Æрбалæууы иууыл карздæр æмæ æгъатырдæр знагыл Уæлахизы бон. Рацыд 73 азы уыцы бонæй, не стыр бæстæйы адæм æппæт сæ тыхтæ, сæ хъомыс æрбамбырд кæнгæйæ, куы фæуæлахиз сты немыцаг фашизмыл. Уыцы бон, æгæрыстæмæй, æрдз дæр цин кодта. Цин кодтой æмæ сæ цæссыгтæ згъæлстой адæм. Згъæлстой сæ цæссыгтæ, сæ Райгуырæн бæстæйæ сæрыстыр кæй сты, ахæм ныфсхаст æмæ хъæбатыр адæм кæй схъомыл кодта, уый тыххæй.

Хуссар Ирыстоны адæм дæр Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады бæстæты адæмтимæ цытджын æгъдауæй нысан кæндзæнис фашистон Германыл советон адæмы Уæлахизы 73 азы бон.

1418 боны чи ахаста, уыцы иууыл æгъатырдæр хæсты Райгуырæн бæстæйы сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады сæрыл тохы хъуыддагмæ йæ уæзгæ бавæрд бахаста Хуссар Ирыстон дæр. Йæ райдианæй уайтагъд райдыдтой æфсæддон-мобилизацион мадзæлттæ. Æрмæст 1941 азы июны мæйы æфсæддон хæйттæ æмæ баиугæндтæм æрвыст æрцыдис 2000 адæймагæй фылдæр, организаци цыдысты курсытæ, арæзт æрцыд ДОСААФ…

1941 азы июнæй 1943 азы октябрмæ Хуссар Ирыстонæй фронтмæ æрвыст æрцыдысты 22 мин адæймаджы бæрц. Хъахъхъæнынады паддзахадон комитеты бардзырды бындурыл знаджы десант æмæ диверсантты ныхмæ тох кæныны, афтæ ма ахсджиаг паддзахадон объекттæ хъахъхъæныны тыххæй Хуссар Ирыстоны территорийыл арæзт æрцыдысты куынæггæнæг батальонтæ, кæцытæй алкæцыйы дæр уыдис 100-150 адæймаджы. Сталиниры 2 æмæ 4-æм астæуккаг скъолаты бæстыхæйтты байгом 3692-æм эвакгоспиталь, цыран дохтыртæ æмæ медицинон хотæй, сæйраджыдæр, службæ кодтой бынæттон специалисттæ.

Ацы эвакгоспиталы хос кодтой Цæгат Кавказы фронты, афтæ ма Сталинград, Курск æмæ æгæрыстæмæй Ленинграды цурты тохтæй дæр хæстонтæн.

1941 азы ноябрæй 1942 азы декабрмæ Хуссар Ирыстоны мобилизаци æрцыдысты 165 сылгоймаджы 19 азæй 30 азы кармæ, кæцытæ службæ кодтой медицинон уагдæтты æмæ бынæттон уæлдæфон хъахъхъæнынады. Се ‘хсæн уыдысты Цыбырты Зинаидæ, Нарыкъаты Любæ, Коцты Верæ, Æлборты Тамарæ, Хетæгкаты Юля, Бесаты Бабуля, Магкоты Соня, Æлборты Евгения æмæ æндæртæ. Уыдонæй ма абон æрмæстдæр æхсæзæй хайад исынц республикæйы ветеранон змæлды æмæ æхсæнадон царды, иннæтæ сæ цардæй ахицæн сты.

Хъахъхъæнæн бынæттæ арæзт æрцыдысты нæ уæды областы цæгат-ныгуылæны ‘рдыгæй, цæмæй Цæгат Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны Оны ‘рдыгæй æфцгуытыл рахизæнтæм хъусдард уыдаид. 30 километры дæрддзæгыл арæзт æрцыдысты 6 æхсæн фадыджы.

Арæнгæрон тохты æмæ уыйфæстæ хъахъхъæнæн операциты Цæгат Кавказы, Хъырымы, Украинæйы, Сталинграды, Смоленскы, Керчы æмæ бирæ æндæр рæтты Советон Цæдисы бирæ æндæр нациты минæ-вæрттимæ уæхски-уæхск тох кодтой мингай хæстонтæ æмæ командиртæ чысыл Хуссар Ирыстонæй. Хæсты азты цы 11 мин 657 адæймагæн æрцыд лæвæрд Советон Цæдисы Хъайтары ном, уыдонæй 34 уыдысты ирон адæмы минæвæрттæ, кæцытæй 8 уыдысты Хуссар Ирыстонæй. Нæ автономон областæй алы цыппæрæм адæймаг уыдис ацы стыр хæсты не стыр Райгуырæн бæстæ.  Советон Цæдисы сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады сæрыл тохгæнæг. Уыдонæй се ‘мбисæй фылдæр нал æрыздæхтысты сæ райгуырæн уæзгуытæм. Уыдон сæ сæртæ нывондæн æрхастой фидæны фæлтæрты сæраппонд, цæмæй фашизмыл фæуæлахиз уыдаиккой. Бирæтæн дзы нæ уыдис сæхи сывæллæттæ, æгæрыстæмæй, нæ базыдтой уарзты ад дæр…

Йæ цард  хæст кæмæн нæ байста, уыдон уæлахизимæ  здæхтысты  сæ  райгуырæн  къуымтæм, здæхтысты, хæст мæгуыры лæдзæг кæмæ радта, йæ дæрзæг арм кæуыл æруагъта, уыцы бинонтæм, уæзгуытæм. Чи дзы тохы йæ къах ныууагъта чи  йæ къух, чи знаджы нæмыг йæ буары хаста… Здæхтысты, цæмæй ногæй цард аразын райдайой, саразой хæдзар, бинонтæ кæмæн нæй, уыдон æркæной цардæмбæлттæ, иу дзырдæй, аразой рухс фидæн. Уыдонæн æрынцой нæ уыд – куыстой колхозон быдырты, фермæты, заводты, фабрикты, фыдæбон кодтой, цæмæй сæ бинонтæн амал кодтаиккой кæрдзыны къæбæр, се ‘ххуысы къух фæдаргъ кодтаиккой, сæ фыдтæ кæмæн нал рыздæхтысты, уыцы сидзæртæм.

Кæд цыфыддæр хæсты цæхæрыл рацыдысты, стыр фыдæвзарæнтæ бавзæрстой, уæддæр сæ удыхъæд нæ фæцудыдта, уый нæ, фæлæ ма сæхи амондджыныл дæр нымадтой, сæ хæдзæрттыл сæрæгасæй кæй сæмбæлдысты. Уыдон сæрыстырæй цыдысты парадтæ æмæ демонстрациты, æмбырдты æмæ митингты дзырдтой сæ хæстон фæн-дæгты, сæ паддзахадон хорзæхты тыххæй. Фæлæ фылдæр та дзырдтой æмæ хъуыды кодтой фидæныл, мах æмæ нæ сывæллæттыл.

Уый тыххæй бузныг уæлахизхæссæг салдаттæн!

Уыдоныл ныр 90 азтæй фылдæр цæуы. Бирæтæ дзы хорз хъуыды кæнынц гуырдзиаг меншевикты фыццаг геноциды фæстиуджыты, коллективизацийы, колхозон арæзтады æххормаг æмæ уазал азтæ. Уыдон нæ цыдысты сывæллæтты цæхæрадæттæм, нæ зыдтой хъазæнтæ цы сты, уый, нæ базыдтой сабидуджы ад. Скъолатæм цыдысты бæгъæмвад кæнæ скъуыдтæ дзабырты, дарæсы. Хæсты фæстæ дæр бирæ азты дæргъы цыдысты салдаты хæдон æмæ цинелы. Уыдоны мидæг æмбæлдысты сæ уарзæттыл, цыдысты уазæгуаты. Абон уыдæттæ æрымысынц, цæссыгтимæ, фæлæ уæддæр хорз зæрдæйы уагимæ. Уымæн æмæ сæрыстыр сты цас федтой, ныббыхстой, цас бафæрæзтой æмæ кæй фæуæлахиз сты. Кад æмæ намыс фронты архайæг салдатæн, Салдатæн – уæлахизхæссæгæн!

Уый стырдæр лæггæты аккаг у. Фæлæ уый ницы хъæуы æмæ ницы дæр домгæ кæны. Уый мах хъæуы, цæмæй йыл ахуыр кæнæм æмæ уæм йæ хуызæн, исæм дзы цæвиттон. Уæм уый хуызæн куыстуарзаг, намысджын, хъæбатыр æмæ фæразон, уый куыд уарзы Райгуырæн бæстæ, афтæ йæ уарзæм, уыйау кад кæнæм хистæртæн. Уыдæттæ мах абон тынг хъæуынц.

Уæлахизхæссæг салдаттæ кæддæриддæр уыдысты нæ интеллигенцийы раззагдæр рæнхъыты. Активон хайад истой советон æмæ партион органты куысты, æвзæрст цыдысты алы æмвæзадты депутаттæй, уыдысты бирæ хорз хъуыддæгты инициатортæ. Æмæ ныр-тæккæ дæр нæ ветерантæ стыр бæрндзинады цæстæй кæсынц бахæсгонд хъуыддагмæ. Уымæн æмæ уый ис сæ туджы æмæ иууыл тынгдæр фæбæрæг вæййы æндæр æмæ æндæр фембæлдтыты, рæзгæ фæсивæды ‘хсæн æфсæддон-патриотон хъомылады фæ-дыл мадзæлттæ уадзгæйæ. Уыдон уагъд фæцæуынц ахæм девизты бын, куыд «Æхсардзинады урок», «Нæ зæрдыл дарæм, уарзæм, æнхъæлмæ кæсæм», «Мæ дада  фронтовик», «Уæлахизы цин», «Уадз, кæддæриддæр уæт хур» æмæ æндæртæ.

Рæстæг лæгъз кæны хæсты акъоппыты, тугкалæн тохтæ кæм цыдысты, уыцы бынæтты, мæнæуы хуымтæ æфсир æфтауынц, ногæй сырæзтысты пырх горæттæ æмæ хъæутæ. Сæфынц хæсты фæдтæ. Фæлæ хæст никуы фесæфдзæн адæмы хъуыдыкæнынадæй. Адæймагад никуы ферох кæндзæн Советон Цæдисы адæмы диссаджы сгуыхтдзинад.

О, хæст ацыд ивгъуыдмæ, фæлæ адæм никуы ферох кæндзысты, гитлерон æрдонгты чи ныппырх кодтой, уыдоны æнæмæлгæ сгуыхтдзинад. Адæм кæддæриддæр сæ зæрдыл дардзысты, Стыр Уæлахиз цы стыр хъизæмæрттæ æмæ амæттæгты аргъæй æрцыд æлхæд, уый. Кад æмæ цыт уæлахизхæсджытæн! Æнустæм сæ нæмттæ цæрæт, Рай-гуырæн бæстæйы сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады сæраппонд сæ сæртæ нывондæн чи æрхастой, уыдонæн. Нæ сæртæ ныллæг къул кæнæм æппæт фронтовикты, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисджыты раз!

УАЛЫТЫ Гайоз,

РХИ-йы Ветеранты советы сæрдары хæдивæг

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.