1988 азы дæр ма бынæттон ирæттæ æмæ гуырдзиæгтæ хæларæй цардысты. Иу уыд сæ ацыд æмæ се ‘рбацыд дæр. Цины æмæ хъыджы фынгтыл иумæ цин æмæ маст кодтой. Гъе, фæлæ уыцы аз октябрь-ноябры Гуырдзыстоны адæмон фронт горæт Тбилисы организаци кæнын райдыдта егъау митингтæ æмæ сæ зæлын райдыдтой иууон республикæ саразын, автономон баиугæндтæ аивын, ССР Цæдисы скондæй рацæуын æмæ æндæр ахæм сидтытæ. Уæд дардыл айхъуыст, «Гуырдзыстон – æрмæстдæр гуырдзиæгтæн», зæгъгæ, ахæм лозунг.

Ахæм митингтæ уагъд цыдысты æрмæст Тбилисы нæ, фæлæ ма республикæйы æндæр рæтты дæр. 1899 азы дыккаг æмбисы Еред æмæ Ленингоры кæй ауагътой, уыцы митингты айзæлыдысты ирæтты гуырдзиаг зæххæй фæсурын, Ручъы тъунел сæхгæнын, автономи аивын æмæ æндæр сидтытæ. Ацы митингты ма фехъусын кодтой, бирæминон митинг 1989 азы 23 ноябры Цхинвалы уагъд кæй æрцæудзæн, уый тыххæй дæр æмæ йæм фæхуыдтой Гуырдзыстоны æппæт регионты цæрджыты минæвæртты.

Уæд, Гуырдзыстоны разамонджытæ æмæ æнæформалон баиугæндты лидертæн рæстæгыл фехъусынчындæуыд, нæ уæды областы сæвзæргæ вазыгджын æхсæнадон-политикон уавæры горæты центры бирæминон митинг ауадзынæн уæззау фæстиу-джытæй тас кæй у, уый тыххæй.

Уымæ гæсгæ партион, советон æмæ барадхъахъхъæнæг органтæ истой мадзæлт-тæ, цæмæй ма бауагътаиккой ахæм митинг ауадзын. Фæлæ митинг ауадзыны инициатортæ нæ байхъуыстой, нæ бахынцыдтой сæвзæргæ уавæр æмæ 23 ноябры бирæнымæц автобустæ æмæ рог машинæтыл æрбацыдысты горæт Цхинвалмæ.

Нæ горæты цæрджытæ зыдтой, уыдон хæрзæбонæн кæй нæ цæуынц æмæ иу стæмтæй дарддæр агуылф кодтой Згъудеры бынмæ, горæтмæ æрбахизæнмæ. Куыд зонæм, афтæмæй ам сæ размæ ныфсджынæй æрлæууыдысты, цонг цонджы æрцахсгæйæ, ирон лæппутæ. Чысыл фалдæр та фæндагыл цæхгæрмæ слæууыд уæззау хæдæвдæлон машинæ.

Уым, æрбацæуыны митинджы раныхасгæнæг, ирон дзыллæйады минæвæрттæ ноджыдæр фехъусын кодтой, зæгъгæ, горæт физикон æгъдауæй цæттæ нæу ахæм бирæнымæц адæймæгты хайадистæй митинг ауадзынмæ. Горæты нæй, 30 мин адæймаджы кæм æрæмбырд уа, ахæм фæзуат. Фæлæ, уæддæр, Гуырдзыстоны æнæформалон организациты лидертæ домдтой горæты центры митинг ауадзын. Уый цæхгæр фæкарздæр кодта уавæр. Сæвзæрыд конф-ронтацион уавæр. Æрмæстдæр дыккаг боны дыккаг æмбисы сын бауырнынчындæуыд, афтæмæй митинг саразæн кæй нæй, уый, æмæ уый фæстæ аздæхтысты фæстæмæ.

Фæлæ уый нæ фæлæмæгъдæр кодта горæт æмæ æмткæй нæ уæды областы уавæр, уымæн æмæ экстремистон зæрдæйы уаг кæмæн уыдис, уыцы æнæформалты иу хай æд хотыхтæ баззадысты Цхинвалы районы горæтгæрон хъæуты. Уый та рабæрæг, Дзауы районы ‘рдæм чи цыд, уыцы машинæты Тамарашен, Ачабет, Курта æмæ Чъехы хъæуты хотыхджын адæймæгты къордтæ куы урæдтой æмæ сæ куы ахстой, уæд. Уый фæстиуæгæн фæцæф 4 адæймаджы. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ ахæм факттæ æххæст кæй цыдысты, æндæр æмæ æндæр регионтæй нæ областмæ кæй æрбакодтой, милицийы уыцы кусджыты цур.

24 ноябры изæры Чъехы æхстой æмæ æрурæдтой, Дзаумæ чи цыд, уыцы автобусты æмæ амынæтты хуызы акодтой 85 адæйма-джы. Уыдонæй 60 адæймаджы уым баззадысты, дыккаг боны изæрмæ. Тыхми, адæймаджы нуæрттæ æмæ закъон халынæй дарддæр схонæн нæй, сæ уыцы архайдтытæн. 24 ноябрæй фæстæмæ хъаугъатæ æмæ инцидентты фæстиуæгæн фæцæфтæ сты 21 адæймаг æмæ 7 адæймаджы та бахуыдтой рынчындонмæ.

25 ноябры та хъæуы се службæйон хæслæвæрд æххæст кæныны рæстæджы Цхинвалы мидхъуыддæгты районон хайады кусджытæн сæ хотыхтæ байстой хотыхджын гуырдзиаг æнæформалты егъау къорд æмæ сæ акодта горæт Тбилисмæ. Æндæр регионтæй областмæ кæй æрбакондæуыд, милицийы дæлхæйтты уыцы кусджытæ ма уыцы бон физикон æгъдауæй бафхæрдтой Цхинвалы районы прокуроры хæдивæг æмæ милицийы районон хайады кусджыты се службæйон хæслæвæрд æххæст кæныны рæстæджы. Гарзджын бабырстæй тæрсгæйæ, Цхинвалы районы Прис æмæ Тамаресы хъæуты цæрджытæ ныууагътой сæ цæрæн бынæттæ. Уыцы факттæ ноджы тынгдæр скарз кодтой областы уавæр. Уавæр фæрогдæр кæныны тыххæй нæ уæды областы партион, советон æмæ барадхъахъхъæнæг органтæ мадзæлт-тæ истой уавæр фæхуыздæр кæныны фæдыл. Дыууæ ныхмæлæууæг фарсы ‘хсæн цы дæргъвæтин ныхæстæ цыдис, уыдон ницы фæстиуæг радтой. Ирон хъæутæ хъахъхъæд кæй нæ цыдысты, уымæй пайда кæнгæйæ сын райдыдтой судзын сæ хæдзæртты, ластой сын сæ фæллæйтты, сæ фос сын тæлæт кодтой, мардтой сабыр цæрджыты, амынæт-тæй сæ кодтой, алыгъуызон фыдмитæ сын кодтой…

Афтæ райдыдта гуырдзы æмæ хуссайраг ирæтты ‘хсæн æргом ныхмæлæуд, æргом хæст, кæцы аххæссыд 1992 азы 14 июлмæ, цалынмæ Уæрæсейæ фидауынгæнæг тыхтæ не ‘рцыдысты, уæдмæ. Æмæ кæд тугкалд урæд æрцыдис, кæд Уæрæсе, Гуырдзыстон, Цæгат Ирыстон æмæ Хуссар Ирыстоны хайадистæй арæзт æрцыдис Æмхæццæ контролон къамис, кæцы баныхæсты руаджы фæл-вæрдта уавæр сабырадон æгъдауæй æр-бæстон кæнын, уæддæр уый Гуырдзыстонæн йæ къух нæ арæзта æмæ фæстагмæ зæгъæн ис, бынтондæр хайад нал иста банысангонд къамисы куысты. Сæ нысан уыд конфликт тыхы руаджы аскъуыддзаг кæнын. Уый тыххæй арæзтой провокаци провокацийы фæдыл, æрæвнæлдтой террористон акттæ аразынмæ. Æппæт амæлттæй архайдтой, цæмæй ирон цæрджытæ фæлмæцой сæ царды уавæртæй æмæ лидзинаг фæуой сæ цæрæн бынæттæй. Фæндæгтæ æхгæдтой, хъæутæм хæлцадон æмæ æндæр æнæ-мæнгхъæуæг продукттæ нал уагътой ласын, дæлдзиныг сæ кодтой. Махæн, горæты цæрджытæн дæр нæ зæрдыл хорз лæууы, Чъех-Тамаресы гуырдзиаг хъæуты цæр-джытæ нын доны блокадæ куы арæзтой, уый фæстиуæгæн цахæм зындзинæдтæ æвзæрстам. Уæдæ Зары æфцæгыл дæр машинæвæндаг нæ фырхъалæй арæзт не ‘рцыдис. Бонæй-бонмæ зындæр æмæ тæссагдæр кодта гуырдзиаг хъæутыл ацæуын.

Гуырдзыстоны разамынадæн конфликт сабырадон æгъдауæй аскъуыддзаг кæнын йæ къух кæй нæ арæзта, тыхы сæрыл лæуд кæй уыд, уый ирдæй фенын кодтой 2004 азы сæрды цаутæ, ноджы ирддæрæй та – 2008 азы августы цаутæ.

Августы цаутæ махæн, Хуссар Ирыстоны адæмæн, стыр хъизæмæрттæ, фыдæвзарæнтæ æмæ бирæ уды зиæнттимæ æрхастой æххæст хæдбардзинад, систæм дунейы нымад паддзахад. Райдыдта нæ царды ног дуг. Æмæ уый махæн хъуамæ уа фæллойы æмæ амонды дуг.

Ацы дугмæ та мах фæцыдыстæм уæззау, тугæйдзаг фæндагыл 1989 азы 23 ноябрæй суаг 2008 азы 11 августмæ.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.