А-фæстаг рæстæг ирон адæймаджы удыхъæд цæхгæр кæй фæивта, уый мæ дисы дæр æмæ масты дæр æфтауы. Хорзæй хорз зæгъын нæ цæст нал уарзы, нæ хæрзгæнæгæн бузныг зæгъын дæр хæлæг кæнæм. Нæ куырыхон фыдæлтæй нын ахæм арфхъуыдыджын ныхас куы баззад – дæ хæрзгæнæджы æмбар æмæ йын бузныг зæгъын зон. Уæд цымæ мах, сæ фæдонтæ, цавæр кæлæнты уацары бахаудыстæм?

Бирæ дæсны разамонджытæ уыд Ирыстонæн, фæлæ ма мын зæгъут,   нæ республикæйы цыбыр рæстæгмæ   хуыздæрæрдæм  уыйбæрц ивддзинæдтæ æрцыд, зæгъгæ, уый кæцы рæстæг уыд?

Абон культурæйы къабаз стыр æнтыстытимæ рæзы. Нæ фæсивæд цайдагъ кæнынц музыкæ æмæ кафтыл, сфæлдыстадыл, монон хъæздыгдзинæдтыл. Чи нæ кæд федта цыбыр рæстæгмæ уый бæрц ивддзинæдтæ? Уæдæ нæ ирондзинад, нæ мадæлон æвзаг, фыдæлтæй ныууадзгæ удварны хæзнатæ бахъахъхъæныны охыл дæр цас мадзæлттæ аразы, афтид уый тыххæй дæр Гаглойы-фырт у стыр арфæйы аккаг. Уæлдай раппæлинаг та уый тыххæй у, æмæ мæгуыр адæмыл кæй сагъæс кæны, сæ тыхстдзинæдтæ сын кæй æмбары, сæ къух сын истæмæй фæрогдæр кæныныл кæй архайы.

Нæ Сæргълæууæг цы фембæлдтытæ аразы горæты æмæ хъæуты цæрджытимæ, ахæмтæ кæцы разамонæг арæзта адæмимæ, йæхимæ сæ æрбаввахсдæр кæныны, сæ тыхстдзинæдтæ сын бæлвырддæр базоныны охыл?

«Кæд дæ ирон – уæд де ‘взаг зон» – ахæм фыстытæ ис фенæн бирæ рæтты.  Йæ цæрæнбон бирæ уæд, ахæм хъуыды  рæгъмæ чи рахаста, уымæн. Фæлæ ма йæм æз бафтауин: «…æмæ дзы пайда кæн!». Мах æхсызгонæй рахатыдтам, нæ президент йе ‘ргом кæй здахы ирондзинадмæ.

Цыбыр дзырдæй, Алан стыр æвæрæн бахаста æмæ хæссы йæ адæмы хæрзæбонæн. Фæлæ йæхæдæг уый фагыл нæ нымайы, тырны ноджы фылдæр хæрзты бацæуынмæ, ноджы стырдæр æнтыстдзинæдтæм. Куыд фæзæгъынц, ницы дзы ферох, ничи дзы ферох.  Ахсджиаг бынат ын ахсынц республикæйы социалон, экономикон æмæ политикон фарстытæ сæххæст кæныны бæлвырд мадзæлттæ.  Адæймаджы дисы ‘фтауы, куыд æххæссы æппæтыл. Суанг ма алы лыстæг хъуыддæгтæм дæр иудадзыг йæ цæст дары.

Мæнæн, Ирыстоны цæрæг адæймагæн, æнцой нæ дæтты, иуæй-иутæ сæхи кæй «бакуырм» кодтой æмæ сæ æппæт уыцы хорздзинæдтæ уынын кæй нæ фæнды, уый. Æмбæлгæ аргъгæнæг кæй не сты Гаглойы-фырты зæрдиаг архайдæн. Æнæбындур, æнæхъола ныхæстæ фехъусæн вæййы æхсæнадон бынæтты. Чи йыл тауыс кæны, уыдон сты, адæмы мæт æппындæр чи нæ кæны, фæлæ æрмæстдæр йæхи гуылы бын чи ‘ндзары, ахæм бухъцардгæнæг æнæджелбетт адæймæгтæ, Гаглойты Алан æбæрнондзинад кæмæн нæ бары, кæнæ та республикæйы сæргълæууæджы къæлæтджынмæ чи тырны, ахæмтæ.

Æз æнæдызæрдыгæй зæгъын, йæхи сыгъдæг фæллойæ цæрæг ирыстойнагмæ ахæм хъуыдытæ никуы æрцæудзæн,  уымæн æмæ йын йæ аудындзинад æнкъары, æппынфæстаг æууæндын райдыдта фæрнджын сомбоныл, рæсугъд фидæныл.

Нæ республикæйы сæргълæууæг Гаглойты Аланæн йæ миддуне уыйбæрц хъæздыг у, уый бæрц уæздандзинад æм ис, æмæ йе ‘ппæт хъарутæ дæр хардз кæны адæмы цард фæрогдæр кæныныл. Æппæтæй ахсджиагдæр ын у хуымæтæг фæллойгæнæг адæмы æууæнк.

Гъемæ ныл Дунесфæлдисæг хорзæрдæм аудæд, раст зондæй нæ фæхайджын кæнæд, Гаглойы-фырт цы уæззау уаргъ сæккой кодта, æмæ йæ хæссын куыд фæразы, уый куыд æмбарæм, ахæм хъару нæм разынæд. Сыгъдæгзæрдæйæ, цæстуарзонæй нæ хæрзгæнæгæн бузныг зæгъын куыд зонæм, уыцы фарнæй нæ Хуыцау фæхайджын кæнæд.

Æнæ куыстæй ницы вæййы. Ис нæм алцыдæр, цæмæй фæрныг республикæ уа æмæ размæ фидар къахдзæфтæй цæуа, уымæн. Уый тыххæй та нæ алчидæр хъуамæ йæхирдæм ма иваза, фæлæ æмбара, фидар республикæйы бындур у не ‘нгомдзинад, æмдыхæй архайд, тыхджын экономикæ, адæммæ здæхт социалон сферæ æмæ уыцы нысантæ сæххæст кæнæм иумæ. Цæмæй нæ республикæйы цæрджытæ цæрой æмæ фæллой кæной нывыл хорз уавæрты, æппæт фадæтты æмæ рынчындоны медицинон лæггæдтæ райсынæн «бæрзондыл бадæгмæ» æххуысмæ ма дзурой телефонæй. Алы адæймагæн дæр бахъуаджы сахат æнæ «зонгæты» æххуысæй фадат уа социалон æххуыстæ райсынæн. Афтæ иннæ къабæзты дæр.

ХЪУЫЛЫМБЕГТЫ Лейла, Цхинвалы цæрæг.

Уæ газет уын 25 азæй фылдæр алкæддæр рафыссын

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.