23-æм ноябры Хуссар Ирыстоны ногдæр историмæ бацыди, куыд Æхсардзинад æмæ адæмы иудзинады бон, афтæ. Уый фæдыл республикæйы иумæйаг ахуыргæнæн скъолаты уагъд цæуынц гом уроктæ.

22-æм ноябры Цхинвалы районы Сатихъары хъæуы скъолайы дæр уагъд æрцыд Æхсардзинад æмæ адæмы иудзинады урок. Ахуыргæнинæгтæн скъолайы организатор Дыгъуызты Зинæ æрдзырдта 1989 азы 23 ноябрь нымад цæмæн æрцыд бæрæгбоныл, æмæ уыцы бонты цауты тыххæй.

Уый загъта, зæгъгæ, 1989 азы 23 ноябры нæ адæм сæхи. Цæттæ кодтой сæ уарзондæр бæрæгбонтæй сæ иу – Джиуæргуыбайыл сæмбæлынмæ. Æмæ ахæм стыр бæрæгбоны та мах сæмбæлдыстæм стыр бæллæхыл. Нæ горæты æрбацæуæны ныттыгуыр сты хæстмондаг Гуырдзыстоны алы рæттæй æнæхонгæ «уазджытæ». Æнæформал Звиад Гамсахурдиа æмæ Гуырдзыстоны компартийы фыццаг секретарь Гумбаридзейы сæргълæудæй æрбафсæрстой Цхинвалы ‘рдæм. Сæ нымæц уыд 30-50 мин адæймаджы бæрц. Се ‘рбацыды æфсон – горæты астæу Сæрибары фæзуаты, сабырадон митинг ауадзын, се ‘цæг нысан та – горæт бацахсын, ирон адæмыл цагъары æфсондз сæвæрын. Уый та бæрæг уыд, цы бирæнымæц рог машинæтæ æмæ автобустыл уыдысты, уыдон æхсæнгарзтæй дзаг кæй уыдысты, уымæй.

Афтæ райдыдта гуырдзы æмæ хуссайраг ирæтты ‘хсæн æргом ныхмæлæуд, æргом хæст, кæцы аххæссыд 1992 азы 14 июлмæ, цалынмæ Уæрæсейы фидауынгæнæг тыхтæ не ‘рцыдысты, уæдмæ. Æмæ кæд тугкалд урæд æрцыдис, уæддæр уый Гуырдзыстгнæн йæ къух нæ арæзта.

Сæ нысан уыд конфликт тыхы руаджы аскъуыддзаг кæнын. Уый тыххæй арæзтой провокаци провокацийы фæдыл, æрæвнæлдтой террористон акттæ аразынмæ. Æппæт амæлттæй дæр архайдтой, цæмæй ирон цæрджытæ фæлмæцой сæ царды уавæртæй æмæ лидзинаг фæуой сæ цæрæн бынæттæй. Æхгæдтой хъæутæм фæндæгтæ, хæлцадон æмæ æндæр æнæмæнгхъæуæг продукттæ сын нæ уагътой ласын, сгæрстой сæ дæлдзиныг сæ кодтой. Уæдæ Зары æфцæгыл машинæвæндаг дæр нæ фырхъалæй арæзт не ‘рцыд. Бонæй-бонмæ зындæр æмæ тæссагдæр кодта гуырдзиаг хъæутыл ацæуын.

Гуырдзыстоны разамынадæн конфликт сабырадон æгъдауæй аскъуыддзаг кæнын йæ къух кæй нæ арæзта, тыхы сæрыл лæуд кæй уыд, уый ирдæй равдыста 2004 азы сæрды цаутæй, ноджы ирддæрæй та 2008 азы августы цаутæй.

Ныхасгæнæг сывæллæттæн радзырдта августы хæсты тыххæй дæр. Кæд цалдæр боны йедтæмæ нæ аххæссыд, уæддæр йæ æвирхъаудзинадæй кæй нынкъуысын кодта æгас дунейы алы растхъуыдыгæнæг адæймаджы зæрдæйы дæр раргом кодтой Гуырдзыстоны хицæуттæн се ‘цæг цæсгом. Нæ адæмæн кодта стыр хъизæмæрттæ, фыдæвзарæнтæ æмæ бирæ удзиæнттæ. Афтæ ма радзырдта, ацы хæсты хæдфæстæ нын Уæрæсе кæй банымадта нæ хæдбардзинад. Абон не ‘хсæн чи нал ис, уыдоны рухс нæмттæ, стыр кады аккаг кæй сты, абон дзы не ‘сæн чи цæрынц, уыдон та, дам, бирæ азты уæнгрогæй цæрæн.

Ахуыргæнинæгтæ стыр цымыдисæй хъуыстой сæ ахуыргæнæгмæ, лæвæрдтой йæм фарстатæ æмæ сын истой æмбæлон дзуаппытæ.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.