Куыст адӕймагӕн номгӕнӕг кӕй у, уый раджы бамбӕрста ацы зӕрдӕхӕлар ӕмӕ фидӕрттӕконд нӕлгоймаг ӕмӕ йæ куыстæй исы ӕхцондзинад. Кӕд азтӕ сӕ уӕз ӕруагътой Джиоты Иналыл, уӕддӕр иу ран бадын йӕ сӕрмӕ нӕ хӕссы, фӕлӕ ӕдзухдӕр исты пайдайон хъуыддагыл хӕст куы уаид, уый йӕ фӕнды. Кӕд горӕты ӕрвиты йӕ цард, уӕддӕр ын нӕ радтӕг зӕхх афтӕ адджын у, ӕмӕ дзы ӕрвылбон дӕр  кӕныйæ фыдӕбоны хай. Диссаг у йӕ цӕхӕрадонмӕ бакӕсын, иу йæ ӕрбынат кодта йӕ цӕрӕн хӕдзары кӕрты, иннӕ та – дыккаг уӕладзыджы бӕрзонд бынаты. Уым ын ӕвӕрд сты алыгъуызон мигӕнӕнтӕ, байдзаг сӕ кодта сыджытӕй ӕмӕ дзы ныссагъта пъамидор, джитъри, цывзы, цъӕхыгтӕ цалдӕр хуызы ӕмӕ ӕндӕр халсæрттӕ. Фӕлӕ ууыл не ‘рлӕууыд Джиоты Инал ӕмӕ ма уыцы халсӕртты сӕрмӕ ноджы ӕндӕр цӕхӕрадон дӕр сарӕзта, уым та ӕрзайын кӕны настӕ. Уыдон афтӕ стыртӕ сты, ӕмӕ сӕ ныридæгæн адӕймаг зынтӕй сисдзӕн. Хъæуы ма сæ ӕппынкъаддӕр иу мӕй, уӕдмӕ та ноджы егъаудӕр суыдзысты. Цӕмӕй сӕрибарӕй рӕзой, ма ӕрыскъуыйой, уый тыххӕй сӕ бабаста ӕмӕ сын ныр тас нал у.

82-аздзыд нӕлгоймагӕн йе ‘нувыд ӕххуысгӕнӕг кӕддӕриддӕр у йе ‘мкъай Бураты Фатимӕ. Уӕдӕ дзаджджын фӕллӕйттӕ кӕнӕд сӕхицӕн ӕмӕ республикӕйы цӕрджытӕн дӕр ацы дыууӕ куыстуарзаг адӕймаджы.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.