Уæрæсейы Федерацийы ‘рдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыныл 10 азы сæххæсты цытæн бæрæгбонон мадзæлттæм Цхинвалмæ æрцыдысты Уæрæсейы Федераци, Приднестровье, Республикæ Арцах, Донецк æмæ Луганскы Адæмон Республикæты, Итали, Сириаг Арабаг Республикæ æмæ Республикæ Науруйы делегацитæ.

Президенты Администрацийы раз сыл сæмбæлд Бибылты Анатоли.

Паддзахады сæргълæууæг йæ официалон фембæлд райдыдта бузныджы ныхæстæй Уæрæсейы Федерацийы къухдариуæгадæн сабыр ирон адæмы цард, Хуссар Ирыстоны сабырад æмæ æдасдзинады тыххæй.

«Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайынимæ адæммæ фæзынд ныфс, кæй нал уыдзæн уæлвæткон уавæртæ, æхстытæ æмæ тугкалд сбæлвырди, Хуссар Ирыстонæн кæй уыдзæн ирд фидæн, кæцы баст у размæцыд сабырадимæ æмæ фарнимæ», – банысан кодта Президент.

Уымæн йæ цæст бауарзта, цæмæй æппæт æфсымæрон республикæты дæр уа сабырад æмæ фæрныгад, цыран бирæполярон дунейы сæрыл тохы фæрцы зынынц позитивон процесстæ, æмæ уазджытæн радзырдта Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон æндидзыны этапты тыххæй.

«Æрæджы Цхинвалы байгом Паддзахадон драмон театр, арæзт æрцыд университетон комплекс, арæзт цæуынц сабидæттæ, скъолатæ æмæ æндæртæ. Æмæ æппæт уыдæттæ сты Уæрæсейы Федерацийы фæрцы. Владимир Владимиры фыртимæ фембæлды фæстæ мæнæн мæ бон у фидарæй зæгъын, Республикæ Хуссар Ирыстоны рæзт дарддæр дæр кæй рæздзæн», – загъта Бибылты Анатоли.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.