Вӕййы афтӕ: ӕвзонг адӕймаг фӕбӕллы ӕрмӕстдӕр уӕлдӕр ахуырад райсынмӕ ӕмӕ стӕй ууыл, цыма, йæ дзул лæвæрд фæвæййы. Вӕййы ма афтӕ дӕр: йӕ дӕсныйады фæдыл  акусы чысыл рӕстӕг ӕмӕ йын стӕй хӕрзбон фӕзӕгъы. Фӕлӕ иууыл растдӕр кӕнынц,сомбоны куысты дӕсныйад зӕрдийӕ чи бауарзы ӕмӕ дзы кӕронмӕ чи нӕ фӕхицӕн вӕййы, уыдон. Раст хъуыдыйыл хӕст уыд, кӕй кой ракӕнынмӕ хъавын, уыцы адæймаг дӕр ӕмӕ йын ссис амонд ӕмӕ зӕрдӕрухсы цардвӕндаг. Уартӕ ма райдиан кълӕсты куы ахуыр кодта, уӕд ахъардта йӕ уӕнгты мадӕлон ӕвзагмæ уарзондзинад ӕмӕ йӕ комбӕсты адджын комытӕф ӕмӕ йын ӕдзухдӕр хӕссынц амонд. Иугӕр скъоламӕ цӕуынхъом куы фӕци, уӕд ма чысыл лӕппуйы цы урӕдта: ӕдзухдӕр ахуыргӕнджыты цӕстытӕм куы кастаид, сӕ зӕрдиаг зондамындтытӕм сын куы хъуыстаид, уымӕ уыд йӕ тырнынад. Иудзырдӕй, скъола сси йӕ дыккаг хӕдзары хуызӕн ӕмӕ йын дзы нал уыд фӕхицӕнгӕнӕн – цардбӕллон ӕмӕ зӕрдӕргъӕвд ахуырдзау бӕрӕгбонмæ цæуæгау цыд йӕ уарзон скъоламӕ.

Ахуыргӕнæгæн удысконд та ахӕм у, ӕмӕ йын йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ иууылдӕр вӕййынц уарзон, фӕтырны, цӕмӕй сӕ уагахаст ӕмӕ ахуырӕй уой цӕвиттойнаг. Фӕлӕ уӕддӕр ӕмӕ уӕддӕр уӕлдай хъулон уарзт фӕкӕны ахуыры раззагонты ӕмӕ уыдон нымӕцмӕ ахӕссӕн уыд ацы кӕстӕры дӕр. Къуайсайы скъолайы ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы хъуыстгонд ахуыргӕнӕг Ӕлборты Любӕйӕн Хуыгаты Суликъо уыд йӕ иууыл хуыздӕр ахуыргӕнинӕгтӕй ӕмӕ йӕ фырбуцӕн йӕ лӕппу хуыдта.

Хуыгаты Никъалайы фырт Суликъо райгуырд Къуыдаргомы рӕсугъддӕр ӕмӕ фӕрнджындӕр хъӕутӕй сӕ иу – Ӕхсӕрджыны 1944 азы 4 июлы. Йӕ фыд Никъала уыд Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты активон хайадисӕг. Иугӕр йӕ райгуырӕн уӕзӕгыл сӕрӕгасӕй куы сӕмбӕлд, уӕд йе ‘мкъай Танделаты Натъаимӕ аныгъуылдысты сабырадон царды. Суликъо фыццаг ахуыр кодта Ӕхсӕрджыны райдиан скъолайы, 1955 азы йӕ ахуыр адарддӕр кодта Къуайсайы астӕуккаг скъолайы. Уыцы рӕстӕджы Ирыстоны скъолатӕ дзаг уыдысты скъоладзаутӕй, ӕгӕрыстӕмӕй дзы уыд параллелон кълӕстӕ дӕр. Ахӕм зӕрдӕрухс уавӕры уыд Къуайсайы скъола дӕр ӕмӕ зӕгъӕн ис, цард дзы йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй цӕджджинагау кӕй фыхт. Уӕддӕр ӕмӕ уӕддӕр ӕндӕр скъоламӕ бацӕуын, ӕнӕзонгӕ ӕмбӕлтты ‘хсӕн бынтон сӕрибар нӕ фӕхаты йӕхи адӕймаг. Фӕлӕ уы-дӕттӕ бынтондӕр нӕ бахъыгдардтой  ахуырмӕ тырнӕг Хуыгаты кӕстӕры ӕмӕ уадид бӕрӕгдӕрӕй разынд йӕ ахуырфӕразондзинадӕй. Уый тыххӕй уарзон ссис скъолайы ӕппӕт коллективӕн, цӕвиттонӕн ӕй хастой ӕндӕртӕн. Суликъо алы предмет дӕр тынг уарзта ӕмӕ йын йӕ дзуаппытӕй кӕддӕриддӕр разы уыдысты йӕ ахуыргӕнджытӕ. Фӕлӕ уӕддӕр ӕппӕты тынгдӕр йӕ зӕрдӕмӕ айста ма-дӕлон ӕвзаг ӕмӕ литературӕ. Йӕ хорз ахуыр ӕмӕ скъолайон предмет-тӕм йӕ ӕнувыд ахастӕн хорз ӕвдисӕн у уый дӕр, ӕмӕ астӕуккаг ахуыр кӕй фӕци ӕвзист майданыл. Уый фӕстӕ намысджынӕй баслужбӕ кодта Советон Ӕфсады рӕнхъыты.

Нӕ дзы ферох уӕлдӕр ахуырад райсын дӕр ӕмӕ 1965 азы бацӕуӕн фӕлварӕнтӕ радта Хуссар Ирыстоны паддзахадон пединституты ирон-фӕсарӕйнаг (англисаг) ӕвзӕгты факультетмӕ. Куыд скъолайы, афтӕ институты дӕр уыд ахуыры ӕмӕ ӕхсӕнадон царды раззагон, уыд курсы старостӕ. Зӕрдӕргъӕвд ӕмӕ ахуырмӕ тырнӕг студент алы лекцимӕ дӕр хъуыста лӕмбынӕг, йӕхи хотыхджын кодта зонындзинӕдтӕй. Ахуыры раззагон кӕй уыд, лекторты амындтытӕ дырысӕй кӕй ӕххӕст кодта, уымӕн ӕвдисӕн у, институт каст кӕй фӕци сырх дипломыл. Уыцы рӕстӕджы институты уыд драмон къорд ӕмӕ йын разамынд лӕвӕрдта театры артист Джусойты Хасан, ассистенты хӕстӕ та Хуыгайы фырты бӕрн бакодта. Су-ликъо ӕмӕ йе ‘мбал студенттӕ тынг бауарзтой ацы къорды архайын, сӕ саразгӕ фӕлгонцтӕ алы хатт дӕр хъардтой сценӕмӕкӕсджыты зӕрдӕмӕ. Канд горӕты нӕ, фӕлӕ ма сӕ спектакльтӕ ӕвдыстой хъӕууон цæрджытæн  дæр.

ФӔЛЛОЙАДОН ФӔНДАГ

Уыцы нысаныл раджы ахъуыды кодта ӕмӕ йын скъуыддзаг уыд. Цы комбӕсты бахъомыл, цардмӕ йын раст ӕмӕ уӕрӕх фӕндаг чи байгом кодта,уыцы уарзон комбæсты ӕрдзы алӕмӕттаг ахорӕнтӕ ӕдзухдӕр йӕ цӕстыты раз уыдысты. 1970 азы кусын райдыдта Къуайсайы астӕуккаг скъолайы ирон ӕмӕ англисаг ӕвзӕгты ахуыргӕнӕгӕй. 1988 азы йӕ уыцы иурӕстӕджы снысан кодтой изӕры скъолайы директорӕй дӕр – уым дӕр тынг бирӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уыд. Фӕлӕ ӕрмӕст уыцы куыстыл не ‘рлæууыд Суликъо. Пединституты драмкъорды архайд ын фӕахъаз бæрæг фæлтæрддзинад райсынæн. Æмæ, Культурӕйы хӕдзары дæр кусгӕйӕ, ӕрбатымбыл кодта, аивадмӕ ӕмхиц чи уыд, ахӕмты. Иу репетици ивта иннӕйы, ӕмӕ цыбыр рӕстӕгмӕ сӕ аив ралӕудтытӕй балхӕдтой сценӕмӕкӕсджыты зӕрдӕтӕ.

АРФӔЙАГ КУЫСТЫ ТЫХХÆЙ – АРФӔТӔ ӔМӔ ХОРЗӔХТӔ

Адӕймаг хорз куы ракӕна ӕндӕр-тӕн, уӕд уый фӕстӕмӕ йӕхимӕ цӕуы. Ӕниу, Хуыгайы фырт хӕрзиуджытӕ райсыны тыххӕй , мыййаг, нӕ кусы ӕмӕ фыдӕбон кӕны. Фӕзӕ-гъынц, адӕмы цӕст уынаг у, зӕгъгӕ. Къуыдаргомы ӕмбӕстӕгтӕ та сӕ фондз ӕнгуылдзау зонынц ӕмӕ уынынц сӕ сӕрӕнгуырды арфӕйаг хъуыддӕгтӕ ӕмӕ цы хӕрзиуджытӕ ӕмӕ арфӕтӕй фӕхайджын, уы-дон.1984 азы йын Гуырдзыстоны адӕмон ахуырады министрад саккаг кодта «Англисаг ӕвзаджы хистӕр ахуыргӕнӕджы ном». 2012 азы нӕ республикӕйы уӕды Президент Кокойты Эдуарды барамындӕй йын лӕвӕрд ӕрцыд «Республикӕ Хуссар Ирыстоны сгуыхт ахуыргæнæджы» кадджын ном. 1975 азы ссис Социалистон ерысы уӕ-лахиздзау. Хорзӕхджын ма ӕрцыд Стыр Уӕлахизы 70 азы цытӕн зӕр-дылдарӕн майданӕй. Арфæйы гæххæт райста 111-аг Ӕппӕтуӕрӕсеон олимпиадӕйы англисаг ӕвзагӕй 1-4 кълӕсты уӕлахиздзауты кӕй бацӕттӕ кодта, уый тыххӕй. Ахæм фыстӕг ма райста Краснодары университетӕй, йӕ раздӕры ахуыргӕнинӕгтӕн ахуыры стыр ӕнтыстытӕ кӕй ис, уый тыххӕй.

АМОНДДЖЫН У КӔСТӔРТӔЙ  ДӔР

Адӕймаг уӕлдай амондджын вӕййы ӕрмӕст фӕллойадон фӕндагӕй нӕ, фӕлӕ ма йӕ кӕстӕртӕй дӕр йӕ зӕрдӕ куы фӕрухс кӕны, уӕд. Хуыгайы фыртӕн райдианӕй фӕстӕмӕ йӕ зӕрдӕ рухс кӕны йӕ куыстӕй. Ахӕм амондджын фӕци кӕстӕрты ӕрдыгӕй дӕр. Йе ‘мкъаимӕ схъомыл кодтой ӕмӕ адӕмы рӕгъмӕ ракодтой дыууӕ фырт ӕмӕ иу чызджы. Хистӕр Уӕрхӕг каст фӕци нӕхи университеты историон факультет ӕмӕ кусы уæлвæткон уавæрты фæдыл министрады. Хъызылбег дӕр бакаст нӕхи университет ӕмӕ кусы скъолайы, чызг Дзе-рассӕ нӕхи университеты каст фӕци англисаг ӕвзаг ӕмӕ физикон хъомылады факультеттӕ. Уый дӕр хъомыладон куыст кӕны скъолайы. Зӕнӕг се ‘ппӕт дӕр ссардтой сӕ амӕндтӕ ӕмӕ цӕрынц амондджынӕй.

Ахӕм у цыбыртӕй Хуыгаты Суликъойы даргъ ӕмӕ кадджын цардвӕндаг. Уый, нырма не рывӕрдта йӕ гӕрзтӕ, ис ӕм хъару ӕмӕ фӕндондзинад ӕмӕ та райгӕ цинӕвдылды ӕнкъарӕнтимӕ ног ахуыры азы йӕ уарзон коллективимӕ ӕрӕвналдзӕн ахуырхъомыладон куыст ӕххӕст кӕнынмӕ. Лӕггад кӕны йӕ уарзон комбӕстӕн, фӕнды йӕ уыдонӕн ноджы фылдӕр хӕрзты бацӕуын. Ахӕм у йӕ фидар удыхъӕд Къуыдаргомы сӕрӕнгуырдӕн.                                                                      

 Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.