Цхинвалы районы Къостайыхъæуы нымадæуы цалдæр фермерон хæдзарады æмæ сæ фæллойы хай хæссынц хъæууон хæдзарады къабæзтæ райтынг кæнынмæ. Уыдонæй иутæ цæуынц раззагдæрты рæнхъыты, тырнынц ноджыдæр хуыздæр фæстиуджытæм. Иннæтæ кæд бынтон раззагдæрты нымæцы не сты, уæддæр сæ куыст æмæ архайдæй бæрæг у, фидæны фыццаг рæнхъыты кæй уыдзысты. Æрвылбон дæр куысты хорз фæстиуджытæ къухты бафтын кæнынмæ чи тырны, уыдонæй иу у фермерон хæдзарад «Цъунар1», æмæ йын разамынд кæны бынæттон цæрæг Мæлдзыгаты Ирбег. Ныр цалдæр азы уæвынад кæны ацы хæдзарад, йæ тыхтæ фæлвары куыд быдыргуысты, афтæ фосдарды къабазы дæр. Зæгъын хъæуы, хъæууон хæдзарады ацы дыууæ къабазы дæр сты ахсджиаг, домынц æдзухон фæллой æмæ хъусдард. Фæлæ Мæлдзыгайы фырт нæ тæрсы зындзинæдтæй æмæ кусы йæ хæдзарад рентабелон скæныныл. Афæззæджы рæстæгыл бахуым кодта, йæ бæрны цы 10 гектары зæххы фадыг ис, уый æмæ дзы байтыдта фæззыгæнд мæнæу. Цæмæй байтыдтытæ знаггадæй уой хызт, хъæздыг тыллæг дзы æрзайын кæнай, уый тыххæй сæм æнæмæнг зилын хъæуы агротехникæйы домæнтæм гæсгæ. Уыцы хъуыддаг рох нæу Мæлдзыгайы фыртæй æмæ архайы, цæмæй уыцы фарст æнæхъусдард ма уа. Фæззыгæнд мæнæуы хуыммæ кусджытæ алыгъуызон уырынгонты ныхмæ бахастой маргхимикаттæ. Ахæм куыст сæххæст кæнын сæ бахъæудзæн уалдзæджы дæр, хостæ дæр ын ныридæгæн сты цæттæ. Йæ байтыды фæзуат цъæх-цъæхид адардта, мæры уæлцъарæй схызт 10-15 см. Фермер ацы культурæ ноджы фылдæр байтыдтаид, фæлæ йæм нæй æндæр зæххы фадыг. Ныр сфæнд кодта æмæ Кърозы хъæуы райста ноджыдæр 20 гектары. Хивастæй нæ, фæлæ æмбæлон документаци сарæзта, сфидар æй кодта, æмæ нырмæ кæд зæрæстон зæххыл нымад цыд, уæд фидæны та дæтдзæн тыллæг. Куыддæр кусынæн бæзгæ боныгъæдтæ фæкæна, афтæ йæм æрæвналдзæн хуым кæнынмæ. Уый фæстæ дзы байтаудзæн нартхор æмæ хъæбæрхоры культурæтæ. Кæд æм донхæры дон никуыцæй цæуы, уæддæр уый тыххæй нæ тыхсы, уымæн æмæ мæрмæ фæхъæуы рæстæгыл зилын. Уымæ та æппындæр зивæг нæ кæны, стæй дзы куысты къуылымпыдзинæдтæ дæр нæ уыдзæн. Уый та уымæн, æмæ хъæууонхæдзарадон куыстытæ рæстæгыл ахицæн кæныны сæйраг рахæцæн у техникæйы ифтонгдзинад. Уыцы хъуыддаг æнæ зонгæ нæу Мæлдзыгайы фыртæн æмæ хæдзарад скæ-нынмæ куы æрхъавыд, уæд батыхст техникæ самал кæныныл дæр. Ныртæккæ йæм ис «Беларусь» трактор æмæ уæзласæн машинæ æмæ йын рог кæнынц йæ къух. Канд дзы йæхи куыстытæ нæ бакæны, фæлæ ма балæууы, æххуысы фæдыл æм чи баулæфы, уыдон уæлхъус дæр.

Хæдзарад кæны фосдарды куыст дæр, æмæ йæм абоны онг ис 18 стуры, се ‘ппæт дæр сты хъуццытæ. Фæлæ тынг тыхсы, цалдæр азы размæ Хъæууон хæдзарады министрад нæ республикæмæ цы хъалмыхъхъаг стурты мыггаг æрласта, уыдонæй. Хæдзарады разамонæджы ныхас у, бынтондæр сæ кæй ницы пайда ис, мах уавæрты стурвосдард рапарахат кæнынæн кæй ницы ахъаз сты, уый тыххæй. Бирæ дзы фæцагъды «Цъунар1» хæдзарадæн дæр. Цæмæй сæ фервæзой, æнæхъуаджы мауал фыдæбон кæной, уый тыххæй бæргæ хъаст кæны æмбæлон органтæм, фæлæ сæ хъуыдыгæнæг дæр нæй. Ирбеджы хъуыды у, цæмæй йе стурты мыггаг раива ног, мыггагджын стуртæй, уæд æм ацы къабазы дæр уыдзæн хуыздæр фæстиуджытæ. Хæдзарад кæны хуыдарды куыст дæр, ис æм дыууæ дзæргъы, 10 хъыбылы æмæ цалдæр хуыгисты.

Фос кæм уа, уым дзы рынчын дæр куынæ кæны. Уæд та æнæ-мæнг фæхъæуы ветеринарон æххуыс бакæнын. Кæд йæхæдæг рæхсы хос кæнынмæ, уæддæр, раст зæгъгæйæ, ветеринарон æркаст æмæ æххуыс æндæр у. Хъыгагæн, цалдæр хатты бахатыд районы ветеринарийы сæйраг дохтыр Дудайты Ефиммæ, фæлæ йæм иу хатт дæр нæ фæзынд. Зæфцы фыдæй йе стуртæй амард 8 стурæй фылдæр.

Уæддæр уыцы хъуагдзинæдтæ мурмæ дæр нæ дары, йæ ныфс нæ сæтты æмæ йæ нысан у, хæдзарад ноджы æнтыстджындæр скæныныл.

ХУЫБИАТЫ Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.