9-æм декабры РХИ-йы Информаци æмæ мыхуыры комитеты дунеон пресс-центры ауагъд æрцыдис боксæй дунейы ирон чемпион Гасситы Муратимæ пресс-конференци. Журналистты фарстатæн ма дзуаппытæ лæвæрдтой Гасситы Мураты тренер Сланты Витали æмæ уæрæсейаг промоутераг компани «Урал Бокс Промоушен»-ы директор Алексей Васильев.

Уыдон пресс-конференцийы рæстæджы лæмбынæг æрдзырдтой ацы тохмæ куыд цыдысты, ууыл æмæ сæ дарддæры плæнтты тыххæй. Мадзалмæ ма æрбацыдысты нæ республикæйы хицауады уæнгтæ, фæсивæды минæвæрттæ æмæ спорты хуыз боксæн табугæнджытæ.

Къухæмдзæгъды æмæ цины æнкъарæнтимæ сæмбæлдысты мадзалмæ æрбацæуджытыл.

Пресс-конференци бацæуæн ныхасæй байгом кодта РХИ-йы Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты сæрдар Тыбылты Алан. Уый уæлдай хатт банысан кодта Гасситы Мурат йæ уæлахизæй Ирыстонæн æцæг кад кæй скодта, уый тыххæй.

Уый фæстæ Гасситы Мурат, Сланты Витали æмæ Алексей Васильевæн ныхас бацайдагъ ис журналисттимæ.

– Дæ къухы бафтыдис сæйраг уæлахиз. Кæимæ ма дæ фæндид тохы бацæуын?

– Абоны онг мæ спортивон карьерæйы ацы уæлахиз у иууыл нысаниуæгджындæр. Мæнмæ гæсгæ уый у мæ карьерæйы райдиан. Афтæ ма мæн боксæй тохы бацæуын æмæ фæуæлахизуæвын бафæнддзæн ныртæккæйы дунейы æртæ чемпионыл æндæр верситы.

– Мах стæм иу адæм, иу наци, фæлæ, хъыгагæн, Ирыстон дих цæуы хуссар æмæ цæгатыл. Дæуæн Хуссар Ирыстон цы нысан кæны?

– Æз æй бирæ хæттыты загътон æмæ йæ дзурдзынæн: дыууæ Ирыстоны дæр цæры иу адæм, æз æй цæгат æмæ хуссарыл нæ дих кæнын.

Æппæт мæ уæлахизтæй арын æгас иууон ирон дзыллæйы ном.

– Специалисттæ бирæ хæттыты нысан кодтой, зæгъгæ, боксы архайгæйæ, Лебедев дæр йæ рады бирæ фæхуыздæр кодта йæ рингыл змæлды техникæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, уæ командæйæ æнæбахынцгæ нæ фæуыдаид цæттæ кæныны рæстæджы уæ ных-мæлæууæджы ацы аспект. Цахæм домæнтæ уыд тренерты ‘рдыгæй, цæмæй Лебедевæн фадат ма уыдаид йæ тыхджын амæлттæй ма спайда кæнынæн тохы рæстæджы?

– Мæ америкæйаг тренер Абель Санчес мын алыхатт дæр дзуры, зæгъгæ, дæ ныхмæлæууæг рингыл цы араздзæн, ууыл нæ хъæуы хъуыды кæнын, фæлæ аразын æмæ æвдисын хъæуы хуыздæр цы зоныс боксы, уыцы техникон фæрæзтæ, уæд дæ къухты бафтдзæнис уæлахиз. Уæдæ Денис куыд тренировкæ кодта æмæ цы арæзта, уый йæхи хъуыддаг уыдис. Мах дæр нæ хъуыддаг бакодтам æмæ уæлахиз дæр нæ къухты бафтыдис.Нæ тохы мидæг тактикæ уыд –  прессинг. Уымæн æмæ йæ мах зыдтам, Денис Лебедев рингыл æдзух кæй змæлдзæн, йæхи кæй хиздзæн цæфæй. Мах тырныдтам уый æдзух прессинг кæнынмæ, æдыхстæй йын улæфыны фадат нæ дæтгæйæ. Бирæ куыстам йæ корпус ын цæвыны фæдыл, цæмæй йын йæ фæстиуæг фæкъаддæр кодтаиккам, фæндзæм раунды уыд нокдаун йæ игæр ын фæцæфгæнгæйæ. Уый фæстæ йæ архайд фæлæмæгъдæр кодта æмæ бирæ æнцондæр уыд йемæ тох кæнын.

– Тохы рæстæджы дæм Денис Лебедевы тыхджын цæфтæ  тынг нæ хъардтой, æви махмæ афтæ фæкастис?

– Бирæ комментаритæ уыд  уый фæдыл, зæгъгæ, æз мæхи нæ хъахъхъæдтон йæ цæфтæй æмæ тылиф кодтон тохæй.

Фæлæ æз зæгъдзынæн уый  бокс кафт нæу, уым цæвынц цæсгом, боксер та цæфтæ дæр ауадзы. Уыцы тохы, кæй зæгъын æй хъæуы, рæдыдтытæ дæр æруагътам, фæлæ сыл бакусдзыстæм, цæмæй сæ макуыуал сфæлхатт кæнæм. Йæ тыхы тыххæй та зæгъдзынæн, æмæ йын кæй ис уæззау цæф. Æз уын æрхæсдзынæн ахæм цæвиттон: дунейы чемпионы титулыл тох кæныны рæстæджы мыл сæмбæлд дзæбæх цæф, æз лæууыдтæн иу ран, нæ фезмæлыдтæн мæ бынатæй, хъуысынц алырдыгæй йæ фарсхæцджыты æхсызгон хъæртæ æмæ æмдзæгъд. Æз ын уæд ноджы ацамыдтон, зæгъын, ноджы цæв. Уыцы цæф та мæнæн уæлдай ницы ракодта. Уыдон та сты бокс кæныны тохы хуымæтæг элементтæ.

– Мурат, куыд дунейы чемпион, афтæ дæ ахаст Денис Лебедевмæ фæивта?

– Æз боксæй архайын куы райдыдтон, уæд ме ‘фсымæримæ иууыл телевизормæ кастæн Денис Лебедевы тохтæм, хъомыл æмæ ахуыр кодтон уыдонмæ гæсгæ. Æмæ-иу бæллыдтæн уымæ, цæмæй мæн дæр рингыл, искуы телевизоры афтæ равдисой æмæ йæ ме ‘ввахс адæм феной. Уыцы рæстæджы никуыдæр ахъуыды кодтаин æмæ йемæ искуы бокс кæндзынæн. Фæлæ куыд федтам, афтæмæй фембæлдыстæм рингыл.

Æз стыр аргъ кæнын Денис Лебедевæн. Уый бирæ уæззау категориты боксерты тохты райста хайад. Йæ куыстуарзондзинады фæрцы йæ къухы бафтыдысты, абоны онг ын цы бирæ æнтыстытæ ис, уыдон. Мæнæн та уый кæддæриддæр у бафæзминаг.

– Нæ республикæйы Президент Тыбылты Леонид дæр уыцы бон залы кæй уыд, уый ды кæд базыдтай æмæ дæм цавæр тæлмæнтæ сæвзæрын кодта?

– Уый æз базыдтон тохы фæстæ, мæ къухыл мын куы схæцыдысты, уæд. Кæй зæгъын æй хъæуы, тынг æхсызгон мын уыд. Стæй ма мæ номыл цы бирæ адæм æрцыд уырдæм, сæ ныфс сын кæй нæ асастон, сæ æнхъæлмæкаст сын æнæхъуаджы кæй нæ фæкодтон, уый дæр мын уыд уæлдай æхсызгон.

– Чемпион суæвыны хъуыддаджы ныййарæг мадæн цавæр роль ис?

– Дыккæгæм къласы куы ахуыр кодтон, уæд амард мæ фыд. Мæ хистæр æфсымæримæ баззадыстæм мæ мады æвджид. Æз абоны царды цы æмвæзадмæ схызтæн, уый æрмæстдæр уыдоны руаджы. Æз стыр бузныг дæн мæ мадæй, аккаг хъомыл мæ кæй скодта, уый тыххæй. Цахæм адæймаг мæ рауад, уымæн та адæм уæд тæрхонгæнæг.

Чысылдæр ма куы уыдтæн, уæд æй афтæ тынг не ‘мбæрстон, мæ мад мыл цас аудыдта, уый. Æз боксмæ куы бацыдтæн, уæд нын кæд уавæртæ æмæ фæрæзтæ нæ уыд, уæддæр мæ мад мæ ныхмæ никуы уыд, фæлæ куыста цалдæргай бынæтты, цæмæй мын æппæтæйдæр мæ къух арæзтаид. Стæй куы рахъомыл дæн, уæд алцы дæр хуыздæр бамбæрстон: мæ мад æппæт дæр мæ хæрзиуæгæн кæй архайдта. Уымæ гæсгæ æз æппæт дæр араздзынæн, цæмæй мæ мады стыр лæггæдтæ бафидон.

Ноджыдæр ма йæ зæгъдзынæн, æз боксмæ кæй бацыдтæн, уый ныхмæ мæ мад æппындæр никуы уыди, фæлæ кæддæриддæр лæууыд мæ фарсмæ.

– Хуымæтæг ирон лæппуйæн рингыл йæ бон айнæг къæдзæхы хуызæн суæвын куыд свæййы. Дæ миддунейы цавæр миниуæг райхъал вæййы, Мурат, уыцы рæстæджы?

– Адæм мæ æддейæ бакæсгæйæ куыд æнхъæлынц, уый нæ зонын, фæлæ дæн уæззау æмæ хæларзæрдæ уды хицау адæймаг. Бокс та у ахæм спорты хуыз, цыран дæ цæвынц тынг, уымæ нæ кæсгæйæ дæ фембылд уæвын кæнæ дæ дæхи лæмæгъ равдисын нæ фæнды. Тохы рæстæджы та хъæуы адæймаджы æппæт миниуджытæ дæр равдисын. Боксы алы тох дæр дын у уæлæмæ схизыны къæпхæн. Иу хатт куы фембылд уай, уæд дын уæлæмæ схизын зындæр уыдзæн. Ацы хъуыддагыл адæймаг хъуыды кæны æдзух, стæй ма ноджы тохы рæстæджы раргом вæййынц алыгъуызон хъуыдытæ æмæ уæд цæстæнгас рингыл бындуронæй фæивы.

Пресс-конференцийы рæстæджы фарстытæ лæвæрд цыдысты Мураты тренер Сланты Виталимæ дæр. Уый бафарстой верси IBF-ы федерацийы фæсивæды ‘хсæн дунейы чемпион Тедеты Сосланы фидæны тыххæй.  Уымæй дæр «Урал Бокс Промоушен»-ы компани æвæрынц стыр ныфс  Тедеты Сосланы фидæны тыххæй. Афтæ ма уый æрдзырдта, тренер уæвгæйæ йæ хъомылгæнинаг рингыл куы вæййы, уæд цы æнкъарæнтæ февзары. Ныр дæр дунейы чемпионы титулы тохы рæстæджы æрмæст йæхæдæг нæ, фæлæ йæ бинонтæ æмæ йе ‘ввахс адæм дæр йемæ зæрдæбынæй кæй æнкъардтой алыгъуызон цины æнкъарæнтæ.

Сланты лæппуйы ма журналисттæ бафарстой, зæгъгæ, тренер цавæр сæйраг миниуджытæй хъуамæ уа хайджын. Тренер, фыццаджыдæр, хъуамæ уа курдиатджын, куыстуарзон, фидар дисциплинæйы хицау æмæ ма уый уæлдай алы тренермæ дæр хъуамæ уа йæхи профессионалон сусæгдзинæдтæ.

Уæрæсейаг промоутераг компани «Урал Бокс Промоушен»-ы директор Алексей Васильев дæр журналисттæн лæмбынæг радзырдта Гасситы Мураты спортивон архайды тыххæй, йæ фæстаг тохы рæстæджы сæ командæ цы куыст бакодта, æппæт уыдæттыл æмæ ма фидарæй ныфс бавæрдта, фидæны Мураты хуыздæр æнтыстытыл кæй æууæндынц.

Кæронбæттæны æрыгон дунейы чемпионæн ноджыдæр уæлдай арфæйы ныхæстæ загъта Тыбылты Алан.

Туаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.