28 азы размæ, 1993 азы 4-æм октябры Уæрæсейы президент Борис Ельцин бардзырд радта Урс хæдзары штурмæй сисыны тыххæй. Советты хæдзары бæстыхаймæ, цыран уыдысты депутаттæ æмæ Уæлдæр Советы фарсхæцджытæ, уыдоны ‘хсæн – сылгоймæгтæ æмæ сывæллæттæ дæр, бацыдысты Ельциныл æнувыд тыхон структурæты дæлхæйттæ.

Уæлдæр Советы ныппырх кæнынæн сæйраг роль уыд Уæрæсейы Хъахъхъæныны сæйраг управленийы спецназæн. Президент къордтæ «Альфа» æмæ «Вымпел»-æй æрдомдта, цæмæй «ссæрибар кодтаиккой Урс хæдзары, уым чи æрбынат кодта, уыцы бандæйæ». Фæлæ элитон дæлхæйттæ архайдтой сæхи сæрмагонд планмæ гæсгæ. Тыхон методтæн «нæ» зæгъгæйæ, уыдон Урс хæдзары хъахъхъæнджытимæ райдыдтой баныхæстæ уадзын, цыран сæйраг фигурæ ссис «дæлбулкъон Владимир», кæцы йæ коллегæ Сергей Кузьминимæ баныхæстæм бацыд Урс хæдзары судзгæ бæстыхаймæ æмæ депутаттæм æрсидгæйæ, фактон æгъдауæй, «ауагъта Уæрæсейы Уæлдæр Советы фæстаг сесси». «Дæлбулкъон Владимиры» фыццаг раргом кодта Советон Цæдисы хъайтар инæлар Геннадий Зайцев чиныг «Альфа – моя судьба»-йы. Уæды онг публикациты хъусын кодтой «Владимир К.»-йы тыххæй.

«Альфа»-йы ветеран, булкъон Чилæхсаты Владимир Ильяйы фырт райгуырд 1958 азы 10-æм июлы Ленингоры районы Гдулеты хъæуы. Каст фæцис Советон Цæдисы Паддзахадон æдасдзинады комитеты Мæскуыйы уæлдæр командон Сырхтырысаджын арæнгæрон ахуыргæнæндон, Æдасдзинады федералон службæйы академи æмæ УФ-йы президенты цур паддзахадон службæйы уæрæсейаг академи. У политикон зонæдты кандидат. Æдасдзинады органты службæ кодта 1975 азæй 2014 азмæ «Альфа»-йы къорды. Ис ын булкъоны цин. Хайад иста Советон Цæдисы æмæ Уæрæсейы æртæ хæстон конфликтты. Уый зындгонд ссис 1993 азы октябры райдианы УФ-йы президент Борис Ельцин æмæ Уæлдæр Советы ‘хсæн конфликт аскъуыддзаг кæныны йæ активон  хайадистæй. Номхуындæй, уый 1993 азы бацыд Урс хæдзармæ æмæ баныхæстæ ауагъта депутаттимæ. Афтæмæй фарст скъуыддзаг æрцыд сабырадон æгъдауæй. Ныртæккæ Чилæхсайы фырт у Цæгат Кавказы федералон зылды УФ-йы Президенты æххæстбарджын минæвары аппараты РЦИ-Аланийы фæдыл Сæйраг федералон инспектор.

«Альфа»-йы ветеран Владимир радзырдта 1993 азы октябры конфликт сликвидаци кæныны тыххæй сæхи альтернативон варианты тыххæй, уымæй æфсымæрмар æмбæстагон хæст аиуварс кæнгæйæ.

– 1993 азы 3-æм октябрæй 4-æм октябрмæ æхсæвы, Борис Ельцины бардзырдмæ гæсгæ, тыхон дæлхæйтты командирты æрæмбырд кодтой Кремлы 14-æм корпусы, цыран уыд президенты администрацийы аппарат. Райсом раджы нæ бакодтой рабадтыты залмæ. Залмæ æрбахызт Ельцин æмæ нын загъта, зæгъгæ, Уæлдæр Совет аскъуыддзаг кодта реванш райсын æмæ нæм радта фарст, зæгъгæ, «цæттæ стут бардзырд сæххæст кæнын-мæ?». Бардзырд та уыд ахæм: авиацийы æххуысæй план цыд Урс хæдзары ракетон-бомбæты цæф ныккæнын. Уыдоны фæстæ спайда кодтаиккой вертолеттæ, танктæ æмæ БМП-тæй. Æмæ уый фæстæ та мах, «Альфа» æмæ «Вымпел»-æй. Æмбæрстгонд уыд, ацы планы реализаци гарзджын тыхтæй кæй домдта кæройнаг мадзæлттæ. Залы уыд мæрдон сабырдзинад. Афицерты дзыхæй сыбыртт нæ хауд. Нæ дæлхайы нысан уыд æрмæстдæр терроризм æмæ организацигонд фыдракæндты ныхмæ тох кæнын æмæ нæ уæд та домдтой депутатты ныхмæ схæцын. Мæ зæрдыл лæууынц Хъахъхъæныны Сæйраг управленийы хистæр Михаил Барсуковы ныхæстæ: сымах кæнæ æххæст кæнут бардзырд, кæнæ та мæн бахъæудзæн дæлхæйтты ныппырх кæныны тыххæй бардзырдыл къух æрфыссын. Нæ къухдариуæггæнджытæ сдзуапп кодтой, зæгъгæ, уый нысанмæздæхт нæу. Урс хæ-дзармæ цæугæйæ, мах хъуыды кодтам, хъуамæ куыддæрты аиуварс кæнæм тугкалд. Ныр рæстæг куы рацыд, уæд æй бамбæрстон, уæд хуызджын революци саразынмæ кæй бафæлвæрдтой, уый. Уымæн æмæ провокатортæ æхстой куыд Урс хæдзары хъахъхъæнджыты, афтæ Ельцины фарсхæцджыты дæр. Уыдонæн сæйраг уыд фылдæр туг ныккалын, æмбæстагон хæст райтынг кæнын… Уыцы бон, 4-æм октябры, дыууæ БМП-йыл дыууæ хатты æрзылдыстæм Урс хæдзары алыварс. Йæ цуры куы æрлæууыдыстæм, уæд сæ бафарстон: «Мемæ чи рацæудзæн?». Дæсæй сразы сты, уый фæстæ нæм иннæтæ дæр æрбаиу сты. Æз систон сындзджын телы гæппæл æмæ йæ стыхтон бинтæй. Уыцы «урс тырысаимæ» мæ дæлбар Сергей Кузьминимæ бацыдыстæм централон бахизæнмæ. Цæмæй æнæ тугкалдæй фæуыдаид ныхмæлæуд, уый тыххæй аскъуыддзаг кодтон уæрæсейаг парламенты хъахъхъæнынады къухдариуæггæнджытимæ баныхæстæ ауадзын. Куы цыдыстæм, уæд нæмгуытæ тахтысты нæ цурты, фехстой фондз хатты мэрийы бæстыхайæ. Æртæ сахатмæ æввахс уыдаид, афтæ Урс хæдзары раз  æрæвæрдтам нæ хæцæнгæрзтæ. Асинтыл уæлæмæ хизгæйæ ныл амбæлдысты æнахъомтæ, 14-15-аздзыд скъоладзаутæ. Кæцыдæр ахуыргæнæг æрласта æнæхъæн къласы ахуырдзауты Урс хæдзар бахъахъхъæнынмæ. Зæгъгæ, егъаумасштабон штурмон операци райдыдта, уæд иууылдæр фæмард уыдаик-кой. Нæ план уыд депутаттимæ фембæлын. Кæд уыдон аскъуыддзаг кæной бæстыхайæ ацæуын, уæд æй мах фехъусын кæндзыстæм къухдариуæгадæн. Æмæ уый фæстæ афтæ дæр сарæзтам.

400 депутаты бæрц бадтысты талынг залы, цырæгътæ сæ къухты, афтæмæй. Æз бацыдтæн трибунæмæ, бацамыдтой мæ куыд «Альфа»-йы дæлбулкъон афтæ. Загътон сын зæгъын нæ дæлхайы раз æвæрд ис Урс хæдзары бацахсыны хæслæвæрд. Загътон сын, зæгъын, мах нæ фæнды æнæаххос адæймæгты туг ныккалын. Фехъусын сын кодтон мæ фæндон Урс хæдзарæй ацæуыны тыххæй. Загътон сын, зæгъгæ, куынæ сразы уой, уæд сæ уæддæр сатакæ кæндзысты, æмæ уæд хъуыддаг уыдзæн уæлдай трагикондæр. Баныфс сын æвæрдтон æдасдзинады къæлидор сифтонг кæнын æмæ адæмы горæтмæ ракæнынæй. Уыдон мæ бафарстой, зæгъгæ, цы гаранти нын дæттут? Сдзуапп сын кодтон: «Слово офицера», зæгъгæ. Ацы фæндоныл сразы сты, хъахъхъæнджытæ æрæвæрдтой сæ хæцæнгæрзтæ æмæ цæуын рай-дыдтой Урс хæдзарæй. «Альфа»-йы хæстонтæ эвакуацийы рæстæджы æдасдзинад куы ифтонг кодтой, уæд 15 сахат æмæ 52 минутыл Урс хæдзары уазæгдон «Украина»-йæ Таманскаг дивизи танктæй æхсын рай-дыдта. Уыцы рæстæджы Сæрибар Уæрæсейы фæзуаты ‘рдыгæй та æхсын райдыдтой пулеметтæй. Æхстой 6 минуты бæрц. Ельцины фарсхæцджытæ, кæцыты ‘хсæн уыд бирæ мародертæ, давын райдтой Урс хæ-дзары цы магазинтæ уыд, уыдоны. Фæлæ сæ асырдтой Урс хæдзары хъахъхъæнджытæ. Фæмард «Альфа»-йы хæстон Геннади Сергеев. Уый базонгæйæ, Ельцины фарсхæцджытæй кæцыдæр фæхъæр кодта, зæгъгæ, ныртæккæ «Альфа»-йы хæстонтæ Урс хæдзар штурмæй сисдзысты, фæлæ уыдон равдыстой æнахуыр хиуылхæцындзинад æмæ фæндвидардзинад. Уымæн æмæ йæ æмбæрстой, уый провокаци кæй уыд, цæмæй æмбæстагон хæст райдыдтаид. Фæстæдæр куыд базыдтам, афтæмæй снайпер æхста  АИШ-ы минæварады бæстыхайæ».

Чилæхсаты Владимиры фæндвидардзинады фæрцы хъахъхъæд æрцыд бирæ адæймæгты цард. Уый сæ бафæдзæхста, зæгъгæ, дæлхайы кусæгмæ фондз метрæй æввахсдæр чи бацæуа кæнæ бæстыхайæ цæуæг адæмæн тæссагдзинад чи сæвзæрын кæна, уыдоны фехсдзысты. Урс хæдзары Чилæхсайы фырты архайд ссис документалон фильм «Отменивший войну»-йы бындур, кæцы фыццаг хатт æвдыст æрцыд 2019 азы ноябры мæйы мæскуыйаг кинофестиваль «Лучезарный ангел»-ы. Фильмы режиссер у Николай Бурляев, кæцы уый размæ фехъуыста «Альфа»-йы хъайтардзинæдты тыххæй. «Альфа»-йы булкъон Вла-димиры сгуыхтдзинад мæ дисы баппæрста. Тынг æхсызгон мын у Уæрæсейы нырма ахæм хъæбатыр æмæ зондджын афицертæ кæй ис, кæцытæн сæ бон у, æгæрыстæмæй, æмбæстагон хæст аиуварс кæнын дæр», – загъта Николай Бурляев. Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, Чилæхсайы фырт у йæ хъайтар. 1993 азы Уæлдæр Советы сæрдар Рус-лан Хасбулатов æмæ адæмон депутат, советы уæнг Сергей Бабурин æмæ иннæ депутаттæ Владимиры тыххæй загътой, зæгъгæ, уый фæрцы стыр тугкалд не ‘руагъдæуыд, уый бахъахъхъæдта Уæрæсейы æмбæстагон хæстæй æмæ ныппырх кæнынæй. Ирон лæг ссис Стыр Уæрæсейы хъысмæт скъуыддзаггæнæг æмæ йæ аскъуыддзаг кодта æн-тыстджынæй. Абоны онг дæр дзы стыр бузныг сты уæды Уæлдæр Советы депутаттæ сæрæгасæй кæй аирвæзтысты, уый тыххæй, афтæ ма ацы операцийы планы тыххæй чи зоны, уыдон дæр. Ельцины фарсхæцджыты план та уыд, цæмæй депутаттæй иу дæр сæрæгасæй ма аирвæзтаид. Владимиры ныхæстæм гæсгæ, 1993 азы тæвд фæззæджы цауты тыххæй куыд зыны, афтæмæй æппæт рæстдзинад нæ базондзыстæм…

Чилæхсаты Владимир хорзæхджын у «За заслуги перед Отечеством»-ы 3-æм æмæ 4-æм къæпхæнты ордентæй, Урс хæдзары хъахъхъæнджыты эвакуацийы хайадисты тыххæй – «За личное мужество»-йы орденæй, «За военные заслуги»-йы орденæй, «За заслуги перед Отечеством» 1 æмæ 2-аг къæпхæнты ордены майданæй, Суворовы майданæй, «За отвагу»-йы майданæй, «Во славу Осетии»-йы майданæй æмæ æндæр хорзæхтæй. 2018 азы августы райста Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстаджы паспорт дæр.

Чилæхсайы фырт кæд Уæрæсейы цæры, уæддæр зæрдæйы тæгтæй баст у йæ райгуырæн Ирыстонимæ. Куыддæр ын гæнæн фæввæйы, афтæ æрцæуы йæ райгуырæн хъæу Гдулетмæ. Йе ‘ввахс хион, РХИ-йы телерадиокомпани «ИР»-ы директор Чилæхсаты Георги нын куыд загъта, афтæмæй уый хæдзар сарæзта Гдулеты хъæуы. «Æрæджы дæр та нæ бабæрæг кодта. Ис нын æнгом бастдзинад. Бацæуы йæ дада Чилæхсаты Гартан æмæ йæ нана Музиаты Кетойы уæлмæрдмæ дæр. Æнæмæнгæй абады, йæ фыд Гартан æвзонгæй Гдулеты хъæуы йæ хæдзармæ æввахс цы æнгузы бæлас ныссагъта, уый бын. Йæ зæрдыл æрлæууынц йæ сабибонтæ. Иумиагæй Гдулеты хъæуы цы хъæлдзæг рæстæджытæ арвыста, уыдон. У хуымæтæджы æмæ хæларзæрдæ адæймаг. Ис ын бинонтæ æмæ хъæбултæ, афтæ ма æфсымæр æмæ хо. Йе ‘фсымæр кусы барадхъахъхъæнæг органты. Йæ хо та у æфсæддон медицинæйы булкъон», – загъта Чилæхсаты Георги.

Ирон адæм сæрыстыр хъуамæ уой ахæм сæрæнгуырдтæй. Æвзонг фæсивæдæн та Владимиры хъайтардзинад хъуамæ суа дæнцæджы хуызæн, кæцы 37 азы снывонд кодта æфсæддон службæйæн, уыдонæй 22 азы службæ кодта сæрмагонд дæлхай «Альфа»-йы. Ирон лæгæн йæ хорзы ном айхъуыст æнæхъæн Уæрæсейы. 1993 азы 4-æм октябры 17 сахаты æмæ 43 минутыл, уый, къордты иннæ уæнгтимæ, не ‘руагътой сплангонд æмбæстагон хæст. Фæлæ уæддæр ацы вазыгджын операцийы сæйраг роль уыд ирон лæг Чилæхсаты Владимирæн.

Мыхуырмæ йæ бацæттæ кодта

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.