Стыр спортивон бæрæгбон арæзт æрцыд Дзæуджыхъæуы. Ам нырма уагъд æрцыд уæгъдибар хъæбысхæстæй дунеон турнир «Кубок Содружества», æмæ дыккаг бон та – Поддубныйы къорды фæндзæм дунеон профессионалон турнир.

«Кубок Содружества»-йы ирон богалтæй фæуæлахиз сты Гобаты Артем (57 кг) æмæ Найфонты Артур (86 кг). Дыккаг бынæттæ бацахстой Сидахъты Зауырбег (74 кг) æмæ Багаты Алан (92 кг). Бронзæ майдантæ бафтыдысты Тауитты Чермен (61 кг), Бæдиаты Артур (65 кг), Мæхъиты Зауыр (86 кг) æмæ Хынцæгты Сосланы къухты (125 кг).

Поддубныйы къорды фæндзæм дунеон профессионалон турниры та ирон богалтæй фыццаг гауызмæ рахызт Хуыгаты Давид. Тох цыд 55 кг уæзы скъоладзауты кары ‘хсæн. Давид тыхджындæр разынд туркаг богал Мамед Мамлидовæй.  Уый фæстæ Байты Давид 74 кг уæзы фæуæлахиз Венгрийы спортивон кад хъахъхъæнæг Мурад Курамагомедовыл.

Хъызынты Дзамболат та 65 кг уæзы категорийы рамбылдта азербайджанаг Зираддин Байрамовы.  Гауызмæ ма рахызт Уæрæсейы ацы азы чемпион Уалыты Владислав. Уый 92 кг уæзы фæуæлахиз дагъыстайнаг Гаджимагомед Нажмудиновыл.

Спортуарзджытæм стыр цымыдис сывзæрын кодта 62 кг уæзы категорийы Кæсæбиты Алинæ æмæ Хъыргъызтаны хъæбысæйхæцæг, дунейы дыууæ хатты  чемпионкæ Айсула Тыныбековайы тох. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ Алинæ раздæр фæхæрд Тыныбековайæн. Уымæ гæсгæ йæ фæндыд реванш райсын æмæ йын æнтысгæ дæр бакодта. Ирон спортсменкæ рамбылдта 6:4 хыгъдæй. Афтæмæй Поддубный къорды ныр фæуæлахиз 5-æм хатт.

ХУРИТЫ Батрадз

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.