Фыдæлты уæзæг сын адджын кæй у, кæй йæ нæ рох кæнынц, уымæ гæсгæ, Цхинвалы районы Накалакы хъæуы лæппу-фæсивæд баныхас кодтой, цæ-мæй афæдз иу хатт уæддæр æмбырд кæной сæ фыдæлты уæзæгмæ æмæ раздæр куыд уыд, афтæ-иу дзы айхъуыса хъæлдзæг хъæлæба, фæндыры хъазт.

Цæргæ та дзы кодтой Бестауты мыггаг. Афтæ уыд ацы аз дæр. Æрæджы та уыдон алы рæттæй цингæнгæ цыдысты сæ фыдæлты уæзæгмæ. О, цингæнгæ, фæлæ хъæууат чи фæцис, уырдæм бацæугæйæ та сагъæсгъуызæй кастысты, кæддæр, цард цæдджинагау  кæм фыхтис, фосы уаст, куыйты рæйд сын æхцондзинад кæм хаста, уыцы хъæуы пырхæнтæм. Ныр ма та цæй хъæу у, раздæр ам адæм сæ царды кой кæй кодтой, уымæн ма æвдисæн сты, цы хæдзæрттæ дзы уыдис, уыдоны бындуртæ. Раст у, фæсагъæс кæнынц, фæлæ йæ уæддæр бабæрæг кæнынц, уымæн æмæ хорз æмбарынц нæ хæххон хъæутыл къух афтæ æнцон кæй исæн нæу, хæхбæстæ ирон адæмæн у сæ артдзæст, сæ уидаг æмæ дзы царды цырагъ кæронмæ ахуыссын куы бауадзой, уæд хъахъхъæд не ‘рцæудзæн нæ историйы иу хай.

Хæххон хъæу Накалакыл, æвæццæгæн, адæймаг дзырд никуы фæуыдзæн. Стыр æмæ рагон хъæу уыд æмæ йæ уымæн схуыдтой Накалак дæр, ома, дзы стыр калакау бирæ адæм цæры. Ацы хъæу йæ диссаджы хæххон æрдзæй, стæй дæр дзы халсар, хойраг хорз кæй задис, уымæ гæсгæ бирæ адæмты фæхуыдта йæхимæ цæрынмæ. Æмæ дзы кæд абон цард баны-мæг, уæддæр дзы чи цардысты, уыдон ыл сæ къух нæ исынц, стырзæрдæ йыл ничи кæны. Куыд ма загътам, цæргæ та дзы Бестаутæ кодтой, фæлæ абон дæр сæ фыдæлты уæзæг нæ рох кæнынц кæд сæ фыдæлты къæсæрæй сæ хистæр фæлтæр æмæ сæхицæй дæр бирæтæ æндæр бынæттæм афтыдысты, уæддæр ыл абон дæр  сты иузæрдион, æнувыд. Абон кæд мыггаджы хистæртæ къаддæрæй-къад-дæр кæнынц æмæ цæмæй сæ равзæрды кæрæдзи ма рох кæной кæстæртæ, уый тыххæй уал сабаты банысан кæнынц сæ бæрæгбон – Мыкалгабыры бон, стæй дыккаг сабаты та скæнынц сæ мыггаджы куывд.

Хæхбæсты хъæуты цæрынæн зын фадæттæ кæй ис, уый не ‘ппæт дæр зонæм, фæлæ адæймагæн æнæ донæй цæрæн кæй нæй, уый нæ алчидæр æмбары. Накалакы та цы суадон ис, уый хъæуы цæрджытæн бирæ æнусты фæлæггад кодта, уый у диссаджы хæрзад æмæ æнцонтайæн. Цыма дын дæ тыхыл тых æфтауы, афтæ фæкæсы адæймагмæ. Фæлæ хъæу куы федзæрæг, уæд суадонæн дæр «йæ хъару басаст». Дон та царддæттæг кæй у, уый æмбаргæйæ Бестауты Гиви сфæнд кодта йæ уагмæ йæ æркæнын. Фæкастысты йæм Бестауты мыггаджы лæппутæй дæр чидæртæ. Æмæ ныр Ленингормæ фæндагыл, уыцы хъæутæм чи фæцæуы, кæнæ горæтмæ чи фездæхы, уыдон æрлæууынц æмæ фæзæгъынц: Накалакы хъæуы донæй баназæм, зæгъгæ. Уæдæ, суадоны доны цыд дæр æвдисæн ссис ам хъæу кæй уæвыд, уымæн.

Арсимæ фæхъуырæй-хъуырмæ сты

Тыхджын, гуыппырсар фæсивæд  цардис Накалачы.  Уыдонæй сæ иу уыдис Бестауты Гайоз. Уый афтæ тыхджын уыд æмæ дзы æмризæджы рызтысты гуырдзиæгтæ. Сæ хъæутыл-иу йæ фæндаг куы ракодта, уæд-иу æмбæхстысты, афтæмæй-иу æм кастысты кауты зыхъхъыртæй.

Гайозæй ма адæм сæ зæрдыл цы бадардтой, уый уыдис арсимæ куы фæхъуырæй-хъуырмæ сты, уыцы цау. Хабар та, æцæгæй уыд афтæ, иу сæумæрайсом Гайоз, Миша æмæ Лаврент сæ фос сыскъæрдтой хизæнуатмæ. Кæсы æмæ æрдузы арс йæ æртæ лæппынимæ лæууы. Арсæн, цыма йæ хъуырыл урс лентæ баст уыд, уыйау ыл урс хахх уыдис. Арс æнæуый дæр ницæмæй тарстис, арæх-иу æй федтой хъæугæронмæ æрхизгæ. Ныр æм кæсынц æмæ йæ лæппынты фæлвары æрдузæй хъæд-мæ бахæссыныл. Афæлвæрдтой йæм æв-вахсдæр ссæуыныл, фæлæ сæ арс йæхи-мæ нæ уадзы, йæхи-иу сыл рауагъта æмæ та-иу уыдон дæр фæстæмæ фездæхтысты. Уæдмæ арс йæ лæппынты хаст фæцис, фæлæ Гайозитæ уæддæр сæ фæстæ ссыдысты. Баввахс æм ис Бестауы фырт æмæ йыл арс йæхи ныццавта, фæхъуырæй-хъуырмæ сты. Хæцгæ хæцын адагмæ ныттылдысты æмæ-иу куы сæ иу фæбынæй, куы – иннæ. Мишæ æмæ Лаврент бамбæрстой, арсæн кæй ницы ракæндзысты æмæ хъæумæ фæфæдис кодтой. Фæлæ йæ уæдмæ, цыдæр амондæн арс фæуагъта æмæ фæлидзæг. Адаг хуыскъ æмæ нарæг уыдис æмæ йын слæууæн нæ уыдис.  Фæлæ куыд фæцæйлыгъд, афтæ та йæ Гайоз ацахста, зæгъгæ, афтæ цæугæ дын нал у. Уæд æм арс фæстæмæ фæзылд æмæ йын йæ цонджы фæлмæн сыскъуыдта æмæ ныййарц. Бæрæг уыд, арсæн йæ лæппынтæм йæ зæрдæ кæй ахсайдта, уый. Æмæ, æвæццæгæн, йæ алыгъды аххосаг дæр уый уыдис. Уæдмæ хъæубæстæ фæфæдис сты æмæ сæ иутæ арсы фæстæ алыгъдысты æхсгæ-æхсгæ, иннæтæ та Гайозы рынчындонмæ аскъæфтой. Уым ын цасдæр рæстæджы дæргъы фæхос кодтой. Арсы дæр уæгъд нал уагътой, хорз цуанонтæ сæм чи уыдысты, уыдон. Агуырдтой йæ, æмæ та-иу æхсæв кæйдæр хуыйы куы аккой кодта, уæд æй фæстейæ асырдтой æмæ йæ фехстой. Афтæ фервæзтысты, се ‘нцойад сын чи сæфта, уыцы арсæй Накалачы цæрджытæ.

Накалачы кувæндæттæ

Куыд æндæр хæххон хъæуты цæрджытæ, афтæ кувæг адæм уыдысты Накалачы хъæуы цæрджытæ дæр. Уыдон цыдысты Мыкалгабыры дзуары бынмæ æмæ йæм куывтой, лæгъстæ йын кодтой, цæмæй сын фыдбылызæй хиза сæ кæстæрты, æххуысгæнæг сын уа, бæркадджынæй бæркадджындæр кæна сæ цард. Джиуæргуыбаты-иу æхсæвыгон цыдысты Уастырджийы кувæндоны бынмæ. Уыцы аргъуан афтæ уæрæх уыд, æмæ-иу ын йæ иу къуымы срæдзагъд кодтой сугтæ, æрцæттæ-иу сæ кодтой уыцы бонмæ. Къуырисæр изæры-иу алчи йæ кусарт дзуары цурæй чысыл дæлдæр акодта æмæ-иу йæ физонæггаг, йе ‘ртæ кæрдзын йæ авджыдзаг арахъимæ ссыд йæ бынмæ. Лæгъстæ йын кодтой, цæмæй сын æххуысгæнæг уа фæндагыл, фыдбылызтæй хызт уой сæ бæлццæттæ. Уым-иу фæбадтысты æхсæв-бонмæ æмæ-иу хъæлдзæгæй æрвыстой сæ рæс-тæг.

Рагъы дзуармæ цыдысты Куадзæны бон, æндæр бон æм нæ цыдысты. Бирæ хатт-иу уæдмæ мит нæ систа, дзодатæй иу лæууыд, фæлæ-иу æм уæддæр æнæссæугæ нæ фесты. Бæгæны-иу бахсыстой, бирæтæ-иу кусарт дæр акодтой йæ номыл æмæ иу æм фæкуывтой. Фæдзæхстой йын хъæубæстæй алкæйы дæр. Куывтой Мадымайрæммæ дæр. Уымæн та фæдзæхстой сæ кæстæрты, цæмæй сын лæвар кæна хорз кæстæртæ. Куывтой Рекоммæ, Æф-сæндзуармæ. Илиайы дзуарæн та йæ разы уыдис стыр тæрс бæлас æмæ йæ  рæзты ахизыны бар нæ уыдис, хъуамæ дзы дур баппæрстаис. Уый та арæзтой æрвдзæфы тыххæй, их ма æруарыны тыххæй. Уыцы дзуары кувæндон Бестаутæ семæ æрхастой Гудисы кувæндонæй. Уый тыххæй уыдон йæ бынмæ скодтой æртæаздзыд уæныг. Йæ сыкъатыл ын сырх хæцъил бабастой, афтæмæй. Иу къуыри йæ быны фесты, фæкуывтой йæм, фæлæгъстæ йын кодтой, зæгъгæ, бар нын радт, цæмæй нæ кувæндон скæнæм Накалачы хъæумæ хæстæг кæм æрцардыстæм, уым æмæ дзы дуртæ рахастой. Сæвæрдтой сæ Орбозалайы æфцæджы сæрмæ, ныр уырдыгæй куы кæсай, уæд дæм Гудисы кувæндон дæр зыны армытъæпæныл æвæрдау. Уыцы бæрæгбонтæ нысан кæнгæйæ-иу хъæумæ фæрсаг хъæутæй цыдис бирæ уазджытæ. Уыдон хъæубæстæн уыдысты иумæйаг. Дæ уазæг, мæ уазæг нæ дзырдтой. Рахон-бахон сæ кодтой æмæ сыл цин кодтой зæрдæбынæй. «Ныртæккæ Мыкалгабыры бынмæ машинæтæ батæрынц, фæлæ уæд афтæтæ нæ кодтой. Сæ кусарттаг уæрыкк-иу сæ разæй цыдис, уыдон та йæ фæстæ. Бæхтыл-иу чи цыдис, уыдон дæр-иу сæ кувæндонмæ дæрддзæф бабастой. Диссаджы æгъдау æвдыстой уæд кæстæртæ. Хистæртæн балæггад кæныны фæстæ-иу уыдон стæй хицæнæй æрбадтысты. Нозт, хæрдмæ сæхи не ‘ппæрстой, фæлæ-иу æвдыстой стыр хъæлдзæгдзинад. Кафыдысты, зарыдысты», – радзырдта йæ раныхасы Бестауты Гиви.

Уастырджийы кувæндоны тыххæй нын Хацырты Мурат куыд радзырдта, афтæ-мæй дзы кæддæр сауджын бадтис, ныгæд дæр йæ бахизæны æрцыдис. «Йæ иу къуымы цармæ амадæй лæууыдысты æрхуыйæ цъæрттимæ чингуытæ. Ирон адæм сын стыр нысаниуæг нæ лæвæрдтой æмæ сæм гуырдзы цыдысты æмæ сæ фæхастой. Йæ бынатмæ гæсгæ ам кæддæр уыдис хъоргъан арæзт. Аргъуан æмбæрзт уыдис зестæй. Уый та ахæм уыд æмæ йыл згæ нæ хæцыд. Фæлæ Советон Хицауад куы æрфидар, уæд Громы хъæуы арæзт æрцыд скъола. Уæд дуг мæгуыр уыд æмæ йын йæ сæр цæмæй раивтаиккой, уый нæ уыд. Сыхæлдтой аргъуаны сæр æмæ йæ уымæй бамбæрзтой. Фæлæ йæ чи систа, уыдонæй сæ иу æрдæгфæндагыл амард, иннæ дыууæ та дыккаг изæрмæ сæ хæдзæртты амардысты. Иу дæр дзы нæ аирвæзтис æвыдæй. Уымæ гæсгæ нæ кувæндæттæ сты сыгъдæг æмæ нын нæ фыдæлтæ куыд амыдтой, афтæ сын хъуамæ табу кæнæм мах дæр», – загъта йæ раныхасы Мурат.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.