Президент Гаглойты Алан йæхимæ райста акционерон æхсæнад «БТК Групп»-ы Цæстдарæг советы сæрдары уынаффæгæнæг Дзансолты Ермак æмæ «БТК-4»-ы генералон директор Цакоев Артуры.

Фембæлды рæстæджы «БТК Групп»-ы минæвæрттæ паддзахады сæргълæууæгимæ ныхас кодтой хуыйæн фабрикæ «БТК– 4»-ы кондадон хъомысад рауæрæх кæныны фарстаты тыххæй.

Уыцы нысанæн бабæрæг кодтой республикæйы районты цалдæр бæстыхайы.

Уазджытæ куыд загътой, афтæмæй федтой фондз бæстыхайы, фæлæ уыдон сты капиталон  цалцæгкæнинаг.

«Бæстыхæйттæ цалцæг куы æрцæуой, уæд цæттæ стæм ацы фарстмæ æркæсынмæ», – загъта Дзансолты Ермак.

Ныртæккæ хуыйæн фабрикæйы кусджыты астæуккаг мызд у  60 мин сомы. Уымæй дарддæр куыстуаты къухдариуæгад кусджыты разæнгард кæныны нысанæн исы уæлæмхас мадзæлттæ, кæцыты фæстиуæгæн фадат уыдзæн мызд дыууæ хатты фæфылдæр кæнынæн.

Президент банысан кодта, куыстуаты къухдариуæгад йæ кусджыты уавæртæ фæхуыздæр кæныныл кæй архайы, уый.

«Уый тыххæй уæ бузныг стæм. Фæнды мæ, цæмæй мын мæ бузныджы ныхæстæ фæхæццæ кæнат Боллоты Таймуразмæ. Нæ фæстаг фембæлды мах дзырдтам, кæй сарæзтæуыдзæн, цал кусæджы ссардæуа, уал кусæн бынаты. Хуссарирыстойнаг фарс æппæт дæр сараздзæн, цæмæй цæуыл бадзырдтам «БТК-4»-ы къухдариуæгадимæ, уыдон биноныг æрцæуой царды», – банысан кодта Гаглойты Алан.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, фыццаг рады æнцондæр у уæлæмхас кусæн бынæттæ Цхинвалы хуыйæн фабрикæйы саразын, фæлæ къухдариуæгад цæттæ у, сæ балцы рæстæджы «БТК Групп»-ы минæвæрттæ цы объектты федтой, уыдоны тыххæй уынаффæмæ æмæ иумиаг хатдзæгмæ æрцæуынмæ.

 «Махмæ цы фарстатæ хауынц, уыдон  аскъуыддзаг кæнынмæ цæттæ стæм», – загъта Президент.

Уый зæрдыл æрлæууын кодта, зæгъгæ, 2023 аз «БТК- 4»-æн юбилейон кæй у æмæ банысан кодта, Хуссар Ирыстоны хуыйæн фабрикæйы баконды ахсджиагдзинад, æмæ æмбæстæгтæн цы стыр æххуыс у, уый.

Фембæлды рæстæджы скъуыддзаг æрцыд Цхинвалы хуыйæн фабрикæйы цыбыр æмгъуыдмæ кусæн бынæттæ фæфылдæр кæныны тыххæй.

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.