1941-1945 азтæ. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты азтæ… Ацы аз 9 майы Стыр Уæлахизы боныл сæххæст 75 азы. О, цас рæстæг аивгъуыдта уæдæй нырмæ, цас дон аивылд æнæрынцойæ денджызтæм, фæлæ ма абоны онг дæр бирæтæ ссарынц сæ сæфт хæстонты ингæнтæ.

Мах никуы ферох кæндзыстæм ацы рухс царды сæраппонд йæ сæр нывондæн чи æрхаста, уыдоны рухс нæмттæ. Мæ уацы мæ фæнды Ленингоры районы Чъачъамуры хъæуæй Елойты  æфсымæрты кой ракæнын, сæ рухс нæмттæ сын æрæмысын.

1941-45 тугкалæн уæззау азтæ… Немыцаг тыхæйисджытæ сфæнд кодтой Советон Цæдисы сабыр цард фехалын. Хæст райдыдта… Ацы дыууæ дзырд фехъусгæйæ ныккæрзыдтой канд советон адæмы нæ, фæлæ æппæт дунейы сабыр цардуарзаг адæмты зæрдæтæ. Зын уавæры бахаудтой чъачъамураг Елойты Цицын æмæ Гоцъоты Пело дæр. Хæстмæ афæндæраст кодтой сæ фондз сагсур фырты: Цеба, Уасикъо, Мелыко, Серги æмæ Синойы.

Цицын æмæ йе мкъай Пело та уæхскуæзæй куыстой фæсчъылдымы, цæвæгæй карстой, хуым кодтой, æххуыс кодтой фронтæн. Ныййарджытæ бæргæ æнкъард кодтой сæ фондз бæлццоны тыххæй, фæлæ та-иу сæ хæстон фырттæй фыстæджытæ куы райстой, уæд та-иу схъæлдзæг сты, цыдæр ныфс та-иу сæ бацыд, ома, сæрæгасæй сæ фыды уæзæгыл сæмбæлдзысты.

Азтæ ивгъуыдтой… 1941-1942…1945 азтæ. Хæст фæци, нæ бæстæйы цыфыддæр знаг æрцыд пырхгонд йæ лæгæты. Советон Æфсады хæстонтæ уæлахизимæ здæхтысты сæ уарзон хæдзæрттæм, хъæлдзæгæй сыл æмбæлдысты сæ бинонтæ, сæ сабитæ, сæ хиуæттæ. Цины цæссыгтæ, хъæбыстæ…

Цицын æмæ Пело дæр стыр цинимæ  æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кастысты сæ фырттæм, се стыр ныфсытæм, фæлæ… Фыдæнхъæл фесты: сæ фондз фыртæй æртæйæ – Серги, Мелыко æмæ Сино хæсгæ мардæй дæр нал сæмбæлдысты сæ фыды уæзæгыл, хъæбатырæй фæмард сты тохы быдыры. Иннæ дыууæ æфсымæры Цеба æмæ Уасикъо кæд сæрæгасæй æрæздæхтысты, уæддæр сыл тугкалæн хæст йæ уæззау фæд ныууагъта. Цицын æмæ Пело  фæдзынæзтой се ‘ртæ зынгхуыст фырты хъысмæтыл…

Адæймаг цынæ зындзинæдтæн сфæразы, кæд зæрдæйы хъæдгæмттæ бæстон нал байгас вæййынц, уæддæр. Ахæм уавæры уыдысты Цеба æмæ Уасикъо дæр. Цеба йæ зæнæгимæ Гуры цард, Уасикъо та – Тбилисы. Уыдон кæд кæрæдзимæ æввахс нæ цардысты, уæддæр-иу кæрæдзи арæх абæрæг кодтой æмæ-иу фæдзырдтой сæ уæззау хæстон азтыл, æрæмысыдысты-иу сæ зынгхуыст æфсымæрты æмæ сæ ныййарджыты дæр.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.