21-æм ноябры Æппæтуæрæсейаг æхсæнадон организаци «Молодая гвардия» «Единой России»-йы минæвæрттæн Координацион советы къухдариуæггæнæджы сæргълæудæй РХИ-йы Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты пресс-центры уагъд æрцыд пресс-конференци.

Хуссар Ирыстоны политикон парти «Иугонд Ирыстон»-ы фæсивæдон хайады къухдариуæггæнæг Коцты Михаил радзырдта уазджыты балцы æмæ се сконды тыххæй. Уыдон уыдысты Уæрæсейы регионалон хайадты сæргълæуджытæ. Балцы нысаныл дзырд куы цæуа, уæд уыдон хъуамæ базонгæ уой нæ фæсивæдон организацитимæ, сæ цардуаг æмæ культурæимæ. Ацы фæсивæдон организаци хуссарирыстойнаг фæсивæдон организациимæ къухтæ æрфыстой æмгуыстады фæдыл сразыдзинадыл. Уый бындурыл цæуы кæрæдзийæн æххуыс, фæлтæрддзинад амонынц кæрæдзийæн ахуырад æмæ культурæйы фадгуыты.

Коцты Михаил ма куыд радзырдта, уымæ гæсгæ уæрæсейаг фæсивæдон организацийы сæргълæууæг Денис Давыдовы фæхуындмæ гæсгæ хайад райстой, Казаны горæты цы фæсивæдон форум уагъд цыд, уым.

Ныртæккæ та куыст цæуы æвзонг организациты дарддæры æмархайды нывæстыл – кæрæдзийæн фæлтæрддзинад амонын, нæ бæстæты фæсивæдон политикæйы рæзтæн ахъазгæнæг иумиаг проекттæ аразын æмæ нæ фæсивæды минæвæртты æнгом æмархайды фæдыл.

Денис Давыдовы ныхæстæм гæсгæ, ахæм фембæлдтытæ ахъазгæнæг сты, цæмæй хуссарирыстойнаг фæсивæд сæхи иуварс ма æнкъарой æмæ сæ ныфс уа нæ иумиаг фидæнæй. «Иугонд Алани»-йы минæвæрттимæ æмархайды райдианæй бæрæг у, Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы фæсивæд иу кæй сты сæ менталитетæй, удæй æмæ нæ алфæмблай æрцæугæ цаутæм сæ ахастæй дæр.

Уæрæсейаг фæсивæдон организаци у егъау организаци егъау фæлтæрддзинадимæ. Уымæ гæс-гæ цæттæ сты, сæ хуссарирыстойнаг коллегæты кæцыфæнды ахуырадон мадзæлтты дæр хайад райсынмæ. Нæ адæмтæ, нæ истори, нæ фæсивæды фидæны цæстæн-гас у иу, æмæ уый сæйрагыл банымадта ныхасгæнæг.

Денис Давыдов ма банысан кодта, политикон парти «Единая Россия» стыр хъусдард кæй здахы фæсивæды политикон ахуырадмæ, стыр куыст цæуы æхсæнадон-гуманитарон фадыджы æмæ историон мысынад бахъахъхъæныны фæдыл. Ахæм архайд, Денисы ныхæстæм гæсгæ, уагъд цæудзæн Хуссар Ирыстоны дæр.

Ныртæккæ дунейы хынцыд цæуы ахæм тенденци, æмæ фæсивæдимæ социалон хызæгты руаджы бæрæг адæм арынц ныхас кæныны амæлттæ. Ахæм рæстæджы уыдон бæстæйы æмæ нæ алфæмблай æрцæугæ цаутæм æнæуынон ахаст тауынц фæсивæды зæрдæты. Уымæй дæр уыцы идейæ тауынц цадæггай æмæ хъавгæйæ.

Денис Давыдов стыр хъусдард аздæхта уыцы хъуыддагмæ, цæмæй къухдариуæгад фæсивæдимæ иу æвзагыл ныхас кæна, æмæ уыцы ахсджиаг хъуыддаг къухдариуæгады алы минæвар дæр хъуамæ æмбара. Ахæм рæстæджы, ома, къухдариуæгады æххуысæй фæсивæды архайд у нысанмæздæхт æмæ активонæй архайдзæн фæсивæдон политикæйы.

Коцты Михаил ма информацион фæрæзты лæмбынæгдæр базонгæ кодта «Молодая Гвардия»-йы архайд æмæ иумиаг проекттимæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, бæстæйы фæсивæдон политикæйы рæзты ис згъуыдтæ. Æмæ æппæт уыдæттæ хынцгæйæ, мах уæлдай хъусдард здахæм ахуырадон курсытæм, цæмæй нæ фæсивæд арæхдæр цæуа Уæрæсейы алыхуызон фæсивæдон форумтæ æмæ фæзуæттæм.

Коцты Михаил ма куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ сæрды мæйты сæ зæрды ис Хуссар Ирыстоны искæцы хохы цъупмæ схизын Гаглойты Рутены 130 азы юбилейы цытæн.

«Молодая Гвардия»-йы Цæгат Ирыстоны регионалон хайады къухдариуæггæнæг Саулохты Сæрмæты ныхæстæм гæсгæ сын сæ хуссарирыстойнаг коллегæтимæ ис куысты стыр фæлтæрддзинад «Молодежь Осетии»-йы форумы. Уымæ гæсгæ, зæгъгæ, нæ организациты куыст уадзын хъæуы æдзухæй. Фæндон бахаста, цæмæй фæсивæдон форум уагъд цæуа æрвылаз дæр, Ирыстоны хуссар æмæ цæгатыл æнæ дих кæнгæйæ.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.