй: уæд фыццаг хатт эфиры райхъуыст дикторы хъæлæс радиойæ иронау: «Дзуры Цхинвал!». Æхсызгондзинады æнкъарæнтимæ сæмбæлдысты цæрджытæ  радиойы фæзындыл. Кæддæриддæр æм хъуыстой лæмбынæг, сæ зæрдæтæ сын тавта йæ алы ралæвæрдæй дæр. Царды уавæртæ бынтон хорз нæма уыдысты, фæлæ областы хицауад æппæт дæр арæзта, цæмæй радиойы хъæлæс хæццæ кодтаид алы къуыммæ дæр. Радиоалæвæрдты фехъусæн уыдис областы фæллойгæнджыты  æнтыстыты  хабæрттæ.

Зæгъын æмбæлы, нæ цæрджытæн уыцы æхсызгондзинады истори куыд райдыдта, уый тыххæй. 1926 азы Тбилисæй æрæрвыстæуыд специалисттæ æмæ  уыдон Тельманы уынджы цæрæг Къвиникъадзейы хæдзары сæвæрдтой иулампæйон радиоисæн. Ахæм радиоисæнтæ ма æвæрд æрцыдысты Ленингоры, Громы, Ручъы, Дзауы, Знауыры æмæ Хъорнисы. 1929 азы 12 сентябры областы радиофикаци кæныны фарст æвзæрстой нæ партион æмæ советон разамонджытæ. Областон газет «Хурзæрин»-ы коллективæн та бахæс кодтой, цæмæй систематикон æгъдауæй æрмæджытæ мыхуыр кодтаид радиофикацийы куыст æмæ хæсты тыххæй. Телеграфон канторæйæн бахæс кодтой ирон æвзагыл уадзын листовкæтæ, æмæ сæ фæрцы æвдисой  районты радиофикацийы, куыд фæллойгæнджыты идейон-политикон æмæ культурон хъомысады стыр фæрæз, афтæ. Уымæй дарддæр ма фæскомцæдисы обкомæн æмæ партийы райкомтæн лæвæрд æрцыд æмбæлон директивæтæ. Кæд æм-бæлон æмæ ахсджиаг мадзæлттæ райстæуыд, уæддæр бынæттон радиойы куыст æххæстæй нæ ифтонг кодта фæллойгæнджытæ домæнтæ. Уымæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны обком бахæс кодта бастдзинадты хайадтæн, фæтагъддæр кæной радиофикацийы дарддæры куыст. 1932 азы 11 апрелы арæзт æрцыд Хуссар Ирыстоны областон радиоралæвæрды комитет. Сæрдарæй баурæдтой централон æххæстгæнæг комитеты сæрдары хæдивæг Плиты Ароны, бæрнон секретарæй та – Тедеты Барисы.

1939 азы арæзт æрцыд 500-ваттон станц, Знауыры 12-ваттон æмæ Дзауы та – 10-ваттон станц æмæ радиотæппыты нымæц схызт 600-мæ. 1940 азы Хуссар Ирыстоны радиоралæвæрды комитет лæвæрд æрцыд Хуссар Ирыстоны облæххæсткоммæ. 1957 азы сарæзтой областон радиоралæвæрды редакци. Уыцы рæстæджы областы уыд 7490 радиотæппы. 1969 азы 1 январмæ областы уыд 15269 радиотæппы, уыдонæй 10428 уыдысты хъæууон цæрæн бынæтты. Радиойы хъæлæс хъуыст куыд ирон, афтæ гуырдзиаг æвзагыл дæр.

Нæ областон радиойæн æндæр æмæ æндæр азты цæстуарзон лæггад чи фæкодта, уыдон уыдысты радиокомитеты сæрдартæ: Бекъойты Раисæ, Хъуылымбегты Торез, Пæррæстаты Алыксандр, Хуриты Гиви, хистæр  редактортæ Гæбулты Мелитон, Козаты Исидор, рауагъды редактортæ Гугкаты Шамил, Тедеты Авгар, уацхæсджытæ Хъоцыты Гриша, Абайты Созыр,  Гасситы Мойсей, Лохты Джамбулат, Гæззаты Иван, оператортæ Сатхъоты Галинæ, Хъуылымбегты Азæ, стæй Пухаты Иван, Санахъоты Витали æмæ æндæртæ. Сæ уæздан æмæ нуарджын хъæлæстæй радиомæхъусджыты зæрдæтæ тавтой диктортæ Дзуццаты Верæ, Гайты Евген, Мамиты Димитр, Абайты Маирбег, Куымæридтаты Донарæ, Тедеты Алихан. Гуырдзиаг радиоалæвæрды куыстой диктортæ Бокъучава Лили, Мкртчян Теймураз, хистæр редактор  Арболишвили Амиран, уацхæсджытæ Кърихели Абрам, Дарбуашвили Зураб æмæ æндæртæ.

Ирон радио мæнæн уæлдай зынаргъдæр уыд æмæ абон дæр у, кæддæр дзы мæхæдæг дæр йæ куысты хайад кæй истон, уый тыххæй. Цæвиттон, расидтæуыд конкурс дикторы бынатмæ, хуыздæрты ‘хсæн равзæрстой мæн дæр. Нæ театры артист Тедеты Алихан-иу гастролты куы ацыд, уæд-иу нæлгоймаг дикторы куыст æххæст кодтон.

Хуссар Ирыстоны радио дæргъвæтин фæндагыл рацыд, кæд йæ разы бирæ ныхдуртæ уыд, уæддæр сæ иуварс кодта æмæ æппынæдзухдæр уыд йе ‘мирон адæмы уæлхъус, æрвылбон дæр сын хъусын кодта цины хабæрттæ, стæй нæ бæстæ æмæ фæсарæнты æрцæугæ ахсджиаг цаутæ. Эфиры кæддæриддæр хъуыстысты ирон адæмон зарджытæ, фæндыры зæлтæ, стæй Кавказы адæмон зарджытæ æмæ æндæртæ. Абоны бон дæр нæ цæрджытæн йæ лæггады хай кæны бынæттон радиойы куыстуарзаг коллектив, кæддæриддæр сын хъусын кæны республикæйы æрцæугæ хабæрттæ æмæ сын нæ зæрдæ зæгъы фидар æнæниздзинад æмæ куыстхъомдзинад.

                                                ХУЫБИАТЫ Никъала

Нывы: Хуссар Ирыстоны радиокомитеты диктор Дзуццаты Верæ студийы микрофоны раз.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.