Хӕрзиуӕгон куыст адӕймагӕн бӕркадхӕссӕг куыд у, афтӕ йын свӕййы номгӕнӕг дӕр. Ахӕм у, мæ ныхасы сæр кæуыл у, уыцы куыстуарзаг нӕлгоймаджы æрвылбонон архайд дӕр, уымӕн ӕмӕ тырны хуыздӕр ӕмӕ фылдӕр фӕстиуджытӕм.  Уый йӕ алы куыстыл дӕр у иузӕрдион, бауарзы йӕ ӕмӕ уӕд зӕрдӕйы фӕндиаг фӕстиуӕгмӕ дӕр ӕнӕмӕнг ӕнхъӕлмӕ кӕсын фӕхъӕуы. Бирӕ рӕстӕджы мидхъуыддæгты органты цӕсгомджын куыст бакӕныны фӕстӕ иуран бадын йӕ сӕрмӕ не схаста, йӕ къух никуы ауыгъта физикон куыстыл. Нӕ радтӕг зӕхх царды сӕйраг рахӕцӕн кӕй у, уый йе ‘взонджы бонтӕй фӕстӕмӕ ӕмбары ӕмӕ дзы исы ӕхцондзинад. 2007 азӕй фӕстӕмӕ та архайын райдыдта хъӕууон хӕдзарады, ӕмӕ йын ӕрвылаз дӕр вӕййы хорз ӕнтыстытӕ. Афтӕ ӕмӕ 11 азы дӕргъы Цхинвалы районы фермерон хӕдзарадты ‘хсӕн Тъбеты хъӕуы цӕрӕг Битарты Гамлеты хӕдзарад цӕуы раззагдӕрты рӕнхъыты фосдард ӕмӕ зӕххы куыстæй.

Ныртӕккӕ ӕрбалӕууыд фосӕн зымӕгмӕ ӕфсӕст зымӕгиуат ӕрцӕттӕ кӕныны ахсджиаг рӕстӕг. Ацы хӕдзарады разамонӕг ӕмбӕлон ӕгъдауӕй пайда кӕны кусынӕн бӕзгӕ рӕстӕгӕй ӕмӕ уал ныккарста, йӕ бӕрны цы эспарцеты хуым ис, уый. Бӕркадджын рауад йӕ тыллӕг ӕмӕ дзы холладжы тыхтӕттӕ бафснайдта 250 иуӕджы. Иу ахӕм ма бабӕстон кӕндзӕн сысджыйы культурӕйы 5 гектары фӕзуатӕй дӕр ӕмӕ йӕм уӕд уыдзӕн зымӕгваг холлаг. Битары фырт алы аз дӕр йӕ хуымзӕххы байтауы ӕфсирон культурӕтӕ ӕмӕ та фӕстӕ нӕ фӕлӕууыд ныр дӕр. Цӕвиттон, фӕззыгӕнд мӕнӕу ын тыд ис 5 га, уалдзӕджы та хъӕбӕрхоры культурӕ байтыдта 15 га. Битарты Гамлет куыд зӕгъы, афтӕмӕй йӕ фӕллойадон ӕнтыст уаид ноджы хуыздӕр, ӕххуырсгӕ техникӕйӕ куынӕ пайда кӕнид, уӕд ӕмӕ йæ ныфс ис, ацы проблемæ дӕр иуварс кæй ӕрцӕудзæнис нӕ республикӕйы разамынады фӕрцы.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.