Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан фембæлд  ЗАО «БТК групп»-ы директорты советы сæрдар Боллоты Таймуразимæ.

Æруынаффæ кодтой республикæйы дарддæры æмархайды фæдыл размæцыд уæрæсейаг компанитæй сæ иуимæ, уыцы нымæцы хъуымац æмæ спецдарæсыл бакусын, рауадзын æмæ реализаци кæныны фадыджы. Афтæ ма ныхас цыд Хуссар Ирыстоны территорийыл кондад рауæрæх кæныны тыххæй. Аскъуыддзаг кодтой кусæгон къорд саразын, цæмæй координаци цæуа дыууæварсон архайд.

Боллоты Таймураз банысан кодта, Гаглойты Аланы УФ-йы Президент Владимир Путинимæ фембæлды ахсджиагдзинад æмæ ныфс бавæрдта, ацы нысаниуæгджын цау хуыздæрæрдæм кæй бандавдзæн республикæйы экономикон рæзтыл.

Гаглойты Алан Хуссар Ирыстоны адæмы номæй бузныг загъта «БТК групп»-ы сæргълæууæгæн республикæйы рæзтмæ ахсджиаг хайбавæрды тыххæй, æмæ йæ рады ныфс бавæрдта, æппæт уавæртæ кæй сараздзæн æмгуыстад дарддæр кæнынæн.

«Мæнæн, куыд паддзахады сæргълæууæгæн, фыццаг бынаты ис мæ адæмы фæрныгад  æмæ бузныг уыдзыстæм ног кусæгон бынæттæй», – загъта Президент.

Фембæлды хайад райста Уæрæсейы Федерацийы Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Гасситы Знауыр.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.