Редакцимæ æрбацыдысты дыууæ æвзонг лæппуйы. Уыдон сæхи бацамыдтой. Кæй цæрынц Цæгат Ирыстоны, фæлæ гуыргæ Цхинвалы районы Ксуисы хъæуы кæй ракодтой. «Нæ хъæуы цардысты гуырдзиæгтæ æмæ ирæттæ. Раст зæгъгæйæ, уæддæр кæрæдзи иттæг нæ уарзтам. Фæлæ ирон лæг йæхиуыл хæцын зоны, уыдон дæр нæм æргом никуы æвзыстой. Хъæуы бирæ адæм цард. Хъыджы, цины боны цыдыстæм кæрæдзимæ. Ирон мыггæгтæй дзы цардысты Уазæгтæ, Тъехтæ, Гуыззыдтатæ, Къудухтæ, Болататæ, Хуыбиатæ. Кæд алы мыггагæн дæр йæхи дзуар ис, йæ фыдæлтæ кæцæй рацыдысты æмæ уыдон кæмæн табу кодтой, ахæм уæддæр алкæцы хъæуæн дæр вæййы йæхи кувæндон. Мах дæр рагæйфæстæмæ нæ фыдæлтæ ацы хъæуы куы æрцардысты, уæдæй нырмæ гуырдзиимæ баста хъæуы астæу цы дзуар ис – Таранджелоз, зæгъгæ, уый. Абон дæр мах, кæд раджы алыгъ-дыстæм ацы хъæуæй, уæддæр нæ рох кæнæм, гыццылæй-иу нæ нæ ныййарджытæ цы дзуары бынмæ бакодтой кувынмæ, уый. Уыдон-иу нын амыдтой Хуыцау æмæ дзуары раз удсыгъдæг кæнын кæй хъæуы. Æнæрæдигæ ничи у æмæ нын амыдтой, зæгъгæ,куы фæрæдиат, уæд-иу Таранджелозæй хатыр ракурут. Дзуары бæрæгбон-иу фæззæджы нысан кодтам. Раджы-иу йæ быны бирæ адæм æмбырд кодта, ирæттæй æмæ гуырдзиæгтæй дæр сæ къабæзтæ æндæр рæтты кæмæн цардысты, уыдон дæр-иу уыцы бон æрбацыдысты, хыл-иу чи уыд, уыдон дæр-иу Таранджелозы бон бафидыдтой. Æнæбон чи уыд, уæззау низæй рынчын чи уыд, уыдонæн дæр-иу Таранджелозмæ ссæугæйæ фенцондæр, кæрæдзийæн-иу æппæлыдысты «æвдадзы хосау мын фæрог кодта ме уæнгты низ», зæгъгæ. Нæ хъæубæсты адæм-иу ацы бынаты сарæзтой диссаджы хъæзтытæ».

Дыууæ лæппуйы бирæ  рæсугъд мысинæгтæ фæдзырдтой, фæлæ  фæстагмæ се ‘рбацыды сæр раргом кæнгæйæ, фенкъард сты.

Лæппутæ куыд зæгъынц, афтæмæй сæхæдæг ацы хъæуæй кæд 1992 азы фæстæ алыгъдысты, сæ сыхаг гуырдзиæгтæ сын сæ хæдзæрттæ кæй басыгътой уый фæстиуæгæн, уæддæр-иу дзуармæ гæнæнуæвгæйæ æрцыдысты сæрибарæй. 2008 азы августы фæстæ та хъæуы иу гуырдзиаг дæр нал баззад, уыдонæн дæр сæ хин сæ сæртыл æртыхст,лидзинаг фесты сæхæдæг дæр сæ хæдзæрттæй. Дзуармæ машинæвæндаг уыд, уымæ гæсгæ ацы хъæуæй алидзгæ адæмæй исчитæ сæ сыгъд уæзгуытæм куы æрцæуынц, уæд æнæбацæугæ нæ фæвæййынц дзуармæ дæр. «Ныр æртыккаг аз уырдæм бахизæнтæ нал ис броны обæуттæй. Ксуисмæ хæстæг Сатихъары хъæуы цæрджытæ сæ брон ласынц ардæм.Дзуармæ бахизæны фæндаджы астæу сæ калынц. Хъæумæ ныццæуæн фæндаг нал ис, нæ уæлмæрдтæм бацæуæнтæ нын броны бын фæкодтой. Хъæу басыгъд, фæлæ уæддæр бабæрæг кæнæм нæ сыгъд хæдзæрттæ. Мах сын æмбарын кæнæм, афтæ гæнæн кæй нæй. Хъæу федзæрæг, фæлæ брæтты бын ма хъуамæ фæуа. Ныфс нæ ис кæддæр та йæм фæстæмæ кæй æрыздæхдзыстæм æмæ уæд, кæдæм? Балæууæндон брæтты астæу кæм сараздзынæ. Уавæримæ зонгæ у бынæттон администраци дæр, фæлæ ницы мадзæлттæ исы. Зæгъынц, зæгъгæ, æнæзонгæ уæзласæн машинæтæ æрбаласынц брон æмæ, сæ уым акалынц».

Лæппутæ катайгæнгæ цы проблемæйыл дзырдтой, уый æрмæст Ксуисы хъæуыл нæ фæуд кæны. Ахæм цаутæн фенæн ис æндæр ирон хъæутæй гуырдзиаг хъæутæм хæстæг чи уыд æмæ ныр чи федзæрæг ис, уыдоны дæр. Хъæуы цæрджытæ куынæ уа, уæддæр уый нæ территори æмæ уым брон калын æрдзы ныхмæ фыдракæнд у.

Фылдæр хатт хъæутæй фæлидзæг адæм хицауадæй фæдомынц, цæмæй сын сæндидзын кæной сæ хæдзæрттæ, фæндæгтæ, рауадзой сæм дон æмæ æндæр ахæмтæ. Уымæ гæсгæ мæм диссаг фæкаст ацы æрыгон нæлгоймæгтæ та дзуармæ бацæуæныл кæй тыхстысты арф æмæ лæмбынæгæй кæй дзырдтой фыдæлты æгъдау, дзуарттæ æмæ кувæндæтты тыххæй. Бæрæгæй сыл зынд, уыдонæн кувæндон се ‘мцахъхъæнтæй кæйдæртау æрмæст цæл, минас кæныны бынат кæй нæу. Сæ райгуырæн хъæуы цы Таранджелозы дзуар ис, уый та сын сæ фыдæлты ивгъуыд æмæ абоны царды фарны тæгтæ бæттæг кæй у.

Лæппутæ ацы фарсты фæдыл æрмæст мах редакцимæ не ‘рбацыдысты. Сæ хъаст бахастой æндæр æмæ æндæр инстанцитæм, фæлæ мадзæлттæ нырма ницы истæуы. Брон та бонæй-бонмæ фылдæр кæны . Ацы лæппутæ куыд зæгъынц, афтæмæй кæд брон  хъæумæ бацæуæнтæ æмæ комкоммæ та дзуары алфæмблай калд ма цæуа, уый тыххæй кæд финансон фæрæзтæ бахъæуа, уæд цæттæ сты баххуыс кæнынмæ, «Кувæндæттæ рагфыдæлтæй фæстæмæ сты табуйаг бынæттæ, алы нацийæн дæр.  Дзуары бонты руаджы-иу хъæуы цæрджытæ сæ рæстæг афтæ снывæзтой, цæмæй сæ куысты дæр æмæ царды дæр сæ зæрдæтæ рухс кæной. Уымæ гæсгæ курæг стæм, цæмæй нын баххуыс кæной ацы хъуыддаг кæмæ хауы, уыдон.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.