Ивгъуыд къуырийы кæрон Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты пресс-центры Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы фæдыл комитеты сæрдары хæдивæг Гатыгкоты Валентинæйæн уыд пресс-конференци, кæцы уагъд æрцыдис беседæйы хуызы фæсивæды минæвæрттæ æмæ бынæттон журналисттимæ. Пресс-конференцийы уый æрдзырдта 2019-æм азы фæсивæдон политикæйы хаххыл комитеты бакæнгæ куысты фæстиуджытыл, афтæ ма сæм ацы аз цы фæндтæ ис сæ куысты, æппæт уыдæттыл.

Пресс-конференцийы райдианы уал уæлдæрбанысангонд комитеты минæвар арфæ æмæ бузныджы ныхæстæ загъта фæсивæдæн ивгъуыд аз Фæсивæдон политикæйы комитеты мадзæлтты активон хайад кæй истой, уый сæраппонд. «Мæнæн тынг æхсызгон у 2019-æм азы нæ фарсмæ кæй уы-дыстут, уый. Ныфс мæ ис, ацы аз дæр нын кæй æххуыс кæндзыстут, уымæй. Цы плæнттæ æмæ нæм фæндтæ ис ацы аз, уыдон ивгъуыд азимæ абаргæйæ сты фылдæр. Разæй нæм æнхъæлмæ кæсы стыр куыст. Сымахæй та мæ фæнды рап-пæлын, уымæн æмæ стут цæвиттойнаг фæсивæд», – загъта Гатыгкоты Валентинæ.

Куыд банысанчындæуыд, уымæ гæсгæ Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы фæдыл комитетæн ацæугæ аз уыдис æнтыстджын, бакодта ахадæн куыст. Афæдзы дæргъы цы мадзæлттæ уагъд æрцыдысты, уыдон фæдыл арæзт æрцыдысты видеороликтæ дæр æмæ сæ ныр æвдыстой экраныл. Видеоæрмæджытæм кæсгæйæ-иу фæсивæд æмæ журналисттæм сæвзæрдис фарстытæ, афтæ ма дзырдтой сæ тæлмæнтæ, сæ фæндтæ æмæ хъуыдытæ дæр.

Бæрæг куыд у, афтæмæй 2019-æм азы æххæст æрцыдысты, социалон нысаниуæг кæмæн ис, цалдæр ахæм проекты. Уыдонæй сæ иу уыд уырыссаг-ирон форум, кæцыйы хайад райстой сæдæ адæймаджы бæрц. Форумы хайадисджытæ уыдысты Уæрæсейы, Абхаз, Приднестроваг-Молдаваг Республикæ, Луганск æмæ Донецкы адæмон республикæты фæсивæды минæвæрттæ. Уыдонæн развæлгъау бацæттæгонд æрцыдис цымыдисон программæ. Организацигонд сын æрцыдис экскурситæ нæ бæстæйы фенддагдæр бынæттæм. Ирон адæмы культурæ æмæ традицитимæ та сæ мастер-къласты фæлгæтты зонгæ кодтой нæ республикæйы ахуыр-гæндтæ, историктæ. Пресс-конференцийы банысан кодтой, зæгъгæ, кæд ацы форум фыццаг хатт æрцыдис уагъд, уæддæр уыдис æнтыстджын æмæ цымыдисон. Форумы хайад чи иста, уыдонæй цалдæр студенты радзырдтой сæ тæлмæнтæ уый фæдыл. Фæсивæд банысан кодтой, зæгъгæ, ахæм мадзæлтты руаджы уыдон канд сæ рæстæг нæ фервитынц, фæлæ ма ссарынц ног хæлæрттæ æмæ, сæйраджыдæр та, райсынц зонындзинæдтæ. Уымæй дарддæр ма сын ахъазгæнæг сты сæ дарддæры ахуыры размæцыды хъуыддагæн дæр.

Форумы хайадисæг Марданты Батрадз банысан кодта, зæгъгæ, уырыссаг-ирон форумæй баззадис стыр райгондæй, хорз организацигонд кæй æрцыд, уый тыххæй æмæ йæ фæнды, цæмæй та ацы аз дæр хайад райса ахæм форумы. Гатыгкоты Валентинæ куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ та комитет фæнд кæнынц  ацы аз дæр  æхсæнадæмон фæсивæдон форум ауадзын. «Форумы, фыццаджыдæр, хайад райсдзысты, нæ республикæйы хæдбардзинад нын чи банымадтой, уыцы бæстæты фæсивæды минæвæрттæ æмæ æндæр паддзахадтæй дæр. Хайадисджытæ ныр уыдзысты фылдæр, 400 бæрц. Бацæттæ сын кæндзыстæм цымыдисон программæ, организаци та сын æрцæудзæнис экскурситæ æмæ лекцитæ дæр», – загъта Гатыгкоты чызг. Уый ма куыд ба-нысан кодта, афтæмæй ахæм форумтæ фадат дæттынц, цæмæй популяризацигонд цæуой Хуссар Ирыстоны алæмæттаг æрдз æмæ сатæг уæлдæф, афтæ ма ахъазгæнæг уыдзысты нæ республикæйы туризм райтынг кæныны хъуыддагæн. «Махæн сæйраджыдæр нæ хæс у, цæмæй фенын кæнæм нæ республикæйы рæсугъд æмæ фенддагдæр бынæттæ. Афтæ йæ хъуамæ радæттæм, цæмæй тынгдæр цымыдис здæхт цæуа туристты ‘рдыгæй, ома у диссаджы къуым. Сæйраг ма у уый дæр, цæмæй йæ æмбарой, абон Хуссар Ирыстонмæ æр-цæуын æдас кæй у æмæ дзы æдыхстæй кæй ис баулæфæн. Уый тыххæй мах архайæм, цæмæй, куыд гæнæн ис, афтæ фылдæр видеороликтæ аразæм æмæ сæ интернеты руаджы парахат кæнæм. Ныридæгæн уал дзы систам фондз. Уыцы видеоæрмæг сты фыццаг къахдзæфтæ фарст аскъуыддзаг кæныны хъуыддаджы. Зæгъæм, интернеты Хуссар Ирыстоны куы агурай, уæд дзы схауынц æфсæддон, хæстон архайдтытимæ информаци, æмæ уый та тæрсын кæны туристты. Потенциалон туристы раз мах хъуамæ гом кæнæм нæ республикæмæ уæрæх дуæрттæ. Æмæ йын æвдисæм, абон республикæ куыд цæры æмæ нæм куыд рæсугъд у, уый. Ацы ран мах хъæуы уе ‘ххуысы сæр. Иумæ нæ хъæуы ацы хъуыддаджы фæдыл бирæ бакусын æмæ нæ уæ ныфс дæр ис», – банысан кодта Гатыгкоты Валентинæ. Фæсивæд дæр сразы сты ацы хъуыдыйыл æмæ банысан кодтой Хуссар Ирыстоны  туризм райтынг кæнынæн, фыццаджыдæр, æмбæлон уавæртæ аразын кæй хъæуы, уый æмрæнхъ, дæрддаг хъæутæм  мæгуырау фæндæгтæ кæй ис, уый æмæ дæнцæгæн æрхастой Къозы цадмæ цы фæндаг цæуы, уый фæхуыздæркæнинаг кæй у, уымæн æмæ йæм, зæгъгæ, цæуы тынг бирæ адæм.

Нæ республикæйы фæсивæд æрвылаз дæр активон хайад райсынц Уæрæсейы Федерацийы уагъдцæуæг æндæр æмæ æндæр æхсæнадæмон фæсивæдон мадзæлтты æмæ алы-хатт дæр сæхи равдисынц æмбæлонæй. Уыцы мадзæлтты хайад райсынæн сын баххуыс кæнынц РХИ-йы Фæсивæдон политикæйы комитет. Гатыгкоты Валентинæйы хъуыдымæ гæсгæ æмткæй сисгæйæ, хуссарирыстойнаг фæсивæд афтæ арæх нæ цæуынц республикæйæн æдтæмæ æмæ нæ рæзынц алыварсонæй. Скъола æмæ уæлдæр ахуыргæнæндон та фаг не сты, цæмæйдæриддæр фæсивæд райсой, абон рæстæг цы домы, æппæт уыдон. «Цард у алыварсон, вазыгджын æмæ цас гæнæн ис, уыйас дзы хъуамæ пайда кæнæм. Цы форумты кой кæнæм, уыдон ахъаз сты фæсивæды курдиæттæ райхæлынæн, цæмæй базонгæ уой зындгонд æхсæнадон архайджытимæ, цымыдисон гоймæгтимæ, адæймаг дзы райсы зонындзинæдтæ, ссары дзы хæлæрттæ. Ацы аз дæр та уагъд цæудзысты форумтæ æмæ та махæн дæр ратдзысты кво-тæтæ, цæмæй сæ хайад райсæм», – загъта комитеты сæрдары хæдивæг.

Фæсивæдон политикæйы къабазы специалисттæн социалон проект кæныны бындурты фæдыл семинар-практикумы куысты хайад райсдзысты Хуссар Ирыстоны фæсивæды минæвæрттæ дæр, кæцы ныр та уагъд цæудзæнис Байкалы. Валентинæ куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ сæ райсгæ фæлтæрддзинадæй пайда кæндзысты, фидæны нæ республикæйы хæрзиуæгæн ацы хаххыл кæй фæнда кусын, уыдон. Уый ма журналистты зæрдыл æрлæууын кодта, ахæм фæсивæдон семинар-практикум ивгъуыд аз та уагъд кæй æрцыдис Хъырымы республикæйы горæт Алуштайы æмæ дзы хайад кæй райстой комитеты кусджытæ æмæ студентон активисттæ.

Пресс-конференцийы ма дзырд цыдис экологийы фарстыл дæр. Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы фæдыл комитет ивгъуыд аз сорганизаци кодтой экологион акцитæ дæр. Волонтертæ горæтæн æдтейæ ауагътой æфснайæн зиутæ. Æрæмбырдуæвджытæ ацы фарсты фæдыл загътой сæ хъуыдытæ, зæгъгæ, куыдфæндыйы цæстæй нæ хъæуы кæсын экологимæ æмæ уый та нæхицæй аразгæ у. Гатыгкоты Валентинæ фæсивæды хъуыдытæм байхъусыны фæстæ банысан кодта, зæгъгæ, экологийы фарст канд фæсивæды проблемæ нæу, уый у нæ республикæйы цæрджыты иумиаг проблемæ æмæ дарддæр дæр кæй араздзысты ахæм æфснайæн акцитæ. Уый ма æрсидт не ‘мбæстæгтæм дæр, цæмæй æрдзы хъæбысмæ куы ацæуынц улæфынмæ, уæд-иу бафснайой сæ фæстæ æмæ акциты та фылдæр адæм хайад исой. Уый ма куыд банысан кодта, афтæмæй экологийæн зиан чи хæссы, уыцы фæткхалджыты ныхмæ хъæуы ивар кæныны тыххæй санкцитæ исын, афтæ ма сæ раргом кæнын, цæмæй сæ иууылдæр зоной. Æфснайæн акциты фæдыл æвдыст æрцыдис видеоæрмæг дæр, кæцыйы федтам, не ‘мбæстæгтæ æрдзы куыд чъизи кæнынц æмæ сæ фæстæ кæй нæ бафснайынц, уыцы факттæ.

Пресс-конференцийы ма æрдзырдтой ивгъуыд аз комитеты хъæппæрисæй хуссарирыстойнаг рæзгæ фæлтæрæн сæрдыгон фæсивæдон этнолагерь кæй сорганизаци кодтой, уый кæй уыдис нæ республикæйы рæзгæ фæлтæры удварнон-хæрзæгъдауон хъомылады тыххæй. Этнолагеры сæйраг нысан та уыд фæсивæдæн се ‘ргом аздахын нæ фыдæлты историон æмæ культурон бынтæ базонынмæ. Уый байгом Дзауы скъола-интернаты базæйыл æртæ боны æмгъуыдмæ. Ацы аз дæр комитет фæнд кæны сорганизаци кæнын ахæм этнолагерь, ивгъуыд азимæ абаргæйæ, дыууæ хатты фылдæр адæмæн. Банысангонд ма æрцыдис уый дæр, æмæ комитетæн кæй нæй стационарон лагерь, цæмæй дзы уагъд цæуой æрвылазон форумтæ.

Цæгат Ирыстоны уагъд цыдис æрвылазон культурон-ахуырадон проект «Этнолагерь-2019. Алайнаг фæд», цыран фараст бæстæйы минæвæрттæ зонгæ кодтой сæ рагфыдæлтæ – Аланты культурæ æмæ æвзагимæ. Мадзалы хайад райстой Турк, Сири, Германи, Гуырдзыстон, Азербайджаны æмæ Уæрæсейы цæрæг ирæттæ. Проекты нысан уыд, цæмæй райгуырæн бæстæйæ дард чи цæрынц, уыцы æмфыдыбæстæйонты базонгæ кодтаиккой нæ адæмы культурæ, традицитæ æмæ æгъдæуттимæ. Сæ программæйы уыд Хуссар Ирыстонмæ абалц кæнын дæр. Уыдон фæуазæг сты нæ республикæмæ 7-æм августы æртæ боны æмгъуыдмæ æмæ хайад райстой августы фыдохы мадзæлтты, организаци сын æрцыд экскурситæ Знауыры районмæ, цæмæй федтаиккой историон бынæттæ æмæ цыртдзæвæнтæ. Гатыгкоты Валентинæ куыд загъта, афтæмæй ацы аз дæр сорганизаци кæндзысты этнолагерь æмæ, фаронимæ абаргæйæ, уыдзæнис уæрæхдæр.

Ивгъуыд аз ма Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы комитеты инициативæмæ гæсгæ фæсивæды ‘хсæн расидтысты социалон нысаниуæджы республикон грантон конкурс, цæмæй уыдон æрбавдыстаиккой проекттæ. Валентинæ куыд банысан кодта, афтæмæй проекттæ се ‘ппæт дæр уыдысты хъæуæг, фæлæ дзы жюрийы тæрхонмæ гæсгæ иууыл хуыздæрыл нымад æрцыд, Габатты Альберт, Плиты Андрей æмæ Мамиты Григори цы прект презентаци кодтой, уыцы «Доступный двор»-ы. Уыдон æнæмæнгхъæуæгыл банымадтой нæ горæты Гафезы уынджы №16 æмæ №16а хæдзæртты раз сывæллæттæн хъазæн фæзуат саразыны хъуыддаг æмæ йæ рахастой рæгъмæ. Цы грант рамбылдтой, уым ис æрмæст 300 мин сомы бæрц æмæ сæ сæ хъуыддагæн та хъæуы фылдæр æхцайы фæрæзтæ. Уымæ гæсгæ сæ проект  реализацигонд цæудзæнис ацы аз.

Фæсивæдмæ хъусдард здахыны тыххæй ма комитет æрхъуыды кодтой ахæм мадзал дæр, куыд «Человек года». Мадзал уагъд цæудзæнис 23-æм январы киноконцертон зал «Чермен»-ы. «Ацы аз мах фæивтам номинантты æвзарыны хъуыддаг. Мах æвзардзыстæм, æппæт сферæты æмæ куыстуæтты хуыздæр йæхи чи равдыста республикæйы хæрзиуæгæн, бирæ кæмæн бантыст, уыдоны ‘хсæн. Мах афæдзы дæргъы нæ хъус дардтам, фæсивæдæй æнтыстытæ кæмæнты уыд, уыдонмæ æмæ ныр бæрæггонд æрцæудзысты. Ацы конкурс уагъд цæуы ныр дыккаг аз æмæ ныр та номинацитæ уыдзысты 18. Мадзалы нысан у, цæмæй фæсивæд сæ куыст æмæ професситæм цымыдис здахой æмæ æнтыстджынæй сæ куыст кæной», – загъта Гатыгкоты чызг. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй мадзал уыдзæнис цымыдисон æмæ сценæмæкæсджытæм та æнхъæлмæ кæсы сюрприз.

Пресс-конференцийы ма дзырд цыдис æндæр ахсджиаг фарстыты æмæ ма-дзæлтты тыххæй дæр, уыдоны æмрæнхъ, Хетæгкаты Къостайы азы цытæн цы мадзал бацæттæ кодтой, уый цымыдисон кæй рауад. Банысангонд ма æрцыдис, зæгъгæ, комитет фылдæр йæ хъусдард кæй аздахдзæнис фæсивæды удварнон-хæрзæгъдауон хъомыладмæ, кæцыйы фæдыл бацæттæгонд æрцæудзæнис программæ.

Цхуырбаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.