Йе ‘взонджы бонтæй фæстæмæ фæллой кæныныл чи фæцайдагъ, уый дзы зæры бонтæм дæр нæ иппæрд кæны, кæд ыл азтæ сæ уæз æруадзынц, уæддæр æм æввахс исы йæхи. Ахæм куыстуарзаг æмæ фæллойуарзаг адæймагыл нымад у Цхинвалы районы Ногхъæуы цæрæг Хацырты Хетæг дæр. Хъæууон лæппу ахуыры æмрæнхъ æмхиц уыд куыд хæдзарон куыстытæм, афтæ ма æхсæнадон хæдзарады йæ ныййарджытæн дæр алыгъуызон хъæу-уонхæдзарадон куыстыты уыд сæ цæдисæмбал.    Астæуккаг скъола каст куы фæци, уæд та йæхи схотыхджын кодта уæлдæр ахуыргæнæндоны. Уыцы зонындзинæдтæ æмæ куыстуарзондзинад ын фадат радтой нæ горæты иууыл егъаудæр куыстуæттæ – ЦАРЗ æмæ завод «Вибромашинæ»-йы æнтысгæйæ фæллой кæнынæн, йæ дæлбар рæнхъон кусджыты фæллойадон сгуыхтдзинæдтæм разæнгард кæнынæн. Уый тыххæй дзы райгонд æмæ сæрыстыр уыдысты куыстуæтты разамонджытæ, йæ иузæрдион архайды тыххæй йын кад кодтой.

Хацыры фырт фæстæдæр та йæ хæрзиуæгон архайд сбаста хъæууон хæдзарадимæ. Къорд азты дæргъы уыд фермерон хæдзарад «Æфсати»-йы разамонæг. Ацы хæдзарад кодта куыд фосдарды куыст, афтæ æнувыдæй архайдта зæхкусты культурæтæ тауыныл дæр. Агротехникæйы домæнтæ æххæст кæнгæйæ, алы хатт дæр хой-рагон культурæтæй иста зæрдæйы фæндиаг тыллæг, афтæ раззагон уыд йæ хæдзарад фосдарды къабазы дæр. Хацыры фыртыл кæд 84 азы сæххæст, уæддæр нырма дæр йæ къух нæ исы хъæууонхæдзарадон куыстытыл. Амæйразмæ йæ хæдзарады зæххы фадыгæй рахицæн кодта 2,5 гектары æмæ дзы байтыдта хоры культурæ.  

Хуыбиаты  Никала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.