Ацы тыхст æмæ уырыд рæстæджы бирæтæ удварнæй тынг гæвзыкмæ æрцыдысты. Скадавар сты адæймагады хуыздæр миниуджытæ: æгъдау, æфсарм, адæймагуарзондзинад, лæгдзинад, сæрхъуызойдзинад. Дуне къæссавæлдæхт фæци цæстыты раз, мæнæ цыма, фынтæ уынæм, афтæ кæсы адæймагмæ. Лæг йæ цæстытыл дæр нал феууæнды.

Йæ тугвæллойæ, йæ чъиухиды куыстæй чи цард, йæ сæр схъил кæныны, йæ астæу сраст кæныны бон дæр кæй нæ уыд йæ куыстæй, афтæмæй ма уæддæр йæ къухтæм æмхасæнтæ чи кодта, уыдон фæсæтдзæ, фæуыргъуы сты, æрвдзæфтау фесты. Зæххæй сисынæн чи нæ бæззыди, уый та фæсах и, йæ синысæртыл æрхæцыди, æмæ йыл, цыма, бындз дæр никуы абадт, йæ мыды къæм дæр никуы бахауд, йæхи афтæ дары.

Цард ривад куыройы хъæр кæны, дарæм йæ фæлгуырмæ нæ къухтæ, фæлæ хыссæйы æвдулæны фаг нæ рамæрздзынæ ссады муртæ йæ бынæй. Æмæ уым диссагæй ницы ис, йæ къутуйы хор ныккалæг нæй æмæ дын цы “сæнтауа”. Хор та фæллой у, къухты фæллой.

Мах та иууылдæр политиктæ систæм. О, уый раст у, кæмæй цы фæриссы, уый кой фæкæны. Рынчын куы нæ хъæрза, уæд æй йæ низыхаттæй ничи фæрсы. Фæлæ цардæн чи ницы æмбары, афтæмæй, куырыхон лæгау, тæрхæттæ чи кæны, æдзæлгъæды тæрхæттæ, уый дæр мæтгæнæг, узæлæг ссис. Уæд, дæ фæнычы сæвдылай, дæ уат куыд у, дæ къæхтæ афтæ адаргъ кæн. Æмæ дзурыны сæр куы хъуыди, уæд се ‘взæгтæ сæ комы бахус сты, се ‘взæгтæ аныхъуырдтой, ныр та куыройы гæркъæрæгтæ фестадысты, æрыхъусæггаг ныхæстæй алцыдæр зонынц. Ныхæстæй хъæбатыр сты, фæлæ сæм фæсчъылдымæй фæхæпп кæн æмæ сæ удтæ сæ къæхты бынæй агæпп ласдзысты, сæ гæндзæхтæ, сæ тыбыртæ бацæгъддзысты æмæ удисыныл ныллæудзысты. Кусгæ нæ кæнынц, фæлæ сæрхъуызойтæ систы, къуымты сусу-бусу кæнынц. Алы тауыстæй зыгъуыммæ кæнынц, сывæллонау, æгæр æууæндаг чи у, царды хуыдымы чи ссæрзилæджджын æмæ раст фæндаг чи нал æвзары, ахæмты.

Æхца, æхца, æхца. Æндæр ницыуал фехъусдзынæ дæ алыварс. Фæллой хорз у, хи къухты фæллойтайæн, фарсылхæцгæ. Фæлæ, куыд фæзæгъынц, Хуыцауæй бонсайæн чи кæны, бинонтæй – къæбæрсайæн, йæ къух уазал доны дæр чи нæ атулы, афтæмæй бухъ цард чи уарзы, уыдонæй та цы загъдæуа? Бонизæрмæ лæзæр, рахау-бахау кæн уынгты. Æмæ сæм бакæс, уæд къæс-къæс кæнынц, тыбар-тыбур кæнынц алыхуызон фæса-рæйнаг фæлысты. Искæй рæзты куы æрсенк кæнынц, каркаситæгæнгæ, уæд сæм, æвæццæгæн, афтæ фæкæсы, цыма уыдоны хуызæн нæй Иры дзыхъхъы. Фæлæ сæ сæ фæлгæнæн сайы. Æвзæры сыгъзæрины куы батухай, уæддæр æвзæр у. Уыцы барджынæй бацæудзысты, цинмæ уа, зианмæ. Æмæ цин кæнын зонынц? Куыннæ стæй! Уыдоны сæ лалымгæлдæртæ йеддæмæ ницы æндавы. Цин кафт æмæ зардæй у, фæлæ кæд гал бæласмæ схиза, уæд уыдон дæр ахæмтæй исты зонынц. Æрмæст дзæбæх нытътъой у æмæ богъдаби кæн.

Зианы дæр сæхи лæггадгæнæг скæнынц. Æмæ зианыл рисгæ фæкæнынц? Куыннæ стæй! Стымбыл уыдзысты аджы алыварс æмæ фицуаггагмæ дæр фæныхилынц. Зианджынæн балæггад кæнын цæстырухс у, фæлæ ахæмтæ, зианджыны дуармæ æдзæлгъæд лæудæй, бонасадæн кæнынц. Æмæ, дам, мах адæмы ‘хсæн, адæмы рæгъы цæуæг стæм, афтæмæй сæхицæн, сæ бинонтæн куы уаиккой, адæмыл ныхас нал цæуы.

Кæрæдзимæ куыннæ цыдысты нæ фыдæлтæ дæр, цинмæ уа, зианмæ, фæлæ, дам-иу дзы бирæтæ сæ хæдзæртты сæхи фæхъуыртхъом кодтой, къæ-бæрдзых скодтой сæ хæдзæртты, цæмæй сæ исчи искæй фынгыл гуыбындзæл ма рахона, ма фæхудинаг уа. Сæхимæ, дам-иу тад царв дæр анызтой, цæмæй сыл нозт тынг ма фæзына æмæ сæхи цæсты ма бафтауой, ма фæхудинаг кæной сæхи.

РИВАД КУЫРОЙ ХЪÆР КÆНЫ

Уый уымæн афтæ уыд, æмæ зыдтой сæхицæн аргъ кæнын, сæхицæй æфсæрмы кодтой. Йæхицæн аргъ кæнын чи зоны, йæхицæй чи æфсæрмы кæны, уый искæй раз дæр уыдзæн сыгъдæгзæрдæ, сыгъдæгдзæсгом.

Цыма арвы дуар фегом æмæ фæсарæнтæ иууылдæр махмæ æрцыдысты, цыма бынтон æндæр паддзахады цæрæм, афтæ фæкæсы адæймагмæ. Ау, нæхæдæг сисы хуынкъæй рабырыдыстæм, лæгæтæй рацыдыстæм? Æппын нæм хорздзинадæй ницы уыдис? Куыннæ ис хорздзинæдтæ фæсарæнты, уæдæ ма кæм ис, фæлæ алкæмæн дæр хъуамæ йæхи цæсгом уа, йæхи традицитæ, йæхи удыхъæды миниуджытæ.

Нал æввæрсæм нæхиуыл, сыстырзæрдæ, суæлæхох ыл стæм. Къæдзилмæ ‘ввахс сины фыд нал хæрæм. Фæлæ искæй чи уарзы, уый фыццаг йæхи бауарзы. Афтæ кæй нæу, уый дæр нæ удыхъæды мæгуырдзинадыл дзурæг у. Нæхи кинонывтæ дæр нал фендзынæ, нæхи кинонывтæ. Хæрзтæ æмæ æвзæртæ ис алкæмæ дæр, фæлæ, дам, хи сыгъзæринæй искæй тасмачъи цæстахадгæдæр у, зæгъгæ, куыд фæзæгъынц, уыцы æмбисонд нæ сæр баййæфта. Зæгъæм, кæддæр нæ горæты цы эротикон кинонывтæ æвдыстой (“Дикая орхидея”, “Слияние двух лун”, “Страстная женщина”), уыдонмæ кæсгæйæ-иу адæймаг йæ цæстытыл ныххæцыд. Бирæтæ, æвæццæгæн, сæ комыдæттæ нынныхъуырын дæр нæ фæуæндынц, афтæ сабыр æмæ цымыдис вæййынц. Фæлæ æз мæхи цæстытæй федтон, киноныв “Страстная женщина”-йы фæсивæдæй бирæтæ сæ бынæттæй куыд сыстадысты, æмæ, хъуыр-хъуыргæнгæ, киновдисæн залæй æддæмæ куыд цыдысты, уый. Алцæмæн дæр ис æгъдау, йæхи арæнтæ. Уыцы арæнтæй ахызтæ, зæгъгæ, уæд никæйуал зæрдæмæ цæуыс. Ау, адæймагæн йæ æрдз цы радта, уыдæттыл æй ахуыр кæнын хъæуы.

Нæ фыдæлтæ-иу æвдгай, дæсгай сывæллæттæ схъомыл кодтой æмæ ахæм кинонывтæм кастысты? Куыннæ стæй! “А” æмæ “о”-йæ цæргæйæ-иу, æм-зай-æмзæронд баисты, æмæ ахæм кинонывтыл сахуыр сты уарзын æмæ амондджын уæвы-ныл? Куыннæ стæй! Мæ фыдыфыд кæнæ-иу мæ мадымад те-леэкранæй исты ахæм æнæ-фсарм митæ куы федтой, уæд-иу фефсæрмы сты, сыстадысты æмæ-иу иннæ уатмæ ацыдысты. Сæхицæй дæр æфсæрмы кодтой æмæ махæй дæр. Уый ууыл дзурæг у, æмæ сæ фæлтæрмæ уыдис æгъдау, æфсарм.

Ныр чызг æмæ лæппумæ бакæс, уæд горæты бæрæг ран, кæрæдзиуыл ныттыхсынц, цыма, сын афтæ æмбæлы, цыма, иннæтæй уæлдай, бирæ фендджындæр сты, уый хуызæн. Адæм сæм ныджджыгъытт уыдзысты, уæддæр къæрттæй цъула не ‘ппарынц, сæ цæст дæр дын нæ фæныкъулдзысты, сæ цæсты сын тæвд зды куы ауадзай, уæддæр. Æмæ уыдон ахæм кинонывтыл нæ ахуыр кæнынц, уæдæ цæуыл?

Иурæстæджы горæты “ЦУМ”-мæ бауадтæн. Тæккæ бахизæны уæй кодтой чингуытæ. Ирон чингуытæ дзы куы ауыдтон, уæд сæ æнæ равзар-бавзарæй æм-бырд кæныныл схæцыдтæн, кæд мæм уыдысты, уæддæр. “Алыхуызон мæсыг”, “Нигер”, Нафийы роман “Залты мит”, Шота Руставелийы æнæмæлгæ уацмыс “Стайы цармдарæг” нæ номдзыд поэт Бестауты Гиуæргийы тæлмацгондæй. Уыдоны фарсмæ та уыдис алыхуызон фæсарæйнаг литературæ цымыдисаг цауты тыххæй, рог бакæсынæн. Уыцы чингуытæ кæд бирæ зынаргъдæр уыдысты, уæддæр сæ æлхæдтой, ирон чингуытыл та-иу стæм адæймаг йæхи рахафта. Ирон чингуытæ афтæ асламæй цæмæн уæй кæнут, зæгъгæ, сын бакодтон. Æмæ, дам, нын нæ хицауад æндæр аргъ нæ загъта. Æхцайæ афтæ аслам кæй уы-дысты, уый мын хъыг нæ уыдис, фæлæ, нæхи æнæуи дæр афтæ аслам кæй кæнæм, нæхицæн аргъ кæнын кæй нæ зонæм, уый мын мæ тъæнгтæ ацагъта.

Рог митæ, гæрæхтæ, фæлдурæджджын, æнæхъола митæ, тугтæ, мæрдтæ куынæ фенæм, уæд нын ад нæ кæны, цæйнæфæлтау нæ хъуыды кæнын чи кæны, нæ уд нын цъиуы æхсырæй чи æхсы, сапонæхсад, айкæвдылд нын чи кæны нæ зонд æмæ нæ цард, амонды фæндагыл нæ цы литературæ фæндараст кæны, уый бакæсæм, фæлтау… Кæд хъуыды кæнынæй æгæр сфæлмæцыдыстæм? Фæлæ истæуыл куы хъуыды кодтаиккам, уæд ахæм уавæрмæ дæр не ‘рхаудтаиккам.

Ахæм кинонывтæ фенгæйæ, ахæм чингуытæ бакæсгæйæ, схъæбæрзæрдæ вæййынц, хæстмаст, цыбырхъуыр, саугуцъатæ сæ рауайы. Фæзмынынц. Æвзæрдзинад ацахсонæн, æвзæрдзинад бахъуыды кæнынæн, æвзæрдзинад ракæнынæн та лæгдзинад нæ хъæуы.

Хуссар Ирыстоны æвирхъау, æвиллон цаутæ сæ тæккæ тыфылыл куы уыдысты, уæд дын нæ дуармæ иу уæзласæн маши-нæ æрлæууыд. Цагъдамад дзы уыдысты, хæндыгæвæрды хуызæн, алыхуызон дзаумæттæ. Лыгъдæттæ, зæгъгæ, фæкъæпп кодта мæ зæрдæ, æмæ, æцæгдæр, афтæ рауад. Семæ æфсæддон уæлæдарæсы уыдысты дыууæ æрыгон ирон лæппуйы, Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнджытимæ удуæлдайæ йæ риу нæмыгмæ чи дардта, ахæмтæ. Фæхтыхосты хуызæн уыдысты фæллад, фæлмæцыд. Мæгуырæг, уæлхъæдæй-иу, фырæгъуыссæгæй, сæ цæстыты уæлтъæфæлттæ æривæзтысты. Мах сын тæригъæд кодтам, фæлæ нæм нæ бахсæвиуат кодтой. Афтæ, дам, æхсгæ уад æрбакодтам, иу хатт ма нæ риутыдзаг сæрибарæй уæддæр сулæфæм, зæгъгæ. Стæй, дам, мæнæ лыгъдæттæм фæкастыстæм, æмæ тынгдæр уый тыххæй рацыдыстæм. Сæ ныхас – ныхас, се ‘гъдау – æгъдау. Цалдæр азы уый бæрц тухæнтæ, уый бæрц хъизæмæрттæ чи бавзæрста, мæлæтмæ комкоммæ чи каст, афтæмæй, æхсæв – бон кæмæн нæ кодта, бон – æхсæв, уыцы дыууæ рæзгæ лæппуйы нæ фесæфтой адæймаджы цæсгом, не схъæбæрзæрдæ сты. Не ‘мбæлттæ, дам, нæм, æнхъæлмæ кæсынц, зæгъгæ, фæйнæ сыкъайы банызтой сæ фæндарасты тыххæй æмæ аивгъуыдтой. Чи сты, цы сты, бæстон афæрсыны бон мæ нæ фæци хабæрттæй, æрмæст сæ иу афтæ бакодта, мæ хæдзары сæр, дам, нæмгуытæй, раст сыхырнайы хуызæн у. Фæскъæвда цæрттæй дон бынмæ тæдзы. Тæссаг у хæдзары сæрмæ схизын. Фыдгæнджыты рæстдзæвинтæ, дам, къуылдымтæй бынмæ æхсынц. Чъреба та тæбæгъæвæрды хуызæн у, æмæ, йæ уынгты мæлдзыг куы фæцæйбыра, уæддæр зыны.

Зæгъын, æвæдза, хиуарзон уæвын æмæ хи уарзын иу не сты. Уыдон хиуарзон куы уыдаиккой, уæд, уæлдæр цытæ фæнымадтон, ахæмтæ уыдаиккой, фæлæ, хæдзары хъомыл кæмæй фæзæгъынц, ахæмтæ уыдысты. Фæлæ сæхи уарзтой, уарзтой сæ фарн, сæ ирондзинад, се ‘взаг. Уарзтой сæ райгуырæн зæхх. Хъуынджын кæрцыл ичъи куыд ныддæвдæг вæййы æмæ дзы ратонын куыннæ фæкомы, афтæ дзы нæ куымдтой ратонын. Уый бар сын нæ лæвæрдтой сæ уарзондзинад, сæ лæгдзинад…

АБАЙТЫ Эдуард

Газет «Рæстдзинад»

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.