Кавказы сӕрмӕ уӕларвон тыгъдады уӕвӕг стъалытӕй иу нырӕй фӕстӕмӕ хӕсдзӕн Ирыстоны зынгӕ фыссӕг, поэт, драматург, публицист, литературӕамонӕг, тӕлмацгӕнӕг Джусойты Нафийы ном. Уый тыххӕй информацион агентад «Рес»-ӕн фехъусын кодта Республикӕ Хуссар Ирыстон-Паддзахад Аланийы Культурӕйы министр Зассеты Жаннӕ.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ уый уыд Паддзахадон нысаниуӕгджын мадзӕлтты бацӕтттӕ кӕнын ӕмӕ сӕ ауадзыны фӕдыл республикон къамисы, афтӕ ма Нафийӕн йæ бирæнымæц табугӕнджыты инициативӕ.

«Мах бафӕндыд Нафийы номыл схонын стъалы Ирыстоны сӕрмӕ нӕ, Фӕскавказы сӕрмӕ дӕр нӕ, фӕлӕ Кавказы сӕрмӕ, уымӕн ӕмӕ Нафи уыд Кавказаг хӕхты хъӕбул», – банысан кодта Зассеты Жаннӕ. Министр ма йӕ ныхасмӕ бафтыдта, Нафийы номыл стъалы, официалон ӕгъдауӕй регистрацигонд кӕй ӕрцыд Уӕрӕсейаг паддзахадон корпораци «Роскосмос»-ы.

«Фӕдзурынц, зӕгъгӕ, кадджын адӕймаг куы амӕлы, уӕд уыцы бон йе стъалы уӕлдай тынгдӕр фӕцӕхӕр калы. Ӕмӕ уый кӕд афтӕ у, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, Нафийы стъалы дӕр цӕхӕр калдзӕн ӕртӕ боны, – загъта Зассеты Жаннӕ.  Уадз, уыцы стъалы уӕд фӕндагамонӕг нӕ ноггуырдтӕн, йе сфӕлдыстад ын ныр йӕхи чингуытӕм гӕсгӕ чи иртаса, уыдонӕн. Райдианӕй кӕронмӕ йӕ романтӕ, радзырдтӕ. ӕмдзӕвгӕтӕ, ӕппӕт уацмыстӕ йемыдзаг сты патриотизм ӕмӕ уарзондзинадӕй».

Зассеты Жаннӕ ма йӕ ныхасмӕ бафтыдта, Нафийы номыл стъалы Андромедӕйы стъалыгуыппары кӕй ис.

«Махӕн бантыст ацы стъалы Нафийы номыл схонын йӕ амӕлӕты агъоммӕ. Стыр Хуыцауӕн табу, Нафи йӕ кӕй базыдта йӕ амӕлӕтӕй дыууӕ бон раздӕр, – банысан кодта уый.  Ӕз тынг амондджын дӕн, кӕй нын бантыст саразын иу гыццыл къахдзӕф аргъуанмӕ амонӕг бӕрзонд асиныл. Мах акъахдзӕф кодтам иумӕ. Уый та нысан кӕны, иумӕйаг хорз хъуыддаг кӕй сарӕзтам, уый».

Министр арфӕйы ныхӕстӕ нӕ бахӕлӕг кодта Республикӕ Хуссар Ирыстон – Паддзахад Аланийы Президент Бибылты Анатолийӕн, ацы ахсджиаг фарсты сын ӕппӕтварсон ӕххуыс кӕй бакодта, уый тыххӕй.

«Стъалытӕй иу Нафийы номыл схоныны вазыгджын фарсты нӕ Президент балӕууыд нӕ фарсмӕ, тынг йӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд ацы хъуыды ӕмӕ загъта, ацы хъуыддаг ӕнӕмӕнгдӕр сӕххӕст кӕнын кӕй хъӕуы. Уымӕн та ис стыр нысаниуӕг – ифтонг дӕ кӕны импульсӕй ӕмӕ ды ныфсджынӕй аразыс дӕ хъуыддаг, – банысан кодта Зассеты чызг.  Цалынмӕ цӕрӕм, уӕдмӕ мах сӕрыстыр уы-дзыстӕм, Джусойты Нафийы ӕмрӕстӕгонтӕ кӕй стӕм, йӕ номыл уӕларвон тыгъдады стъалы кӕй сӕрттывта, уы-мӕй. Уыцы стъалы ссудзынынӕн мах дӕр чысыл баххуыс кодтам, фӕлӕ йӕ загътам хъӕрӕй».

Зассеты Жаннӕ ма банысан кодта, Джусойты Нафи бирӕ хъуыддӕгты фыццаг кӕй уыд, уый дӕр.

«Йӕ юбилейон азы дӕр нæ бæллиц уыд, Нафийы æмвæз цы уыдаид, ахæм ын аккагдæр исты саразын, уымæн æмæ Нафи бирæ хъуыддæгты уыд фыццаг, – йæ ны-хас дарддæр кодта Министр.  Уый фыццаг ратæлмац кодта Евгений Онегины, уый у, мæнæн Пушкины мæ мадæлон æвзагыл чи балæвар кодта, уыцы фыццаг фыссæг-тæлмацгæнæг. Мæнæн, мæхицæн сæрмагондæй, Нафи у, сентименталон æмæ уарзондзинадæй нывæзт кæй фæхонынц, уыцы лирикæйы фыццаг, уымæн æмæ Нафи куыд фыста, уый куыд басгуыхт ацы хъуыддаджы, ахæмтæ, мæнмæ гæсгæ, сты хæнтцъус. Нафийы чингуытæ кæсгæйæ, адæймаджы раз йæ дуæрттæ уæрæх æрбайгом кæны цыдæр æнахуыр æмæ алæмæтон дуне: уым у хорз. цымыдисон, уым дын аргъ кæнынц æмæ дæм цыма хъусгæ дæр кæнынц, афтæ фенкъарæм нæхи».

Министры ныхæстæм гæсгæ, Нафи уыд стыр диссаджы адæймаг.

«Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисæг уæвгæйæ, уый уыцы тугкалæн фыдбонтæ рацыд райдианæй кæронмæ, æмæ йæ ныр иттæг хорз æмбарын, хæсты тыххæй-иу æнæбары цыдæртæ кæй дзырдта, – зæгъы Зассеон. Чидæртæ хъæлдзæгæй æмæ тагъд-тагъд куы фæдзурынц сæ кæцыдæр хъæбатырдзинæдты тыххæй, уæд мæ уыдоны ныхас нæ бауырны, фæлæ æмыр архайд æмæ æмархайд та, æвæццæгæн, вæййы рæстагдæр. Нафимæ уыд диссаджы миниуæг – адæмы уарзын, кæддæриддæр ыл кодтон дис. Мæнмæ афтæ кæсы, Нафи куыд уарзта адæмы, куыд сын аргъ кодта, афтæ – стæмтæ. Йæ карæнтимæ уыд кардзыд, сабитимæ – саби. Уый-иу ахæм дзырдтæ равзæрста, æмæ дæ бафæндыдаид бæрзонддæр, хуыздæр, сыгъ-дæгдæр уæвын».

Зассеты Жаннæйы ныхæстæм гæсгæ, Нафи уыимæ иумæ æнкъардта адæмы уарзт дæр, æмæ йын уыцы адæмы хорзæх йæ цард дæргъвæтиндæр кодта.

«Нафи йæ фидарæй зыдта, йæ фæдыл аккаг фæдонтæ кæй рацæуы æмæ йын уыцы ныфс йæ тыхтæ æртывæр кодта. Ме ‘мбарынады Нафи у хуымæтæг лæджы эталон, ахæм та хъуамæ уæм не ‘ппæт дæр. Фæнды мæ бахатын алкæмæ дæр: цалынмæ уæ бон у, уæдмæ аразут хорз хъуыддæгтæ, уарзут, аргъ кæнут кæрæдзийæн».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.