Фæстаг рæстæджы æхсызгонæй цы цауыл сæмбæлдтæн, уый уыд  «горæт Сталинир»-ы тыххæй РХИ-йы Президент Бибылты Анатолийы Барамынд. Нæ уарзон хъайтар горæтæн йæ ном – Цхинвал цы нысан кæны, уый абоны онг дæр бæлвырд бæрæг нæма у. Чи зæгъы гуырдзиаг дзырд фатхъæд бæласы ном у, чи зæгъы, зæгъгæ, персаг ном у. Адæймаг кæм цæры, уыцы горæты номæй хъуамæ уа сæрыстыр.

Бирæ азты дæргъы куыстон Цхинвалы завод «Электровибромашина»-йы стыр коллективы ‘хсæн. Нæ горæты ном Сталинирæй Цхинвалмæ ивд кæй æрцыд, уый бирæты зæрдæмæ нæ фæ-цыд æмæ-иу ыл арæх уынаффæ кодтой сихоры улæфтыты, æмбырдты рæстæджы. Сталины къухдариуæгадæй советон адæм ныддæрæн кодтой фашистон Германы. Æрвылаз та-иу марты мæйы хæлцадон продукттæ æмæ сæудæджерадон товарты аргъ аслам-дæр кодтой.

Кæд бирæ азтæ рацыд, уæддæр мæ хъуыдыйы баззад иу ахæм хабар. Кæддæрты-иу уыд-тæн компартийы бюройы хыгъдон-æвзарæн æмбырдты. Иу ахæм æмбырды хайад истой Хуссар Ирыстоны уæды обкомы фыццаг секретарь Санахъоты Феликс æмæ Гуырдзыстоны премьер-министр Патаридзе. Парт-секре-тары хыгъдон докладæй дарддæр ма æмбырды хайадисджытæ загътой сæ хъуыды, горæт Цхинвалы ном фæивын кæй хъæуы, уый тыххæй. Советон Цæдисы Коммунистон партийы 20-æм съезды Никита Хрущев Сталиныл цъыф уымæн бакалдта æмæ дзы кодта мастисæн. Дзырдта дзы алыгъуызон мæнг ныхæстæ, зæгъгæ, рæстаг адæмы ныццагъта, картæ нæ зыдта, æфсадыл ра-замынд кæнынмæ не ‘рæхст æмæ афтæ дарддæр. Æцæгæй та Сталин Советон Цæдисы сæргъ лæу-гæйæ, æппæт дæр арæзта адæмы хæрзиуæгæн. Уый афтæ кæй уыд, уый бæрæг у дунейы иууыл дæгъ-вæтиндæр æмæ тугкалæндæр хæсты фæстæ цыбыр рæстæгмæ егъау бæстæйы йæ къахыл кæй слæууын кодта, уымæй дæр. Рæ-дыдтытæ алы адæймагмæ дæр вæййы. Фæтæг йæхæдæг дæр афтæ загъта: «Только мертвые не ошибаются».

Ахæм зынгæ политикæн характеристикæ радтыны хæс мæхимæ нæ исын, фæлæ æрхæсдзынæн цалдæр цæвиттоны. Фашистон Герман Советон Цæдисмæ куы æрбабырста, уæд ын хæсты райдианы ахæм æнтыстытæ уыд æмæ хъуыды дæр ничиуал акодтаид искæцы бæстæ ма йыл фæ-уæлахиз уыдзæн, ууыл. Гитлерæн йæ сæр разылд ахæм æнтысты-тæй æмæ йæ дзыхыдзаг хъæр кодта: «уничтожать, уничтожать! Фюрер решает кого оставить живым», зæгъгæ. Сталин та-иу уæзбынæй загъта: «да будет и свадьба на нашей улице». Æппынæдзух дзырдта: «все для фронта, все для победы»! Гитлерон фашисттæ размæ куы бырстой, уæд тас цы заводтæн уыд ныппырх кæнынæй, уыдон-иу хаст æрцыдысты æндæр рæттæм æмæ-иу къуыримæ уадзын райдыдтой продукци. Уыцы рæстæ-джы Сталин æмæ Райгуырæн бæстæ синонимтæ уыдысты. Советон æфсад размæ бырста «За Родину, за Сталина!» хъæр кæнгæйæ. Дзабырхуыйæджы фыртæн ахæм стыр кад æмæ авторитет уыд æмæ æппæт бæстæты фæллойгæнæг адæм сæ хъус дадтой Кремлмæ,  иу кæнæ иннæ уавæры фæдыл Сталин цы зæгъ-дзæн, уымæ. Советон æфсад фашизмы йæ лæгæты кæй ныд-дæрæн кодта, уый фæрцы фер-вæзтысты Европæйы бæстæтæ дæр. Фæлæ абон уыдонæй бирæ-тæ фæлварынц истори сæхи пайдайæн сзыгъуыммæ кæнынмæ. Фæлæ истори нæ быхсы фæ-лывд митæ æмæ алцы дæр йæ бынаты сæвæры.

Хрущев Сталины мард буар ра-хæссын кодта Мавзолейæ, мардимæ тох кæнын худинаг кæй у, уый ницæмæ даргæйæ. Сталины бæстæ Хрущев мавзолейы йæхи-цæн цæттæ кодта бынат, фæлæ æвзæрæй цыдæриддæр сарæзта, уыдон йæхи ныхмæ фесты æмæ æппæрст æрцыд йæ бынатæй 1964 азы октябры мæйы. Сталины номимæ цыдæриддæр баст уыд горæтты, уыдон ивд æрцыдысты. Сталины  цырт æвæрд уыд нæ го-рæты Театралон фæзуаты иннæ та – раздæры обкомы, ныры Парламенты бæстыхайы асинтыл схи-зæны. Иу æрдыгæй уыд Ленины цырт æмæ иннæ ‘рдыгæй та – Сталины цырт æмæ иумæ тынг аив фидыдтой. Фæлæ иу бон адæм райсомæй уынгтæм куы рахызтысты, уæд джихæй баззадысты цыртыты сæ бынæтты куынæуал федтой, уæд…

Ныр та фæстæмæ раздæхæм партийы бюройы хыгъдон æм-бырдмæ, цыран хайад райстой Санахъоты Феликс æмæ Гуырдзыстоны премьер-министр Патаридзе. Уыцы æмбырды нæ горæты ном фæивыны фæндоны тыххæй Патаридзе загъта: «горæты ном фæивынæн стыр финансон хæрдзтæ хъæуы. Ныр та уал, зæгъгæ, бацархайæм горæт рай-рæзын кæныныл æмæ уый фæстæ ралæудзæн  йæ ном фæивыны рæстæг дæр». Фæлæ абоны онг дæр нæ горæты ном ивд не ‘рцыд.

Абон, Президент Бибылты Анатолийы фæрцы, нæ горæт рæсугъдæй-рæсугъддæр кæны. Бонæй-бонмæ йæ хуыз ивы, рафидыдтой уынгтæ, сквертæ. Æппæт уыцы æвæрццаг миниуджыты æмрæнхъ ма нын нæ зæрдæтæ бархус кодта йæ Барамындæй дæр, зæгъгæ,  9-æм майы – Уæлахизы боны æмæ 21-æм июны – Стыр Фыдыбæстæйон хæст райдайæн боны символы хуызы горæт Цхинвалимæ иумæ пайда цæуæт ном горæт Сталинирæй дæр мысæн бонтимæ баст республикон æмæ горæтон мадзæлттæ уадзыны рæстæджы.

ЧЕХОЙТЫ Вася,

фæллойы ветеран

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.