Александр Захарченко цы срæмыгъды рæстæджы амард , уый, кæй зæгъын æй хъæуы, у теракт. Украинæ, Гуырдзыстонау террор æмæ террористон акттæ систа паддзахадон политикæйы æмвæзадмæ, кæцыйы хъуамæ алчидæр, йæхи террористыл æмæ лæгмарыл чи нæ нымайы, æмæ сабырады тыххæй дзургæ уæддæр чи кæны, уыдон цæхгæр æвзæрыл нымайой.

Украинаг спецслужбæтæ рагæй зылдысты Александр Захарченкойы фæдыл, уый уыд сæ фыццаг нысан. Уымæн æмæ уыцы тыхджын, хъæбатыр адæймаг слæууыд Донбассы адæмы ссæрибаргæнæн хæсты сæргъ æмæ Украинæйы йæ бацахсыны плæнтты хъыг дардта. Уый амарыны бафæлвæрдтытæ бирæ хæттыты уыдысты, æмæ сын абон бантыст. Бантыст, куыд Донецкы Адæмон Республикæйы хъахъхъæнджыты ныхмæ раздæры теракттæ, афтæ æнæаккагæй  нæдæр гæрзифтонг ныхмæлæуды, нæдæр хæсты быдыры.

Александр Захарченко уыд Донецкы Адæмон Республикæйы æцæг лидер. Ахæм бæрнджын æмæ уарзæгой уыд æмæ йæ адæмы æхсæн хуыдтой «Батя». Йæ бæллиц уыд, цæмæй Донецкы Адæмон Республикæйы цæрджытæн уа æдыхст æмæ фæрныг цард. Ныфс мæ ис, Республикæйы адæм кæй сбæлвырд кæндзысты, кæй сын нæй басæттæн æмæ сæ нысанмæ кæй цæудзысты. Александр Захарченко хайад кæм иста, уыцы фæстаг мадзал уыд РХИ-йы хæдбардзинад банымайыны 10 азы цытæн. Ныфс мæ ис, Донецкы Адæмон Республикæ кæй райсдзæн хæдбардзинад æппæт дунейы фарсæрдыгæй. Террористтæ та – æххæстгæнджытæ æмæ заказгæнджытæ дæр æнæмæнгæй дæр рабæрæг уыдзысты æмæ æфхæрд баййафдзысты.

Сашæ уыд ме ‘ввахс æмгар æмæ Хуссар Ирыстоны адæмы хæлар дæр. Стыр рыст у.

***

РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик мæсæллæй кæны Донецкы Адæмон Республикæйы Сæргълæу-уæг Александр Захарченкойы бинонтæн æмæ йе ‘ввахс хиуæттæн йæ трагикон амæлæты тыххæй.

«Стыр зæрдæрисгæйæ  райстон Александр Владимиры фырты, нæ хæлар æмæ æфсымæры трагикон амæлæты хабар. Ирд æмæ зондджын политик, ныфсхаст æмæ фæндвидар адæймаг фидар æмбæстагон позициимæ уæвгæйæ, уый уыд æрмæст республикæйы лидер нæ, фæлæ йæ адæмы æцæг хæстон æмæ патриот, кæцы арæзта æппæтдæр, цæмæй йæ æмбæстæгтæ цæрой сабыр æмæ æдасæй. Саргъгæнæн нæй йæ сæрмагонд хайбавæрдæн Донецкы Адæмон Республикæйы хæдбардзинад æмæ социалон-экономикон рæзт сфидар кæныны хъуыддаджы. Уымæн ма ноджы бирæ бантыстаид саразын йæ адæмæн. Фæлæ хъысмæт, хъыгагæн, æндæрхуызон стæрхон кодта.

Александр Захарченко уыд Хуссар Ирыстонимæ хæлардзинад æмæ æмцæдисады фидар фарсхæцæг, æвæллайгæйæ куыста, нæ республикæты ‘хсæн дыууæфарсон æнгом бастдзинæдтæ фæарфдæр кæныныл.

Хуссар Ирыстоны адæмы æмæ сæр-магондæй мæхи номæй мæсæллæй зæгъын Александр Владимиры фырты бинонтæн æмæ æввахс хиуæттæн, Донецкы Адæмон Респуб-ликæйы æп-пæт адæмæн.

Хуссар Ирыстоны адæмы зæрдæты йæ рухс ном баззайдзæн æнустæм», -дзырдæуы мæсæллæйы телы.

 

РХИ-йы Хицауады пресс-службæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.