Донхӕр доны нысаниуӕг егъау у хъæууон хӕдзарад райтынг кæныны хъуыддаджы. Уымӕй пайда кӕнынц куыд хисӕрмагонд зӕххы фадгуыты хицæуттæ, афтӕ ӕхсӕнадон ӕмӕ фермерон хӕдзарадты кусджытæ дæр. Ӕмбӕлон ӕгъдауӕй дзы чи пайда кӕны, уымӕн йӕ фӕззӕджы бӕркад вӕййы дзаджджын, йӕ зӕрдӕ барухс вӕййы тыллӕгӕрзадӕй. Уыцы нысанæн ивгъуыд ӕнусы 40-ӕм азты арæзт æрцыд Чъехы къанау дæр. Абоны бон нӕ республикӕйы цӕрджыты донхӕры донӕй ифтонг кӕныныл зӕрдиагӕй ауды унитарон куыстуат «Мелиораци»-йы коллектив (йӕ хистӕр Хуыгаты Владимир). Кӕд куыстуат ӕмбӕлы иуӕй-иу зындзинӕдтыл, уӕддӕр сӕ нысан у донхӕры дон быдыртæм рӕстӕгыл фӕхӕццӕ кӕнын.

Хуыгайы фырт куыд радзырдта, афтӕмӕй уал дон цӕуын райдыдта суанг Уелиты хъӕуы онг. Къанау сыгъдӕг кӕнын хъуыд развӕлгъау, уымӕн ӕмӕ байдзаг вӕййы сыджыт ӕмӕ брæттӕй, стӕй дзы ӕрзайы къутӕрбӕлӕстӕ дӕр. Уыцы куыстытӕ бакодтой, стӕй ма Уелитмӕ ӕввахс иу ран доны хӕтӕл тонгӕ дӕр акодта ӕмӕ уый дӕр срӕвдз кодтой рӕстӕгыл. Дон цӕуы Гудзабар ӕмӕ горӕты цадмӕ дӕр. Фӕлӕ зӕгъын хъӕуы, дон кӕй нӕма ацыд Дменис, Хелцуайы фӕдыздӕхтмӕ, йӕ сӕйраг аххосаг у, кусӕн техникӕ сӕм кӕй нӕма ис, уый. Цӕвиттон, цы экскаватор сын ис, уый цалцӕг кӕныны тыххӕй 6 мӕйы размӕ ӕрвыст ӕрцыд Пятигорскы горӕтмӕ ӕмӕ ацы ӕввахс бонты хъуамӕ уа бынаты. Уӕд бацархайдзысты, ацы хъӕутӕм цы къанау цӕуы, уый бӕстон ссыгъдӕг кӕныныл дӕр.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.