Цалдæр мæйы размæ Хуссар Ирыстоны Ветеранты советы хистæры хæдивæг Уалыты Гайоз бахатыд Хуссар Ирыстоны «Мегафон»-ы генералон директор Роман Ковригамæ финансон æххуысы тыххæй, цæмæй  цалцæг æрцæуой, нæ  республикæйы уæвæг цыртдзæвæнтæй цалцæг кæй хъæуы, уыдон. Куыд рабæрæг, афтæмæй цыртдзæвæнтæй иутæ цалцæгкæнинаг нæ, фæлæ сты ногæй аразинаг. Уыдонæй сæ иу у Ручъы хъæуы цырт. Уый тыххæй 18 сентябры ардæм æрбацыдысты Дзауы районы администрацийы минæвæрттæ, ветерантæ, ахуыргæндтæ. Басгæрстой цалдæр бынаты æмæ аскъуыддзаг кодтой, цæмæй Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæмардуæвæг хæстонтæн цыртдзæвæн арæзт æрцæуа Уæллаг Ручъы. Аст метр уыдзæнис иуæр-дæм æмæ цыппар метр та иннæрдæм. Йæ астæу уыдзæнис хæстоны дурцырт хæцæнгарзыл хæцгæйæ. Йæ алыварс уыдзæнис æхгæд. Уымæй дарддæр ма йæм бауадздзысты нуазыны дон æмæ дзы æвæрд æрцæудзæнис бандæттæ. Æппæт ацы куыстытыл хардз æрцæу-дзæнис иу милуан сомы  бæрц.  Куыстытæ æххæст æрцæудзысты «Мегафон»-ы фæрæзтæй. Сомбоны цыртдзæвæнæн ныридæгæн ныккалдтой бындур. Арæзт та фæуыдзæнис 2019 азы уалдзæджы æмæ йæ байгом кæндзысты 9-æм майы Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæуæлахизы 74 азы бонмæ.

Уымæй дарддæр ма Уалыты Гайоз сиды Плиты æмæ Рукъæй рацæуæг иннæ мыггæгтæм, цæмæй самал кæной æхцайы фæрæзтæ æмæ хæстоны фæл-гондзы фарсмæ æвæрд æрцæуа, Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы нæ хæс-тонтæн стыр æххуыс чи кодта, уыцы Плиты Мартайы цырт дæр.

      Гæззаты иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.