Хуссар Ирыстоны  9 ноябры хицæн æрцæудзæн электроэнерги, Цæгат Ирыстоны «Северный портал»-ы дæлстанцы цалцæггæнæн куыстыты тыххæй, фехъусын кодта Паддзахадон куыстуат «Энергоресурс-Южная Осетия»-йы генералон директоры хæдивæг Гæ-бæраты Анатоли.

«Дзомагъгомы цалцæггæнæн куыстыты тыххæй къуырисæры, 9 ноябры хицæн æрцæудзæн электроэнерги Хуссар Ирыстоны æппæт территорийыл  9.00 сахатæй 17.00 сахатмæ», – загъта Гæбæрайы фырт.

Банысан кæнын хъæуы, Хуссар Ирыстонмæ кæй цæуы уæрæсейаг электроэнерги Цæгат Ирыстонæй Ручъы æфцæгыл. Республикæйæн уый у электроэнергийы иунæг гуырæн. Азы мидæг цалдæр хатты Хуссар Ирыстоны цæрджытæ баззайынц æнæ рухсæй профилактикон цалцæггæнæн куыстыты тыххæй, афтæ ма электроадæттæн хаххыл авариты тыххæй, кæцыты аххосæгтæ свæййынц æвзæр боныгъæдтæ Цæгат Ирыстоны хæхты.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.