Хъæууон фæллойгæнæг æхцондзинад цæмæй фæисы, уыдон сты, йæ къухтæй æркæнгæ бæркадджын тыллæг æмæ афæдзæй-афæдзмæ кæй фæхъомыл кæны, уыцы фос. Æнæзæхх, æнæфосæй хъæууон лæг базырсаст маргъæй уæлдай нæу. Уымæ гæсгæ йын йæ фосы æмæ тыллæджы сæфт дæр æрхæссы стыр маст.

Ацы бонты та африкæйаг хуыты емынæ Знауыры районы Ожорайы хъæуы кæй фæзынд, уый канд хъæуы цæрджытæн не ‘рхаста стыр маст, фæлæ катайы бахаудтой æмткæй нæ республикæйы цæрджытæ дæр.

РХИ-йы хъæууон хæдзарады фосдарды æмæ ветеринарон хайады сæйраг специалист Лолоты Владимир куыд загъта, афтæмæй Ожорайы хъæуы ацы бонты хуыты африкæйаг емынæйæ амардысты дзæргъ æмæ йæ хъыбылтæ. Ацы низ нæ республикæйы фæзындис августы мæйы райдианы æмæ кæд æрнымæг, арæзт цыдис æппæт дæр йе скуынæг кæныны тыххæй, уæддæр тæссаг уыд ногæй фæзынынæй. Уымæн æмæ æнæниз фосыл дæр бахæцы æмæ кæд уайтагъд нæ, уæддæр фæстæдæр раргом кæны йæхи.

«Ныртæккæ Ожорайы хъæуы ацы низ кæй сытынг, уымæн дæр йæ аххосаг сты, хуыты иу бынаты кæй дардтой, хæринаг сын дæтгæйæ, иу мигæнæнæй кæй пайда кодтой, уый.

Фосы хицау та куыддæр бафиппайа, кæй фæрынчын сты, уый, уæд уайтагъд хъуамæ фехъусын кæна ветеринарон дохтырæн æмæ сæ кæм дарынц, уыцы территори дезинфекци скæной.

Уымæй дарддæр ма фосы хицæуттæ æнæмæнг хъуамæ фехъусын кæной ветдохтырæн, цы фос ын амардысты, уыдоны тыххæй дæр, цæмæй сын сæ мæлæты аххосаг рафæлгъауа æмæ се скуынæг кæныны тыххæй райст æрцæуа æмбæлон мадзæлттæ», – загъта Лолоты Владимир.

Цæмæй иннæ районтæм ма ахиза ацы тæссаг низ, уый тыххæй Знауыры районы æвæрд æрцыдис цалдæр карантинон посты. Владимир куыд зæгъы, афтæмæй Знауыры районæй иннæ районтæм ма хъуамæ хæссой канд дзидзайы продукци нæ, фæлæ æндæр хъæууонхæдзарадон продукттæ дæр, фосы та дарын хъæуы хицæнæй, цæмæй низ ма хæца иннæтыл дæр.

Лолойы фырт ма куыд банысан кодта, афтæмæй уыдон бирæ зонæнтæ райстой йæ ныхмæ тох кæныны тыххæй. Бакуыстой йыл æмæ сарæзтой сæрмагонд инструкци. Уæрæсейы ацы инструкцийы фыст ис, низ кæм фæзынд, уырдæм 20 километрæй æввахсдæр бацæуыны бар кæй нæй. Ам, Хуссар Ирыстоны та арæзт æрцыдис 5 километры дæрддзæгмæ. Уымæй æввахсдæр цы хъæутæ уой, уыдон уыдзысты тæссаг уавæры.

«Ацы тæссаг низ махмæ фæзынд 2006 азы. Уæдæй нырмæ тох кæнæм йæ ныхмæ, фæлæ нæ нымæг кæны. Бирæ куыст бакодтам уæд цæрджытимæ, фæдзæхстам сæ, цæмæй сæ хуыты æддæмæ ма уадзой, кондæй сæ дарой. Уымæн æмæ хуыты африкæйаг емынæйæ рынчын кæнынц æрмæстдæр хæдзарон æмæ хъæддаг хуытæ.

Уыдон рацу-бацу кæнынц æмæ йæ хæссынц дыууæрдæм æмæ пырх кæны, афтæмæй. Фæлæ адæмæн басæттæн нæй, кæд сын æй æмбарын кæнæм, уæддæр», – зæгъы Владимир.

Уый ма куыд загъта, афтæмæй та сæ ныр дæр бафæдзæхстой, фæлæ дзы бирæтæ фергом кодтой сæ хъуыды, зæгъгæ, ацы аз æхсынцъы, кæрдо сты тынг арæх æмæ æддæмæ куынæ цæуой, уæд сын, зæгъгæ, мидæг кондæй уыйбæрц холлаг кæцæй æрхæссæм. «Ацы низæн та сæфæн нæй, цалынмæ цы фæткойтæ бакуыстам, уыдоны цæрджытæ æххæст кæной, уæдмæ. Хуытæ куы амæлой, уый фæстæ дæр уыцы бынæттæ хъуамæ цæуой дезинфекци. Адæм сæхæдæг дæр цæуынц иу бынатæй иннæмæ æмæ йæ уыдон дæр хæссынц сæ къæхтыл. Æгæрыстæмæй сæ, раздæр куыд кодтам, афтæ, ныгæнгæ нал, фæлæ сæ хъæуы судзын», – зæгъы Владимир.

Уый ма куыд загъта, афтæмæй ацы низæн тынг зынтæй ис скуынæггæнæн. Уымæн æмæ Гуры, сæ ветеринарон лаборатори кæм уыд, уым ныр та сарæзтой низы вирустæ парахатгæнæн лаборатори. Æмæ, цæмæй уыцы лаборатори нæ республикæйæн стыр тасдзинад ма æвзæрын кæна, уымæ гæсгæ бакуыст æрцыд сæрмагонд къамис, кæцыйы уæнгтæ архайдзысты æмæ сæ хъус дардзысты, Цхинвалы æмæ Знауыры районты низы ныхмæ цахæм мадзæлттæ ист цæудзысты, уымæ.

Бестауты Валя

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.