Ивгъуыд къуыри «Спутник Хуссар Ирыстон»-ы агентады уазæг уыд фæсивæдон организаци «Иугонд Алани»-йы сæргълæууæг Коцты Михаил.

Уый æрдзырдта, æрæджы Æхсæнадæмон фæсивæдон форум «I Волга 2.0» куысты фæдыл æмæ сæрмагондæй йæ архайды тыххæй.

«Ацы форумы хайад райстон нæ республикæйы уæвæг «Россотрудничество»-йы æхсæнады руаджы. Форумы уыд цалдæр фæзуаты. Махæн иумæйаг фæзуат уыд Киргизи, Узбекистан, Молдави æмæ ма æввахс фæсарæнты æндæр бæстæтимæ. Форумæн йæ сæй-раг нысан уыд æхсæнадæмон бастдзинæдтæ сфидар кæнын æмæ иумæйаг пайдахæссæг проекттæ саразын. Мах бакуыстам стыр проекттыл, кæцытæм ныр æркæсдзыстæм нæ республикæйы къухдариуæгадимæ æмæ та ногæй радон фембæлд куы уа, уæд сæ бавдисдзыстæм».

Фæсивæдон организацийы лидер куыд загъта, афтæмæй ахæм æнгæс форумты руаджы политикон æвзонг организацитæн фæзыны фылæр бастдзинæдтæ æввахсдæр фæсарæнты бæстæты æвзонг минæвæрттимæ. Уый ма журналисттæн радзырдта Уæрæсейы фæсивæдон форум «I Волга 2.0»-ы дзырд кæй цыдис нырыккон фæсивæды архайдыл алы фадгуыты. Форумы формат бацагайдта æппæт регионты царды æмвæзады, дзырдтой диалогы хуызы нырыккон уавæрты рæзты фарстатыл.

Коцты Михаил куыд загъта, афтæмæй уый дæр цы фæзуаты архайдта, уым радзырдта фæсивæдон организаци «Иугонд Алани»-йы минæвæрттæ æндæр бæстæты фæсивæды уæнгтимæ цы æмархайд кæнынц æмæ ма 2020 азы сæ куысты дарддæры нывæзтыл, Æппæтуæрæсейон æхсæнадон-политикон фæсивæдон организаци «Молодая гвардия Единой России»-мæ цы мадзæлттæ æмæ ахуырадон проекттæ сæххæст кæнынмæ хъавынц. Ацы аз, ссæудзысты хохы цъупмæ, номдзыд инженер, Хуссар Ирыстоны рельефон картайы автор æмæ поэт Гаглойты Рутены цытæн. Архайдзысты дзы Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны альпинисттæ, æрбамбал ма сæм уыдзысты Мæскуыйы «Молодая гвардия»-йы уæнгтæ. Уым, Коцты Михаил куыд зæгъы, афтæмæй æвзонг альпинисттæ базонгæ кæндзысты Гаглойты Рутены цард æмæ архайдимæ.

Журналистты фарстатæн дзуапп дæтгæйæ Коцты Михаил загъта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны фæсивæдон организацийæн æмæ «Молодая Гвардия»йы фæсивæдæн ис иу, иу цæстæнгас æппæт фарстатæм дæр. Уыдон 2020 азы фæнд кæнынц, 9-æм маймæ 1945 мыхуыры цы газет «Правда» æрцыд, уый стыр тиражæй рауадзын æмæ йæ адæмыл апарахат кæнын, Стыр Уæлахизы боны цытæн.

Коцты Михаил ма загъта, зæгъгæ, цы проекттыл куыстой, уыдон фылдæрбæрцæй здæхт сты фæсивæды хъусдард бæстæйы проблемæтæ аскъуыддзаг кæнынмæ аздахынмæ, стæй ма ахуырадон программæтæ реализаци кæнынмæ æмæ сæ форумтæм бавдисынмæ.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.