Ахæм у сæ куысты боны фæтк сæумæрайсомæй суанг изæрдалынгтæм Цхинвалы районы Къостайыхъæуы цæрджытæ, æмкъæйттæ Дудайты Нугзар æмæ Чысиаты Эвелинæйæн дæр. Ацы бинонтæ æнувыд сты куыд фосдарды къабазыл, афтæ зæххы куыстыл дæр, дарынц сæм зæрдиаг ахаст æмæ сæ рæзын кæныныл кусынц хъаруджынæй. Сылгоймаг фыццаджыдæр бабæрæг кæны йæ фосы, базилы сæм æмбæлон æгъдауæй. Ноггуырд род нырма ахуыр нæу йæ мадыл, хъæуы йæм фæкæсын æхсырæй æмæ йæ уадид фæцайдагъ кæны. Рæз цалдæр мæйы дæргъы чи схаста, уый фæхæрзхуыз, фæлмæн холлагыл дæр фæцахуыр æмæ уый та хъуамæ баиртасай йæ мадæй. Фæстæдæр сæ райдайы дуцын дæр, æдæппæт æм стуртæ нымадæуы 7, уыцы нымæцы хъуццытæ сты 3.  Къаддæр аудын нæ хъæуы хæдзарон мæргътыл дæр æмæ сæ афоныл рауадзы æддæмæ. Бабызтæ дон бирæ уарзынц, уым сæхи найынæй æхцондзинад исынц. Кæрты тезгъо кæнынц хъазтæ, гогызтæ, иннæ мæргътæ æмæ сæ æддæмæ рауадзгæйæ сæ разы æркæны хæринаг. Ахæм у æрвылбон дæр йæ куыст Чысионæн. Нæлгоймаджы фыдæбæттæ та æндæр сты æмæ сæм афоныл бавналы Нугзар дæр. Сæ хæдзаргæрон зæххы фадыджы байтауынц хъæууонхæдарадон культурæтæй нартхор, хъæдур, бакусынц æмæ базилынц цæхæрадоны халсæрттæм æмæ сæ æрзайын кæнынц хъæздыг тыллæг. Дзæвгар дзы ныссагъта фæткъуы, чылауи, атъами, æнгуз æмæ æндæр дыргътæ, стæй хъæлæрдзы, мæнæргъы, зилы сæм агротехникæйы домæнтæм гæсгæ æмæ йæ уыдон дæр нæ фæхъыг кæнынц.

 Фосæн хъарм æмæ æфсæст зымæгиуат сифтонг кæнын та фылдæр нæлгоймаджы уæзæгæвæрд къухтæм æнхъæлмæ кæсы æмæ ацы бонты Дудайы фырт хосгæрдæны куыстыл лæуд у. Æввахс рæстæджы ахицæн кæндзæн ацы куыст дæр, стæй та сæ бынаты бафснайдзæн. Уымæй дарддæр дзы рох нæу æфсирон культурæ-тæм базилын  æмæ æрвылаз дæр райсы хорз тыллæг. Ацы аз дæр æхсæнадон хæдзарады зæххыл байтыдта 5 гектары хъæбæрхоры культурæ, æввахс рæстæджы æрбалæудзæн хуымгæрдæн æмæ та хоры æркондæй байрайдзæн зæхкусæджы зæрдæ.

Афтæ у ацы куыстуарзаг æмкъæйтты фыдæбон æмæ сæ куыст æмæ фæллойæ райгонд уæд.

ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.