Адæймагад ныртæккæ уæззау тох кæны хæцгæ низимæ. Ацы тохы егъау уаргъ æрхаудта æппæт дунейы медицинон къабазы кусджытæм. Уыдон сты нæ дуджы хъайтартæ, уыдон сты, æхсæвæй бонæй ацы хæцгæ инфекцион низæй фервæзын æмæ йæ ныххуыдыг кæныныл хъазуатон тох чи кæны, уыдоныл. Фæлæ уыдон дæр, сæхи загъдау, низæн уæлдай фæразон не сты, уыдон дæр рынчын кæнынц. Тæссаг вирус абухы нæ республикæйы дæр, уæззау уавæр сæвзæрд нæ бæстæйы медицинон уагдæтты. Медицинон персоналæн зын у, ныртæккæ ацы уагдæтты цы уавæры тох кæнынц, уым, æмæ æрсидтысты волонтертæм, цæмæй сæм се ххуысы къух фæдаргъ кæной.

Арæзт æрцыд волонтерон баиугæнд

Нырыонг дæр хицæн адæймæгтæ æрæвнæлдтой ацы, хæрзиуæгон, фæлæ тæссаг куыстмæ. Фехъусынчындæуыд волонтерон баиугæнд «Вместе» саразын дæр, цæмæй æххуыс цæуа медицинон уагдæтты кусджытæн æмæ æмткæй нæ республикæйы цæрджытæн дæр. Къорды инициатортæ куыд хъусын кæнынц, уымæ гæсгæ хуынд цæуынц бархионтæ, хисæрмагонд машинæтимæ, кæм медицинон уагдæтты кусджытæн, кæм хæдзарæй æддæмæ рахизын йæ бон кæмæн нæу, ахæм иунæг ацæргæ адæмæн æххуыс кæныны нысанæн.

Волонтертæ æнæмæнг ифтонг уыдзысты æнæмæнгхъæуæг индивидуалон хъахъхъæнæн æмæ дезинфекцигæнæн фæрæзтæй. Ныртæккæ æрæвнæлдтой бæрæг здæхты кусынмæ, фæлæ уæддæр кусджытæ нæ фаг кæны.

Организацийы нын знон куыд фехъусын кодтой, уымæ гæсгæ ныридæгæн бирæ-профилон медицинон центры «сырх зонæмæ» ацы баиугæндæй кусынмæ волонтертæй ахызт цыппар адæймаджы æмæ дарддæр афтæ цыппæргæйттæй цæудзысты æрвылбон дæр. Ныртæккæ ахæм рæстæг у æмæ хъуамæ æрбангом уæм æмæ иумæ тохы быдыры фæуæлахиз уæм ацы æнæхайыры низыл.

Волонтерон организацимæ бацæуын кæй фæнды, уыдон хуынд цæуынц ахæм адресыл: горæт Цхинвал, Лужковы номыл уынг 66. Уым сын амонынц ацы тыхст рæстæджы куыд æмæ кæм хъæуы æххуыс, стæй сæхи куыд бахизой, æппæт уыдæттæ.

Ацы хъуыддаджы фæндондзинад кæмæ разына, уымæн йæ бон у бадзурын ахæм номыртыл: +7 929 808 45 62.

* * *

Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийы цардæмбал Куымӕридтаты Линдæ аскъуыддзаг кодта волонтерӕй бацӕуын “сырх зонӕмӕ”, цӕмӕй баххуыс кӕна медицинæйы фадыджы кусджытæн.

Коронавирусӕй рынчынтæ бонæй – бонмæ кæй фылдæр кæнынц, уый тынг ӕппӕрццагӕй бандӕвта бæстæйы ӕнӕниздзинад хъахъхъӕныны системӕйыл. Медицинон препаратты ӕмӕ рынчындӕтты бынӕтты хъуагдзинадӕй дарддӕр ма фӕзынд ноджы иу ахсджиаг проблемӕ  – дохтырты ӕмӕ ӕндӕр медперсоналы хъуагдзинад. Уымæ гæсгæ Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕныны министрад бахатыд волонтерон ӕххуыс бакæнынмӕ.

 Медицинон центры къухдариуæгад куыд хъусын кæны, уымæ гæсгæ бæстæйы сæргълæууæджы цардæмбал Куымӕридтаты Линдæ ӕрбацыд рынчындонмæ ӕмӕ йӕ бафӕндыд, цӕмӕй баххуыс кӕна медицинон кусджытӕн. Уый бацыд сывӕллӕтты рынчындоны бæстыхайы “сырх зонӕмӕ” ӕмӕ куыста иннӕ волонтерты ӕмрӕнхъ. Йӕ бон цы уыд, уый арӕзта æмæ æххуыс кодта рынчындоны кусджытæн.

Медперсонал тынг хъармӕй райстой президенты цардæмбалы, уымæн æмæ уый йӕхи нӕ баауон кодта республикӕйӕн зын рӕстӕджы.

Рынчынæй дæр – сæ фарсмæ

Коронавирусæй рынчынтæн хос кæныны нысанæн сывæллæтты рынчындон ныртæккæ исы ацы низæй рынчынты. Уым та волонтерæй кусы Уæлвæткон уавæрты министры хæдивæг Санахъоты Руслан.

Руслан рынчындоны каст йæ ныййарджытæм, уыдон дæр фæрынчын сты ацы инфек-цион низæй. Æвзонг лæппу кæд индивидуалон хъахъхъæнæн дзаумæтты уыд, уæддæр уый дæр фæхайджын ацы вирусæй. Йæ уавæр ныртæккæ бæрæг хуыздæр у æмæ аскъуыддзаг кодта уый дæр медиктæм йе ххуысы къух фæдарын. Уымæн æмæ уым уæвгæйæ Руслан æвдисæн у, рынчындоны кусджытæн æнæмæнг кæй хъæуы æххуыс кæнын. Коронавирусæй рынчынтæй уæззау чи у, уыдон æнæмæнг хъæуы туаггуыр улæфын. Туаггуыр цы баллонты ис, уыдон уæззау сты æмæ сæ иу уæладзыгæй иннæмæ хæссын зын у. Русланы ныхæстæм гæсгæ ацы хъуыддаджы сæ хайбавæрд хæссынц хуымæтæг горæттаг лæппутæ дæр – туаггуыр куы æрласынц машинæйыл, уæд сæ равдæлон кæнынмæ æрбамбырд вæййынц, æмæ сæ уадид сæ бынæттæм бахæссынц.

Ахæм æмбæстæгтæн нæ сæрæй ныллæг кувæм, тыхст рæстæджы йæ æххуысы къух чи фæдары æмæ сæвзæргæ уавæрмæ куыдфæндыйы цæстæй чи нæ кæсы.

Иумæ мах тыхджын стæм, иудзинады ис нæ тых. Ныр дæр нæ æнгом кæны иумиаг мæлæтхæссæг инфекцион низы хуызы знаг, уымæн æмæ нæ æмбæстæгтæ массон æгъдауæй рынчын кæнынц ацы низæй – чи йæ рогæй хæссы, чи та уæззау у. Æмæ нæ ныфс ис, æмæ та ацы тæссаг фæзындыл дæр иууыл иумæ æмдыхæй кæй фæуæлахиз уыдзыстæм.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.