20-æм февралы нæ газеты мыхуыр æрцыд Знауыры районы Балтайы хъæуы астæуккаг скъолайы ахуыргæнæг Харебаты Венерæйы уац «Лæггадхъом ут кæддæриддæр», зæгъгæ.

Харебаты чызг йæ уацы йе ‘нæразыдзинад равдыста, Балтайы хъæумæ рейсон автобусы шофыртæ Къæбулты Инал (24 январы) æмæ Санахъоты Ромик (13 февралы) ацы хъæуы астæуккаг скъолайы ахуыргæнджыты бынатмæ, ома, Балтайы хъæумæ кæй нæ фæхæццæ кодтой, уый фæдыл. Уый хыгъд раппæлыд шофыртæ Хъазиты Гоча, Æлборты Зураб, Тыбылты Валери æмæ Габатты Виталикæй.

Уацы фæдыл се ‘нæразыдзинад равдыстой æмæ редакцимæ ныффыстой Балтайы хъæумæ рейсон автобусы шофыртæ Санахъоты Ромик æмæ Къæбулты Инал. Фыстæджы дзырдæуы: «Харебаты Венерæ нæ йæ уацы цæмæй аххосджын кæны, уыдон раст не сты æмæ нын чъизи кæны нæ ном. Уымæ гæсгæ мах дæр нæ бартæй пайда кæнæм æмæ уыцы бонты цауты тыххæй дзурæм рæстдзинад.

«2020 азы 13-æм февралы мæнæн, Санахъоты Ромикæн, æцæгæйдæр уыд рейс Балтайы хъæумæ. Мæ бæлццæттимæ уыдысты Балтайы астæуккаг скъолайы ахуыргæнджытæ дæр. Фæлæ стыр мит кæй æруарыд æмæ хъæумæ фæндаг митæй сыгъдæг кæй нæма уыд, уый аххосæй Балтамæ нæ бацыдтæн, уымæн æмæ автобус нæ ахызтаид. Мæ размæ ацыд грейдер, фæлæ уый дæр æрдæгфæндагыл ныххауд миты. Фæндаг тынг нарæг кæй у, уымæ гæсгæ дзы фæстæмæ разилын дæр мæ бон кæй не суыдаид, уый хынцгæйæ, Балтайы хъæуы ахуыргæнджыты рахизын кодтон Знауыры поселочы. Фæндагыл исты æнамонд цау куы æрцыдаид, уæд дзуапп мæнæй æрдомдтаиккой æмæ ахæм бæрндзинад мæхимæ нæ райстон.

2020 азы 24 январы ахæм уавæры бахауд мæ коллегæ Къæбулты Инал дæр, кæцы кусы уæлдæрбацамынд рейсыл.

Харебаты чызг йæ уацы цы шофыртæй æппæлы, уыдон сæ бынатмæ баластой, Балтайы хъæумæ фæндаг митæй куы асыгъдæг кодтой, уæд.

Æппæт уыцы цаутæн ис æвдисæнтæ дæр, кæцытæ бафидар кæндзысты, мæ уацы цы бæлвырдгæнæнтæ æрхастон, уыдоны».

Фыстæгыл сæ къух æрфыстой: Санахъоты Ростик (Балтайы хъæууон администрацийы сæргълæууæг), Кокойты Солтан, Галуанты Андзелинæ, Хъæцлæуты Зарбег, (Паткнеты хъæуы цæрджытæ), Оситашвили Тамаз, Цхуырбаты Темо, Тедеты Евген (Знауыры поселочы цæрджытæ), Æлборты Рафик (грейдеры шофыр), Æлборты Зураб (УАЗикы шофыр). 

Редакцийæ: Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм, нæ газеты мыхуыргонд æрмæджыты фактты тыххæй бæрндзинад кæй хæссынц автортæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.